Дыккаг закъон 29:1—29

29  Адон сты, Йегъовӕ Моисейы уылты Израилы фырттимӕ Моавы зӕххыл кӕй скодта, уыцы бадзырды ныхӕстӕ,– Хоривы хохыл семӕ кӕй скодта, уыцы бадзырдӕй уӕлдай+.  Моисей ӕрӕмбырд кодта Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Египеты зӕххыл фараонӕн, йе ’ппӕт лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ йӕ зӕххӕн цы бакодта, уыдон иууылдӕр+.  Уӕхи цӕстӕй федтат+ стыр фӕлварӕнтӕ, стыр нысӕнттӕ+ ӕмӕ диссӕгтӕ+.  Фӕлӕ уын Йегъовӕ абоны онг дӕр нӕ радта ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй ӕмбарат, ахӕм цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, ӕмӕ ахӕм хъустӕ, цӕмӕй хъусат+.  „Цыппор азы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы кодтон+, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ нӕ ихсыд, нӕ ихсыдысты уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл+.  Сымах нӕ хордтат дзул+, нӕ нызтат сӕн ӕмӕ карз нозт. Ӕз уыл тыхстӕн, цӕмӕй йӕ зыдтаиккат, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ“.  Ӕппынфӕстаг ӕрбацыдыстут ацы бынатмӕ, ӕмӕ Есевоны+ паддзах Сигон ӕмӕ Васаны паддзах Ог+ нӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй немӕ схӕцыдаиккой, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам+.  Уый фӕстӕ сын сӕ зӕхх бацахстам ӕмӕ йӕ бынӕн радтам Рувимы мыггагӕн, Гады мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн+.  Уӕдӕ ацы бадзырды ныхӕстыл фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй-иу уӕ алы хъуыддаг дӕр фӕрӕстмӕ уа+. 10  Абон сымах уе ’ппӕт дӕр лӕуут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз: уӕ мыггӕгты хистӕртӕ, уӕ хистӕр лӕгтӕ, уӕ хицӕуттӕ, Израилы иннӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+, 11  уӕ сывