Дыккаг закъон 20:1—20

20  Де знӕгтимӕ схӕцынмӕ куы рацӕуай ӕмӕ сын куы фенай сӕ бӕхтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ+, стӕй сӕ адӕм дӕуӕй фылдӕр кӕй сты, уый, уӕд-иу сӕ ма фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ+, Египеты зӕххӕй дӕ чи ракодта, уыцы Хуыцау, демӕ ис+.  Ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ куы уат, уӕд хъуамӕ сауджын ӕрбацӕуа ӕмӕ адӕмӕн зӕгъа+:  „Байхъус, Израил! Сымах абон хӕцдзыстут уе знӕгтимӕ. Уӕ зӕрдӕты тас ма бацӕуӕд+. Ма тӕрсут, фыртӕссӕй лидзынмӕ ма фӕут ӕмӕ сӕ разы фыртӕссӕй ма ризут+,  уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уемӕ, цӕмӕй уӕ сӕрыл уе знӕгтимӕ тохы бацӕуа ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕна“+.  Хицӕуттӕ+ дӕр хъуамӕ адӕмӕн зӕгъой: „Ног хӕдзар уӕ чи сарӕзта ӕмӕ дзы чи нӕма ӕрцард*? Уый фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд ын йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи ӕрцӕрдзӕн+.  Кӕнӕ сӕнӕфсирдон чи скодта ӕмӕ дзы тыллӕг чи нӕма систа? Уый дӕр фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд дзы ӕндӕр исчи сисдзӕн тыллӕг+.  Кӕнӕ чызгимӕ фидыд чи у ӕмӕ йӕ чи нӕма ракуырдта? Уый дӕр сӕхимӕ аздӕхӕд+, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд ӕй ӕндӕр исчи ракурдзӕн“.  Уый фӕстӕ ма хицӕуттӕ адӕмӕн ноджыдӕр хъуамӕ зӕгъой: „Йӕ ныфс уӕ чи нӕ хӕссы ӕмӕ уӕ тӕппуд чи у?+ Уый фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, цӕмӕй йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бауадза“+.  Хицӕуттӕ адӕмимӕ ныхас куы фӕуой, уӕд хъуамӕ адӕмы сӕргъы сӕвӕрой ӕфсады хистӕрты. 10  Горӕтмӕ хӕстӕг куы бацӕуай, цӕмӕй йӕ басӕттай, уӕд горӕты адӕмӕн фехъусын кӕн, сӕ бон кӕй у демӕ фидыды бадзырд скӕнын+. 11  Ӕмӕ дын разыйы дзуапп куы раттой ӕмӕ дын горӕты кулдуар куы бакӕной, уӕд дзы цы адӕм уа, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр дӕхицӕн ӕххуырстытӕ скӕн, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзысты+. 12  Фӕлӕ демӕ фидыды бадзырд куы не скӕной+ ӕмӕ демӕ куы схӕцой, ӕмӕ ды горӕтыл куы ’ртыхсай, 13  уӕд дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыцы горӕт дӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ дзы цы нӕлгоймӕгтӕ уа, уыдоны се ’ппӕты дӕр карды комӕй ныццӕгъд+. 14  Ӕрмӕст сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты+ дӕхицӕн ракӕн, ратӕр сын сӕ фос+ ӕмӕ, горӕты цыдӕриддӕр уа, уый дӕхицӕн рахӕсс+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ къухмӕ кӕй ратта, уыцы знӕгтӕй цы рахӕссай, уый-иу хӕр+. 15  Афтӕ-иу бакӕн, тынг дард дӕм чи у, уыцы горӕттӕй алкӕцыйӕн дӕр, уӕ алыварс цӕрӕг адӕмты чи не сты, уыдонӕн. 16  Ацы адӕмты горӕтты та, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы горӕтты, удӕгасӕй макӕй ныууадз+, 17  уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг сӕфты хай бакӕнай: хетты, аморейты, ханаайнӕгты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+,– дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, 18  цӕмӕй уӕ ма сахуыр кӕной, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз тӕригъӕды ма бафтат+. 19  Цы горӕт басӕттынмӕ хъавыс, ууыл куы ’ртыхсай ӕмӕ уый бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд-иу сын сӕ бӕлӕстӕ ма ныццӕгъд, фӕрӕт сӕм ма сис, уымӕн ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрдзынӕ. Ӕмӕ сӕ ма акал+. Быдыры цы бӕлас зайы, уый дын исты адӕймаг у, цӕмӕй йемӕ тох кӕнай? 20  Кӕд ӕй зоныс, ӕмӕ кӕцыдӕр бӕлӕстӕн сӕ дыргъ хӕрынӕн нӕ бӕззы, уӕд уыцы бӕлӕстӕ дӕ бон у акалын. Акал-иу сӕ ӕмӕ-иу дзы, демӕ чи хӕцы, уыцы горӕты алыварс къул сараз+ – хъуамӕ уыцы горӕт басӕттай.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «чи нӕма снывонд кодта».