Дыккаг закъон 2:1—37

2  Уый фӕстӕ фӕзылдыстӕм ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыдыстӕм, Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕмӕ бирӕ рӕстӕг фӕрацу-бацу кодтам Сеиры хохы раз.  Ӕппынфӕстаг мын Йегъовӕ загъта:  „Ацы хохы раз бирӕ рӕстӕг фӕрацу-бацу кодтат+. Ныр фӕзилут цӕгатырдӕм.  Ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ: „Сымах ныр фӕцӕут уе ’фсымӕрты+, Исавы+ фыртты, арӕнты рӕзты, Сеиры+ чи цӕры, уыдоны рӕзты. Уыдон уӕ тӕрсдзысты+, фӕлӕ кӕсут,  семӕ ма схӕцут. Ӕз уын сӕ зӕххӕй къахы быны йас дӕр нӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Сеиры хох Исавӕн радтон+.  Ӕлхӕнгӕ сӕ цы хӕринаг бакӕнат, уый-иу хӕрут, ӕмӕ сӕ ӕхцайыл цы дон райсат, уый-иу нуазут+.  Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сымахӕн алы хъуыддаджы дӕр раарфӕ кодта+. Уый хорз зоны, ацы стыр ӕдзӕрӕг быдыры куыд рацу-бацу кодтат, уый. Цыппор+ азы дӕргъы Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уыди уемӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййӕфтат“+.  Уӕд мах дӕр не ’фсымӕрты, Исавы+ фыртты, Сеиры чи цӕры, уыдоны иувӕрсты ахызтыстӕм. Аравӕмӕ+, Елафмӕ ӕмӕ Ецион-Гавермӕ+ цы фӕндаг цӕуы, ууыл нӕ ацыдыстӕм. Уый фӕстӕ фӕзылдыстӕм ӕмӕ ацыдыстӕм, Моавы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл.  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Моавӕгты ма бахъыгдар, семӕ ма схӕц. Ӕз дын сӕ зӕххӕй ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ар+ радтон Лоты+ фырттӕн. 10  Раздӕр дзы цардысты емимтӕ+, тыхджын адӕм, уыдысты бирӕ ӕмӕ енакимты+ хуызӕн бӕрзонд. 11  Рефаимтӕ+ дӕр уыдысты енакимты+ хуызӕн, ӕмӕ сӕ моавӕгтӕ хуыдтой емимтӕ. 12  Сеиры та раздӕр цардысты хоррейтӕ+. Исавы+ фырттӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ фӕцагътой ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕрцардысты+. Израил дӕр хъуамӕ афтӕ бакӕна йӕ зӕххӕн, Йегъовӕ йын ӕнӕмӕнг кӕй ратдзӕн, уымӕн. 13  Ныр сыстут ӕмӕ ахизут Зареды дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ“. Ӕмӕ мах дӕр Зареды+ дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ ахызтыстӕм. 14  Кадес-Варнийӕ куы рацыдыстӕм, уыцы бонӕй, Зареды дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ куы ахызтыстӕм, уыцы бонмӕ рацыд ӕртын аст азы. Уӕдмӕ адӕмы ’хсӕн, хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр нал баззад, Йегъовӕ сын куыд расомы кодта, афтӕ+. 15  Йегъовӕ сыл йӕ къух+ ӕруагъта ӕмӕ сӕ ӕнцад нӕ уагъта, цалынмӕ сӕ адӕмы ’хсӕнӕй нӕ фесӕфта, цалынмӕ иууылдӕр нӕ амардысты, уӕдмӕ+. 16  Ӕмӕ адӕмы ’хсӕн, хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу дӕр куы нал баззад+, 17  уӕд мын Йегъовӕ загъта: 18  „Абон цӕудзынӕ Моавы зӕххыл, ома Ары+ рӕзты, 19  ӕмӕ хӕстӕг бацӕудзынӕ Аммоны фырттӕм. Ма сӕ бахъыгдар, семӕ ма схӕц. Аммоны фыртты зӕххӕй дын ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз Лоты фырттӕн радтон+. 20  Уыцы зӕхх ма хуыдтой рефаимты+ зӕхх дӕр. Раздӕр дзы цардысты рефаимтӕ, ӕмӕ сӕ аммонӕгтӕ хуыдтой замзумимтӕ. 21  Уыдон уыдысты тыхджын адӕм, уыдысты бирӕ ӕмӕ енакимтау+ бӕрзонд. Йегъовӕ сӕ ныццагъта+, цӕмӕй сын аммонӕгтӕ сӕ зӕххытӕ бацахстаиккой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардаиккой. 