Дыккаг закъон 25:1—19
25 Дыууӕ адӕймаджы куы фӕбыцӕу уой+ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕм куы бацӕуой+, уӕд сын хъуамӕ тӕрхонгӕнджытӕ сӕ хъуыддаг равзарой ӕмӕ, раст чи у, уый хъуамӕ схоной раст, фыдгӕнӕг чи у, уый та – фыдгӕнӕг+.
2 Ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй над куы ’мбӕла+, уӕд тӕрхонгӕнӕг зӕгъдзӕн, цӕмӕй фыдгӕнӕджы йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхуыссын кӕной ӕмӕ йын йӕ фыдракӕндмӕ гӕсгӕ цал цӕфы ӕмбӕлы, уал цӕфы+ йӕ уисӕй фӕкӕной.
3 Йӕ бон у, ӕмӕ йӕ цыппор цӕфы фӕкӕнын кӕна. Фӕлӕ сӕ уымӕй фылдӕр хъуамӕ ма фӕкӕна, цӕмӕй де ’фсымӕрыл ӕгӕр бирӕ цӕфтӕ ма ’рхауа+ ӕмӕ дӕ цӕсты ма фегад уа.
4 Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар+.
5 Ӕфсымӕртӕ иу ран куы цӕрой, ӕмӕ дзы иу куы амӕла ӕмӕ йын лӕппу куы нӕ баззайа, уӕд йӕ идӕдз усӕн ӕцӕгӕлонмӕ мой кӕнӕн нӕй. Хъуамӕ йӕм йӕ тиу бацӕуа ӕмӕ йӕ ракура ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕна, тиуыл цы хӕс ис, уый+.
6 Ӕмӕ сылгоймагӕн фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый хӕсдзӕн, чи амард, уыцы ӕфсымӕры ном+, цӕмӕй йӕ ном Израилы ’хсӕнӕй ма фесӕфа+.
7 Фӕлӕ ӕфсымӕры куы нӕ бафӕнда йе ’фсымӕры идӕдз усы ракурын, уӕд йе ’фсымӕры идӕдз ус хъуамӕ ацӕуа хистӕр лӕгтӕм+, горӕты кулдуары размӕ, ӕмӕ сын зӕгъа: „Мӕ сӕрыхицауы ’фсымӕры нӕ фӕнды, цӕмӕй йе ’фсымӕры ном Израилы ’хсӕн баззайа. Нӕ комы, цӕмӕй, тиуыл цы хӕс ис, уый сӕххӕст кӕна ӕмӕ мӕ ракура“.
8 Горӕты хистӕр лӕгтӕ нӕлгоймагмӕ фӕдзурдзысты ӕмӕ йемӕ аныхас кӕндзысты. Уый сӕ разы ӕрлӕудзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Нӕ йӕ курын, нӕ мӕ фӕнды“+.
9 Уӕд ӕм йе ’фсымӕры идӕдз ус хистӕр лӕгты раз бацӕудзӕн, йӕ дзабыр ын раласдзӕн+, йӕ цӕсгомыл ын бату кӕндзӕн+ ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Афтӕ бакӕнынц, йе ’фсымӕрӕн бындар рауадзын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн“+.
10 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронты Израилы хондзысты, йӕ дзабыр кӕмӕн раластой, уый хӕдзар, зӕгъгӕ.
11 Дыууӕ лӕджы куы хыл кӕной, ӕмӕ сӕ иуӕн йӕ ус куы бацӕуа, цӕмӕй йӕ лӕджы, чи йӕ нӕмы, уымӕй баиргъӕва, ӕмӕ йын йе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕм куы фӕлӕбура+,
12 уӕд сылгоймагӕн йӕ къух ахауын кӕнут. Ма йын фӕтӕригъӕд кӕнут+.
13 Дӕ хызыны дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ ма уӕд+: стыр ӕмӕ гыццыл.
14 Дӕ хӕдзары дӕр хъуамӕ ма уа дыууӕ хуызы барӕн мигӕнӕнтӕ+: стыр ӕмӕ гыццыл.
15 Дӕ уӕзбарӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа. Дӕ барӕн мигӕнӕн дӕр хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+.
16 Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, чидӕриддӕр сайы, уый ӕлгъаг у дӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+.
17 Рох уӕ ма уӕд, Египетӕй куы цыдыстут, уӕд уын амаликӕгтӕ куыд бакодтой, уый+.
18 Сымах уыдыстут фӕлмӕцыд, фӕллад, уыдон та уыл фӕстӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, фӕстейӕ чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой. Хуыцауӕй дӕр нӕ фӕтарстысты+.
19 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнцойдзинад куы ратта, куы уӕ фервӕзын кӕна, уӕ алыварс цы знӕгтӕ уа, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр+, уӕд-иу амаликӕгтӕн афтӕ бакӕнут, ӕмӕ зӕххы цъарыл сӕ кой дӕр куыд нал уа+. Ма уӕ ферох уӕд!