Дыккаг закъон 15:1—23

15  Алы ӕвдӕм азы кӕрон дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уыцы адӕймаджы йӕ хӕсӕй ссӕрибар кӕн.  Сӕрибар кӕнын хъӕудзӕн афтӕ+: ӕфстау чи радта, уый хъуамӕ йӕ хӕсӕй ссӕрибар кӕна, хӕс дзы чи райста, уыцы адӕймаджы. Уыцы адӕймагӕн кӕнӕ йе ’фсымӕрӕн хъуамӕ йӕ хӕс ма фидын кӕна+, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна Йегъовӕйы номыл+.  Ӕндӕрбӕстагӕн+ ис йӕ хӕс бафидын кӕнӕн. Фӕлӕ дӕ де ’фсымӕр цыфӕнды ма дара,– йӕ хӕсӕй йӕ ссӕрибар кӕн.  Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн+, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл+.  Фӕлӕ дын арфӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг куы ’ххӕст кӕнай+.  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕмӕ ды ӕфстау дӕтдзынӕ+ бирӕ адӕмтӕн, дӕхӕдӕг та ӕфстау никӕмӕй исдзынӕ. Дӕ дӕлбар уыдзысты бирӕ адӕмтӕ, ды та нӕ уыдзынӕ сӕ дӕлбар+.  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл, уӕ горӕттӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын*+.  Дӕ рӕдау къух ын байгом кӕн+ ӕмӕ йын ӕфстау ратт, цы хъуаг у, уый – цас ӕй хъӕуы, уыйбӕрц.  Кӕс, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы мӕнгард хъуыды ма фӕзына+, зӕгъгӕ, ӕрбахӕццӕ кӕны ӕвдӕм аз, сӕрибардзинады аз+, ӕмӕ цӕмӕй дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разынай+ ӕмӕ йӕ ӕнӕ ницӕмӕй ма арвитай. Уӕд уый дӕуӕй Йегъовӕйӕн рахъаст кӕндзӕн+, ӕмӕ дын уыцы ми нымад ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдыл+. 10  Цы йӕ хъӕуы, уый йын ӕнӕмӕнгӕй ратт+, ӕмӕ йын ӕй куы дӕттай, уӕд дӕм дӕ зӕрдӕйы ӕвгъау ма кӕсӕд. Уый тыххӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн дӕ алы хъуыддаджы дӕр, цыфӕнды ма аразай, уымӕн+. 11  Уӕ зӕххыл мӕгуыртӕ алкӕддӕр уыдзӕн+. Ӕмӕ дын афтӕ дӕр уый тыххӕй зӕгъын: „Дӕ зӕххыл тыхст ӕмӕ мӕгуыр чи у, уымӕн, де ’фсымӕрӕн, дӕ рӕдау къух байгом кӕн“+. 12  Де ’фсымӕр, ома дын дзуттаг йӕхи куы рауӕй кӕна, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг+, ӕмӕ дын ӕхсӕз азы куы балӕггад кӕна, уӕд ӕй хъуамӕ ӕвдӕм аз ссӕрибар кӕнай ӕмӕ йӕ ауадзай+. 13  Ӕмӕ йӕ куы ссӕрибар кӕнай ӕмӕ йӕ куы ауадзай, уӕд ӕй афтидкъухӕй ма арвит+. 14  Йемӕ йын ӕнӕмӕнг ратт дӕ дзугӕй исты, хор дӕ найгӕнӕн мусӕй, сой дӕ сойлӕмарӕнӕй ӕмӕ сӕн дӕ сӕндуцӕнӕй. Ратт ын, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыд раарфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ+. 15  Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ стӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ссӕрибар кодта+. Абон дын адӕттӕ дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхсын. 16  Фӕлӕ дын афтӕ куы зӕгъа: „Ӕз дӕуӕй нӕ ацӕудзынӕн!“ – дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр кӕй уарзы, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йын дӕумӕ цӕргӕйӕ уыди хорз+, 17  уӕд-иу райс туас, йӕ хъус ын дуарыл сӕвӕрын кӕн ӕмӕ йын ӕй уыцы туасӕй ахуынкъ кӕн, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм суыдзӕн дӕ цагъар+. Афтӕ-иу бакӕн дӕ цагъар-сылгоймагӕн дӕр. 18  Йе ссӕрибар кӕнын ӕмӕ дӕм йӕ ауадзын та зын ма кӕсӕд+, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсӕз азы мидӕг цы бакуыста, уымӕн йӕ аргъ у, ӕххуырст кусӕг цы бакуса, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр+. Ӕмӕ цыфӕнды ма арӕзтаис, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын арфӕ кодта+. 19  Де стуртӕ ӕмӕ дӕ лыстӕг фосы фыццагзад нӕл фосӕй алкӕцы дӕр хъуамӕ снывонд кӕнай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+. Фыццагзад галыл мацы кус ӕмӕ дӕ лыстӕг фосӕй фыццагзад фос ма ӕлвын+. 20  Уыцы фосы дзидза хӕрдзынӕ алы аз дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр. 21  Уыцы фос сахъат куы уой, исты хъӕндзинад сӕм куы уа – къуылых кӕнӕ куырм куы уой,– уӕд сӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ма ’рхӕсс+. 22  Сӕ дзидза сын-иу бахӕр дӕ горӕты. Хӕрӕн дзы ис, сыгъдӕг чи нӕу, уымӕн дӕр ӕмӕ, сыгъдӕг чи у, уымӕн дӕр+,– джейраны ӕмӕ саджы фыд куыд фӕхӕрынц, афтӕ+. 23  Ӕрмӕст сын сӕ туг ма хӕр+. Дон куыд акалынц, афтӕ йӕ зӕхмӕ акал+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «дӕ къух ма сӕхгӕн».