Дыккаг закъон 28:1—68

28  Дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй дзурын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕнай+, уӕд дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕвӕрдзӕн, зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй бӕрзонддӕр+.  Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй хъусдзынӕ, уый тыххӕй дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ уыдзысты дӕ хай+.  Арфӕгонд уыдзынӕ горӕты+ ӕмӕ арфӕгонд уыдзынӕ быдыры+.  Арфӕгонд уыдзынӕ ӕмӕ дын уыдзӕн бирӕ зӕнӕг+, тыллӕджы бӕркад ӕмӕ бирӕ фос+ – бирӕ стурвос ӕмӕ бирӕ лыстӕг фос+.  Арфӕгонд уыдзӕн дӕ чыргъӕд+ ӕмӕ дӕ арынг+.  Арфӕгонд уыдзынӕ, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай ӕмӕ цыфӕнды ма аразай+.  Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уыцы знӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕ+. Дӕ ныхмӕ рацӕудзысты иу фӕндагыл, лидзгӕ та дӕ кӕндзысты авд фӕндагыл+.  Йегъовӕ ӕруадздзӕн арфӕдзинад дӕ хордӕттыл+ ӕмӕ дӕ алы хъуыддагыл дӕр+. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, кӕй дын дӕтты, уыцы зӕххыл.  Йегъовӕ сымахӕй йӕхицӕн скӕндзӕн сыгъдӕг адӕм+, куыддӕриддӕр уын расомы кодта, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ фидар хӕцдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл+ ӕмӕ цӕудзыстут йӕ фӕндӕгтыл. 10  Ӕмӕ зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдон иууылдӕр фендзысты, сымах Йегъовӕйы ном кӕй хӕссут+, ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты+. 11  Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕххыл+ уын Йегъовӕ ратдзӕн тынг бирӕ зӕнӕг+, тынг бирӕ фос ӕмӕ тыллӕджы бӕркад+. 12  Йегъовӕ уын байгом кӕндзӕн йӕ хъӕздыг къӕбиц – арв, цӕмӕй уӕ зӕххӕн ратта къӕвда йӕ афоныл+ ӕмӕ арфӕ кӕна уӕ алы хъуыддагӕн дӕр+. Ӕмӕ сымах ӕфстау дӕтдзыстут бирӕ адӕмтӕн, уӕхӕдӕг та ӕфстау никӕмӕй исдзыстут+. 13  Йегъовӕ уӕ сӕвӕрдзӕн разӕй, фӕстейӕ нӕ, фӕлӕ, ӕмӕ алкӕддӕр уыдзыстут уӕлейӕ+, бынӕй никуы уыдзыстут, уымӕн ӕмӕ хъусдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм+, абон уын кӕй тыххӕй дзурын, зӕгъгӕ сӕ ӕххӕст кӕнут ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайут, уыцы фӕдзӕхстытӕм. 14  Абон уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уымӕй мадӕр рахизырдӕм ахизут, мадӕр галиуырдӕм+, ма ацӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ӕмӕ сын ма кувут+. 15  Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы не ’ххӕст кӕнай, уӕд та дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ ӕмӕ дӕ баййафдзысты+. 16  Ӕлгъыст уыдзынӕ горӕты+ ӕмӕ ӕлгъыст уыдзынӕ быдыры+. 17  Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ чыргъӕд+ ӕмӕ дӕ арынг+. 18  Ӕлгъыст уыдзынӕ ӕмӕ дын нӕ уыдзӕн зӕнӕг+, тыллӕджы бӕркад+, стурвос ӕмӕ лыстӕг фос+. 19  Ӕлгъыст уыдзынӕ, кӕдӕмфӕнды ма цӕуай ӕмӕ цыфӕнды ма аразай+. 20  Цыфӕнды аразынвӕнд ма кӕнат, Йегъовӕ уӕ фӕкӕндзӕн ӕлгъыст+, тыхстдзинад+ ӕмӕ ӕфхӕрды хай+, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат ӕмӕ уайтагъд нӕ фесӕфат уӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй – кӕй мӕ ныууагътат, уый тыххӕй+. 21  Йегъовӕ уыл ӕфтаудзӕн фыднизтӕ, цалынмӕ уӕ нӕ фесафа, цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй+. 