Дыккаг закъон 26:1—19

26  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, ӕппынфӕстаг уыцы зӕхмӕ куы бацӕуай, куы йӕ бацахсай ӕмӕ дзы куы ’рцӕрай+,  уӕд дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕххӕй фыццаг тыллӕг+ цӕмӕйдӕриддӕр сисай, уымӕй чыргъӕды сӕвӕр ӕмӕ ацу, дӕ Хуыцау Йегъовӕ цы бынат равзардзӕн, цӕмӕй йӕ ном уым уа, уыцы бынатмӕ+.  Ӕмӕ хъуамӕ бацӕуай, уыцы бонты сауджын+ чи уыдзӕн, уымӕ ӕмӕ йын зӕгъай: „Абон мӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн фӕнды зӕгъын, ӕз кӕй ӕрбацыдтӕн, Йегъовӕ нӕ фыдӕлтӕн цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, махӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ“+.  Сауджын дын дӕ чыргъӕд дӕ къухӕй райсдзӕн ӕмӕ йӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы нывондхӕссӕны раз ӕрӕвӕрдзӕн.  Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз хъуамӕ зӕгъай: „Мӕ фыд уыд сириаг+, йӕ цардӕн уыд тӕссаг. Уый ӕрцыд Египетмӕ+ ӕмӕ дзы ӕрцӕуӕггагӕй цард, ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты+. Фӕлӕ дзы уым рацыд тыхджын ӕмӕ стыр адӕм+.  Египетӕгтӕ нӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уагътой, хъизӕмарӕй нӕ мардтой, тыхкуыст кӕнын нын кодтой+.  Ӕмӕ уӕд нӕ фыдӕлты+ Хуыцау Йегъовӕмӕ сдзынӕзтам, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фехъуыста+ ӕмӕ ӕркаст, куыд хъизӕмар кӕнӕм, тухӕнӕй куыд мӕлӕм ӕмӕ цы ’фхӕрд ӕййафӕм, уымӕ+.  Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ Египетӕй ракодта йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы, тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты+ фӕрцы, нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгты+ фӕрцы.  Ӕмӕ нӕ ӕрбакодта ацы бынатмӕ ӕмӕ нын радта ацы зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. 10  Ӕмӕ мӕнӕ ныр ӕрбахастон, Йегъовӕ мын кӕй радта, уыцы зӕххӕй мӕ фыццаг тыллӕг“+. Ӕрӕвӕр дӕ чыргъӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн бакув+. 11  Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕн кӕй радта, ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтыл цин кӕн+ – цин кӕн дӕхӕдӕг дӕр, цин кӕнӕд левит дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр+. 12  Ӕртыккаг аз+, дӕсӕм хай+ фидыны аз, дӕ тыллӕгӕй дӕсӕм хай иууылдӕр куы рахицӕн кӕнай, уӕд ӕй ратт левиттӕн, сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн, цӕмӕй хӕрой дӕ горӕты ӕмӕ ӕфсӕст уой+. 13  Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз зӕгъ: „Табуйаг цы у, уымӕй мӕ хӕдзары ницы ныууагътон, радтон ӕй левиттӕн, ӕрцӕуӕггӕгтӕн, сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн+. Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый бакодтон. Ӕз дын дӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ ахызтӕн ӕмӕ сӕ нӕ ферох кодтон+. 14  Мардыл куы хъыг кодтон, уӕд, табуйаг цы у, уымӕй мӕ дзыхмӕ хӕсгӕ дӕр не скодтон, сыгъдӕг куы нӕ уыдтӕн, уӕд ӕм ӕвналгӕ дӕр нӕ бакодтон, ницы дзы радтон марды номыл дӕр. Ӕз хъуыстон мӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ. Куыддӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, афтӕ кодтон. 15  Курын дӕ, ӕркӕс дӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатӕй+, уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ раарфӕ кӕн дӕ адӕмӕн, Израилы адӕмӕн+, ӕмӕ, нӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтай ӕмӕ нын кӕй радтай, уыцы зӕххӕн+, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххӕн“+. 16  Абон уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕххӕст кӕнат ацы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ+. Уыдонмӕ гӕсгӕ архайут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+. 17  Сымах Йегъовӕйы сразӕнгард кодтат, цӕмӕй абон зӕгъа, йӕ фӕндӕгтыл ын куы цӕуат, йӕ уагӕвӕрдтӕ+, йӕ фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ+ куы ’ххӕст кӕнат ӕмӕ йӕм куы хъусат+, уӕд кӕй суыдзӕн уӕ Хуыцау. 18  Ӕмӕ Йегъовӕ та сымах сразӕнгард кодта, цӕмӕй абон зӕгъат, сымах кӕй уыдзыстут йӕ адӕм, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ+, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр кӕй ӕххӕст кӕндзыстут. 19  Уый уӕ сӕвӕрдзӕн, кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмтӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрзонддӕр+, ӕмӕ уыдзыстут йӕ кад, йӕ намыс ӕмӕ йӕ фидыц, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн уыдзыстут сыгъдӕг адӕм+, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».

Фиппаинӕгтӕ