Дыккаг закъон 18:1—22
18 Сауджынтӕн, левиттӕн, Левийы ӕнӕхъӕн мыггагӕн, Израилимӕ нӕ уыдзӕн хай ӕмӕ бынтӕ+. Уыдон хъуамӕ хӕрой Йегъовӕйы хай – кӕй йын ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕ+.
2 Уӕдӕ Левийы мыггагӕн йе ’фсымӕрты ’хсӕн бынтӕ нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ у йӕ хай+, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ.
3 Адӕмӕй исчи нывондӕн гал кӕнӕ фыс куы хӕсса, уӕд мӕнӕ ай уыдзӕн сауджынты хай: нывондӕн йӕ уӕн, йе ’фсӕр ӕмӕ йӕ ахсӕн. Хъуамӕ сӕ ратта сауджынӕн.
4 Хъуамӕ йын раттай дӕ хоры фыццаг тыллӕг, дӕ ног сӕн ӕмӕ дӕ сой, стӕй дӕ дзуджы фыццаг къуымбил+.
5 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕппӕт мыггӕгтӕй уый равзӕрста, цӕмӕй алкӕддӕр лӕггад кӕна Йегъовӕйы номӕй,– йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр+.
6 Левит Израилы горӕттӕй искӕцыйы цасдӕр куы фӕцӕра ӕмӕ стӕй уырдыгӕй куы ацӕуа+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынатмӕ куы ’рбацӕуа+,
7 уӕд-иу лӕггад кӕнӕд йӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй, йе ’фсымӕртӕ, левиттӕ, уым Йегъовӕйы раз чи лӕууы, уыдон, куыд лӕггад кӕнынц, афтӕ+.
8 Йӕ фыдӕлты исбон куы ауӕй кӕна, уӕд дзы цы райса, уымӕй уӕлдай уымӕн дӕр хӕринагӕй йӕ хай хъуамӕ уа+, иннӕ левиттӕн сӕ хай цы у, уый.
9 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуай, уӕд, уым цӕрӕг адӕмтӕ цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл ма сахуыр у+.
10 Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта*+, дӕсны чи фӕрсы+, кӕлӕнтӕ чи кӕны+, нысӕнттӕ чи халы+,
11 хинтӕ чи кӕны+ ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы+, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры+ кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы+.
12 Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты, ӕмӕ уыцы адӕмты дӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы ӕлгъаг миты тыххӕй суры дӕ разӕй+.
13 Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз у ӕнаипп+.
14 Кӕй зӕххытӕ бацахсдзынӕ, уыцы адӕмтӕ хъусынц кӕлӕнгӕнджытӕм+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+. Фӕлӕ дӕу та дӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ уадзы афтӕ кӕнын+.
15 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын уӕхи ’хсӕнӕй, де ’фсымӕртӕй, ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусат+.
16 Дӕтгӕ та дын ӕй уый тыххӕй ракӕндзӕн, ӕмӕ Хоривы, уе ’ппӕт дӕр куы ӕрӕмбырд стут+, уыцы бон дӕхӕдӕг загътай дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, зӕгъгӕ мын мӕ Хуыцау Йегъовӕйы хъӕлӕс ногӕй мауал фехъусын кӕн ӕмӕ мын ацы пиллон арт мауал фенын кӕн, кӕннод амӕлдзынӕн+.
17 Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: „Цы загътой, уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд+.
18 Ӕз сын се ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ратдзынӕн дӕу хуызӕн пехуымпары+. Ӕмӕ йын йе ’взагыл сӕвӕрдзынӕн мӕ ныхӕстӕ+, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр зӕгъон, уый сын дзурдзӕн+.
19 Мӕ ныхӕстӕм, мӕ номӕй кӕй дзура, уыдонмӕ, чи нӕ хъуса, уыцы адӕймагӕй та ӕз мӕхӕдӕг дзуапп ӕрдомдзынӕн+.
20 Фӕлӕ искӕцы пехуымпар йӕ ныфс куы бахӕсса мӕ номӕй, ӕз ын цы нӕ бафӕдзӕхстон, уый дзурын+ кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын+, уӕд уыцы пехуымпар хъуамӕ амӕла+.
21 Дӕхинымӕр куы зӕгъай, Йегъовӕ кӕй нӕ загъта, уыцы ныхӕстӕ куыд базонӕм, зӕгъгӕ+,
22 уӕд уый базондзыстут афтӕ: пехуымпар Йегъовӕйы номӕй куы дзура ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куы нӕ сӕххӕст уой, мӕнг куы разыной, уӕд уыцы ныхӕстӕ Йегъовӕ нӕ загъта. Уыцы пехуымпар сӕ дзырдта, ӕгӕр ныфсхаст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ+. Ӕмӕ дзы ма тӕрс“+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «артыл чи ахизын кодта».