22  Йегъовӕ уыл бафтаудзӕн рӕуджыты низ+, тӕфсӕг, судзаг рыст, тӕвдниз ӕмӕ хъама+, судзгӕ дымгӕ+ уыл рауадздзӕн, уӕ зайӕгойтыл уын низ бафтаудзӕн+, ӕмӕ уӕ уыдӕттӕ нӕ ныууадздзысты, цалынмӕ иууылдӕр нӕ фесӕфат, уӕдмӕ. 23  Уӕ сӕрмӕ арв суыдзӕн ӕрхуыйы хуызӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та – ӕфсӕйнаджы хуызӕн+. 24  Йегъовӕ уӕ зӕххӕн къӕвдайы бӕсты ратдзӕн змис ӕмӕ рыг. Арвӕй уыл уардзысты, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ. 25  Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ де знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Сӕ ныхмӕ иу фӕндагыл рацӕудзынӕ, лидзгӕ та сӕ авд фӕндагыл кӕндзынӕ. Ӕмӕ зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон, цы бӕллӕхтӕ дӕ баййӕфта, уый тыххӕй куы базоной, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн+. 26  Ӕмӕ уӕ мӕрдтӕ уыдзысты хӕринаг ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн, ӕмӕ сӕ сурӕг нӕ уыдзӕн+. 27  Йегъовӕ уыл бафтаудзӕн, египетӕгтӕ кӕмӕй хъизӕмар кодтой, ахӕм сынчъытӕ+, бафтаудзӕн уыл геморрой, уыдырны*, уӕ буар рафаддзӕн, ӕмӕ уыцы низтӕй никуы сдзӕбӕх уыдзыстут. 28  Йегъовӕ уын уӕ зонд фӕцӕуын кӕндзӕн+, уӕ цӕстырухс уын баталынг кӕндзӕн+, уӕ зӕрдӕ уын сдзӕгъӕлтӕ кӕндзӕн+. 29  Ӕмӕ боныгон цӕудзыстут уӕ развӕндаг сгаргӕ, куырм адӕймаг саудалынджы йӕ развӕндаг сгаргӕ куыд цӕуа, афтӕ+, ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ никуы фӕрӕстмӕ уыдзысты. Алкӕддӕр уӕ кӕндзысты сайгӕ ӕмӕ стигъгӕ, ӕмӕ уын чи баххуыс кӕна, уый нӕ уыдзӕн+. 30  Чызгимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ йын тыхми бакӕндзысты+. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ цӕрдзынӕ+. Сӕнӕфсирдон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕ сисдзынӕ+. 31  Дӕ галы дын дӕ цӕстыты раз аргӕвддзысты, фӕлӕ йын йӕ дзидзайӕ нӕ бахӕрдзынӕ. Дӕ хӕрӕджы дын дӕ тӕккӕ разӕй адавдзысты, фӕлӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Дӕ фыс де знӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ дын чи баххуыс кӕна, уый нӕ уыдзӕн+. 32  Ды кӕсдзынӕ, дӕ фыртты ӕмӕ дын дӕ чызджыты ӕндӕр адӕмӕн куыд дӕттынц, уымӕ+, ӕмӕ сын уый фӕстӕ сӕ уындмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй бӕлдзынӕ, фӕлӕ дӕ бон ницы уыдзӕн бакӕнын+. 33  Дӕ зӕххӕй цы тыллӕг сисай ӕмӕ цӕуылдӕриддӕр фӕфыдӕбон кӕнай, уый хӕрдзысты, кӕй нӕ зоныс, уыцы адӕм+. Ӕдзухдӕр дӕ кӕндзысты сайгӕ ӕмӕ ӕфхӕргӕ+. 34  Ӕмӕ дӕ цӕстытӕ цытӕ уындзысты, уымӕй дӕ сӕрызонд фӕцӕудзӕн+. 35  Йегъовӕ дын дӕ дыууӕ уӕрагыл дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ къахыл дӕр бафтаудзӕн риссаг сынчъытӕ – бафтаудзӕн дыл сынчъытӕ сӕрӕй къӕхты бынмӕ,– ӕмӕ сӕ никуы сдзӕбӕх уыдзынӕ+. 36  Йегъовӕ дын дӕхи+ дӕр ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй сӕвӕрай, уыцы паддзахы+ дӕр акӕндзӕн, дӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтай ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ уым кувдзынӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. 37  Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ кӕмӕ акӕна, ӕппӕт уыцы адӕмтӕн диссагӕн дзуринаг суыдзынӕ+, суыдзынӕ сын ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг. 38  Дӕ зӕххы байтаудзынӕ бирӕ тауинаг, ӕмбырд та ӕркӕндзынӕ гыццыл+, уымӕн ӕмӕ сӕ мӕтыхтӕ бахӕрдзысты+. 