22  Афтӕ бакодта Исавы фыртты тыххӕй дӕр, Сеиры+ чи цӕры, уыдоны тыххӕй. Хоррейты+ ныццагъта, цӕмӕй сын Исавы фырттӕ сӕ зӕххытӕ бацахстаиккой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардаиккой, ӕмӕ дзы цӕрынц абоны онг дӕр. 23  Газӕйы+ онг цы хъӕутӕ ис, уым цӕрӕг аввейты+ та ныццагътой, Кафторӕй+ чи ’рбацыд, уыцы кафторимтӕ+, цӕмӕй сӕ бынаты ӕрцардаиккой. 24  Сыстут ӕмӕ Арноны+ дӕлвӕзы фаллаг фарсмӕ ахизут. Ӕз уын уӕ къухмӕ радтон Есевоны паддзахы, аморейаг Сигоны+. Уӕдӕ ацӕут, цӕмӕй йын йӕ зӕхх бацахсат, ӕмӕ йемӕ схӕцут. 25  Ацы бонӕй фӕстӕмӕ ӕз афтӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ, арвы бын цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр сымахӕй тӕрсдзысты, сӕ зӕрдӕты-иу стыр тас бацӕудзӕн, сымах тыххӕй-иу куы фехъусой, уӕд. Уӕ тӕссӕй-иу скатай уыдзысты ӕмӕ-иу арӕг сылгоймагау хъӕрздзысты“+. 26  Кедемофы+ ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ+, Есевоны паддзахмӕ, ахӕм ныхасимӕ*+: 27  „Бауадз нӕ дӕ зӕххыл ахизын. Мах ацӕудзыстӕм сӕйраг фӕндагыл. Нӕдӕр галиуырдӕм фӕзилдзыстӕм, нӕдӕр – рахизырдӕм+. 28  Цы хӕринаг нын рауӕй кӕнай, уый хӕрдзыстӕм, ӕмӕ нын ӕхцайыл цы дон раттай, уый нуаздзыстӕм. Ӕрмӕст нӕ дӕ зӕххыл ахизын бауадз+, 29  Исавы фырттӕ, Сеиры+ чи цӕры, уыдон, ӕмӕ нӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ+ куыд бауагътой, афтӕ. Мах хъуамӕ ахизӕм Иорданы фаллаг фарсмӕ ӕмӕ бацӕуӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ“+. 30  Фӕлӕ нӕ Сигон, Есевоны паддзах, нӕ бауагъта йӕ зӕххыл ахизын, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ йӕхи ныцъцъаммар кодта+, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта, цӕмӕй йӕ Хуыцау уӕ къухмӕ радтаид, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ’рцыд+. 31  Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: „Сигоны ӕмӕ дын йӕ зӕхх дӕттын дӕ къухмӕ. Уӕдӕ ацу ӕмӕ йын йӕ зӕхх бацахс“+. 32  Ӕмӕ Сигон йӕ адӕмимӕ нӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ Иаацӕйы+ немӕ куы схӕцыд, 33  уӕд ӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ къухмӕ радта+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр, йӕ фыртты дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ныддӕрӕн кодтам+. 34  Ӕмӕ йын йӕ горӕттӕ иууылдӕр бацахстам, ӕмӕ горӕттӕ дӕр ӕмӕ дзы чи уыди, уыдоны дӕр сӕфты хай бакодтам+: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй. Иу дӕр дзы нал ныууагътам. 35  Ӕрмӕст сын сӕ фос нӕхицӕн ратардтам ӕмӕ, цы горӕттӕ бацахстам, уым мулкӕй цы уыд, уый рахастам+. 36  Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ ӕмӕ, дӕлвӕзы чи ис, уыцы горӕтӕй суанг Галаады онг ахӕм горӕт нӕ уыд, нӕ бон басӕттын кӕй нӕ уыд+. Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын сӕ иууылдӕр нӕ къухмӕ радта. 37  Хӕстӕг нӕ бацыдыстут ӕрмӕстдӕр Аммоны+ фыртты зӕхмӕ, ома Иавокы+ дӕлвӕзмӕ, стӕй, хӕхбӕсты цы горӕттӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ нӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй тыххӕй бафӕдзӕхста, уыцы бынӕттӕй иумӕ дӕр.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «фарны ныхӕстимӕ».