Дыккаг закъон 14:1—29

14  Сымах стут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фырттӕ+. Марды номыл уӕхи ма лыгтӕ кӕнут+ ӕмӕ уе ’рфгуытӕ ма дасут*+.  Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм+. Зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй Йегъовӕ сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+.  Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ӕппындӕр мацы хӕрут+.  Цӕрӕгойтӕй уӕ бон у хӕрын+ мӕнӕ адон: гал, фыс, сӕгъ,  саг, джейран, сӕгуыт+, дзӕбидыр*, антилопӕ, хъӕддаг фыс, сычъи,  стӕй, йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у ӕмӕ дзы зыхъхъыр кӕмӕн ис, сынӕр чи цӕгъды, уыцы цӕрӕгойты+. Адон уӕ бон у хӕрын.  Сынӕр чи цӕгъды кӕнӕ йӕ сӕфтӕг дих кӕмӕн у, зыхъхъыр дзы кӕмӕн ис, уыдонӕй уын хӕрӕн нӕй ӕрмӕстдӕр мӕнӕ ацы цӕрӕгойты: теуа+, тӕрхъус+ ӕмӕ хӕххон зыгъарӕг*+, уымӕн ӕмӕ сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ сӕ сӕфтӕг дих нӕу. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ.  Хӕрӕн уын нӕй хуы+ дӕр: йӕ сӕфтӕг дих у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Уый сымахӕн у чъизи цӕрӕгой. Сӕ дзидза сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕм ма ӕвналут+.  Дӕтты цы цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй уын хӕрӕн ис, ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны+. 10  Ленкгӕнӕн базыртӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны та ма хӕрут+. Уыдон сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ. 11  Сыгъдӕг мӕргътӕй уӕ бон хӕрын у кӕцыфӕнды дӕр. 12  Фӕлӕ мӕнӕ адон ма хӕрут: цӕргӕс, кӕсагхор хъӕрццыгъа, сау лӕгуынсӕр хъӕрццыгъа*+, 13  сырх цъиусуры, сау цъиусуры ӕмӕ ӕндӕр цъиусурты+ алы мыггӕгтӕ, 14  халоны+ алы мыггӕгтӕ, 15  страус+, уыг, денджызы уари ӕмӕ уарийы алы мыггӕгтӕ, 16  сидахъхъ, хъусджын уыг+ ӕмӕ доныхъаз, 17  пеликан+, лӕгуынсӕр хъӕрццыгъа ӕмӕ баклан*, 18  къадз, кӕсагласы алы мыггӕгтӕ, дыгоппон ӕмӕ хӕлынбыттыр+. 19  Ӕмӕ базырджын лыстӕг цӕрӕгойтӕ дӕр иууылдӕр сымахӕн сты чъизи цӕрӕгойтӕ+. Ма сӕ хӕрут. 20  Сыгъдӕг мӕргътӕй та уӕ бон у кӕцыфӕнды дӕр хӕрын. 21  Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут+. Уӕ бон ӕй у раттын, уӕ горӕты чи цӕры, уыцы ӕрцӕуӕггагӕн, ӕмӕ дзы уымӕн йӕ бон у хӕрын. Науӕд та йӕ ауӕй кӕнӕн ис ӕндӕрбӕстагӕн. Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+. 22  Алы аз дӕр уӕ зӕххӕй цы тыллӕг исат, уымӕй, чи уӕм ӕрзайа, уыцы хорӕй, хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй дӕттат дӕсӕм хай+. 23  Ӕмӕ-иу уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, уый цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынаты, хӕрут дӕсӕм хай уӕ хорӕй+, уӕ ног сӕнӕй, уӕ сойӕ, стӕй уе стурты ӕмӕ уӕ лыстӕг фосы фыццагзад фосы дзидза+, цӕмӕй ахуыр кӕнат алкӕддӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын+. 24  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзара, цӕмӕй йӕ ном уым уа+, уый дард куы уа ӕмӕ дӕ уырдӕм бирӕ цӕуын куы хъӕуа+, ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй раарфӕ кодта+, уый тыххӕй дӕ лӕвар дӕ бон афӕразын куы нӕ уа, 25  уӕд-иу ӕй ӕхцайыл баив. Де ’хца-иу нывӕр ӕхцадоны, демӕ-иу сӕ рахӕсс ӕмӕ-иу ацу, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ. 26  Уыцы ӕхцайӕ дӕ бон уыдзӕн, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый балхӕнын+: стуртӕ, фыстӕ, сӕгътӕ, сӕн, карз нозт+ – иудзырдӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр ӕрцагура, уый. Ӕмӕ-иу уым дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хӕр ӕмӕ цин кӕн+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр. 27  Рохуаты ма ныууадз, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левитты+ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн демӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ+. 28  Алы ӕртӕ азы фӕстӕ дӕр-иу ӕрбахӕсс, уыцы аз цы тыллӕг сисай, уымӕн йӕ дӕсӕм хай ӕнӕхъӕнӕй дӕр+ ӕмӕ-иу ӕй дӕ горӕты сӕвӕр. 29  Ӕмӕ, дӕ горӕты чи цӕры, уыцы левиттӕ+,– уыдонӕн демӕ нӕдӕр хай ис, нӕдӕр бынтӕ,– ӕрцӕуӕггӕгтӕ+, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ+ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ хӕрдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕфсӕст. Ӕмӕ дын уӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыдӕриддӕр аразай+, уымӕн арфӕ кӕндзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «уӕ ныхтӕ ма дасут».
Кӕнӕ «хъӕддаг сӕгъ».
Кӕс Лв 11:5, фип.
Уырыс. «гриф».
Доны маргъ, у стыр, йӕ къӕхтӕ сты бабызы къӕхты хуызӕн, цуан кӕны кӕсӕгтыл.