39  Скӕндзынӕ сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сӕм зилдзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ ӕмӕ дзы ницы ӕрӕмбырд кӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ сӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахӕрдзысты+. 40  Дӕ зӕххыл алы ран дӕр уыдзӕн оливӕбӕлӕстӕ, фӕлӕ дӕ буар сойӕ нӕ сӕрддзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ оливӕтӕ ӕрызгъӕлдзысты+. 41  Райгуырдзӕн дын лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, фӕлӕ дӕхи нал уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ уацары акӕндзысты+. 42  Дӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр ӕмӕ дӕ зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, уыдон сасчытӕй нал зындзысты. 43  Уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг кӕндзӕн уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр фӕуыдзӕн, ды та кӕндзынӕ дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр+. 44  Уый дын дӕтдзӕн ӕфстау, ды та йын ӕфстау нӕ дӕтдзынӕ+. Уый слӕудзӕн разӕй, ды та – фӕстейӕ+. 45  Ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ+ уыл ӕрцӕудзысты, уӕ фӕдыл цӕудзысты ӕмӕ уӕ баййафдзысты, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ уын кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл фидар нӕ хӕцыдыстут+. 46  Ӕрцӕудзысты дӕхиуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл ӕмӕ уыдзысты нысан ӕмӕ зондзонӕн ӕнустӕм+, 47  уымӕн ӕмӕ дын ӕппӕт дӕр уыди парахатӕй, фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ+ ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кодтай+. 48  Ды лӕггад кӕндзынӕ де знӕгтӕн+, Йегъовӕ дын дӕ ныхмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыдонӕн, уыдзынӕ ӕххормаг+, мӕлдзынӕ дойныйӕ, уыдзынӕ бӕгънӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафдзынӕ. Дӕ бӕрзӕйыл дын сӕвӕрдзӕн ӕфсӕйнаг ӕфсондз ӕмӕ дыл уыдзӕн, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъда, уӕдмӕ+. 49  Йегъовӕ дын дӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн адӕмы дардӕй, зӕххы кӕронӕй+, уыдон дыл сӕхи ныццӕвдзысты, цӕргӕс йӕхи йӕ амӕттагыл куыд ныццӕвы, афтӕ+. Уыцы адӕмӕн се ’взаг не ’мбардзынӕ+, 50  уыдзысты знӕт+, нӕдӕр зӕрондыл бацауӕрддзысты, нӕдӕр ӕрыгонӕн фӕтӕригъӕд кӕндзысты+. 51  Уыдон уын хӕрдзысты уӕ фосы цот ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+. Нӕ уын ныууадздзысты нӕдӕр хор, нӕдӕр ног сӕн, нӕдӕр сой, нӕдӕр стурвосы цот ӕмӕ нӕдӕр лыстӕг фосы цот, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ+. 52  Ӕртыхсдзысты уын уе ’ппӕт горӕттыл дӕр, цалынмӕ уӕ зӕххыл, уӕ ныфс кӕуыл дарут, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар къултӕ иууылдӕр нӕ ныккӕлой. О, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл уын уе ’ппӕт горӕттыл дӕр ӕртыхсдзысты+. 53  Уе знаг уӕ алырдыгӕй афтӕ ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ ахӕм уынгӕджы уыдзыстут, ӕмӕ хӕрдзыстут уӕ зӕнӕджы, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты+, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй радта, уыдоны. 54  Уӕздан ӕмӕ буцахуыр нӕлгоймаг знаджы цӕстӕй кӕсдзӕн+ йе ’фсымӕрмӕ, йӕ уарзон усмӕ ӕмӕ ма йӕ фырттӕй чи баззайа, уыдонмӕ, 55  ӕмӕ дзы иуӕн дӕр нӕ дӕтдзӕн, кӕй хӕрдзӕн, уыцы фыртты фыдӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕппындӕр ницыуал баззайдзӕн, уе знаг уӕ уе ’ппӕт горӕтты дӕр кӕй ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ уынгӕджы кӕй уыдзыстут, уый тыххӕй+. 56  Уӕздан ӕмӕ буцахуыр сылгоймаг+, фырхъалӕй ӕмӕ фыруӕзданӕй йӕ къах зӕххыл дӕр чи никуы ӕрӕвӕрдта, уыцы сылгоймаг дӕр знаджы цӕстӕй кӕсдзӕн йӕ уарзон цардӕмбалмӕ, йӕ фыртмӕ ӕмӕ йӕ чызгмӕ, 57  уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй, кӕй ныййардта, уыцы сывӕллоны+ ӕмӕ ма уый фӕстӕ йӕ хуылфӕй цы рацӕудзӕн, уымӕй уыдонӕн исты ратта. Уый сӕ хӕрдзӕн сусӕгӕй, уымӕн ӕмӕ, цы бахӕра, уый йын нӕ уыдзӕн, уе знаг уӕ уе ’ппӕт горӕтты дӕр алырдыгӕй кӕй ӕрӕлхъивдзӕн ӕмӕ уынгӕджы кӕй уыдзыстут, уый тыххӕй+. 58  Ацы чиныджы фыст чи у, уыцы закъон иууылдӕр куы нӕ ӕххӕст кӕнай+ ӕмӕ ацы кадджын+ номӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы номӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ номӕй, куы нӕ тӕрсай, 59  уӕд дын Йегъовӕ дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр ноджы фыддӕр бӕллӕхтӕ бафтаудзӕн, бирӕ рӕстӕг чи ахӕсдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ+, стӕй фыднизтӕ, уӕззау низтӕ+. 60  Бафтаудзӕн дыл, Египеты цы низтӕ ис ӕмӕ кӕмӕй тарстӕ, уыдон иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нӕ фервӕздзынӕ+. 61  Йегъовӕ ма дыл бафтаудзӕн, ацы закъоны чиныджы фыст кӕй тыххӕй нӕй, ӕппӕт уыцы низтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ дӕр, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ. 62  Ӕмӕ уын кӕд, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+, уӕддӕр уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстат. 63  Йегъовӕ уын хорздзинӕдтӕ куы арӕзта ӕмӕ уӕ куы бирӕ кодта+, уӕд куыд цин кодта, афтӕ Йегъовӕ цин кӕндзӕн, куы уӕ сафа ӕмӕ уӕ куы цӕгъда, уӕд+. Ӕмӕ цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй бындзарӕй тынд ӕрцӕудзыстут+. 64  Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ныххӕлиу кӕндзӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, зӕххӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ+, ӕмӕ уым кувдзыстут ӕндӕр хуыцӕуттӕн, уӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. 65  Уыцы адӕмты ’хсӕн ӕнцой нӕ зондзыстут+, уӕ къӕхты фӕллад кӕм ссӕуа, ахӕм бынат уын дзы нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ уын уӕ зӕрдӕты тас бауадздзӕн+, уӕ цӕстырухс уын батайын кӕндзӕн+ ӕмӕ уын уӕ ныфс асӕтдзӕн. 66  Дӕ цард уыдзӕн тынг тӕссаг уавӕры ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй тӕрсдзынӕ, райсом ма удӕгас уыдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕр нӕ зондзынӕ+. 67  Райсомӕй-иу зӕгъдзынӕ: „Тӕхуды, ӕмӕ ныр изӕр куы уаид!“, изӕрӕй та-иу зӕгъдзынӕ: „Тӕхуды, ӕмӕ ныр бон куы уаид!“ – дӕ зӕрдӕйы цы тас уыдзӕн ӕмӕ дӕ цӕстытӕ цы уындзысты, уый тыххӕй+. 68  Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ наутыл арвитдзӕн, афтӕ уын кӕмӕй загътон, никуыуал ӕй фендзыстут+, зӕгъгӕ, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ уӕхи уӕй кӕндзыстут уе знӕгтӕн, цӕмӕй сын уат цагъар-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+, фӕлӕ уӕ ӕлхӕнӕг нӕ уыдзӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Буарыл чи фӕзыны, ахӕм низ.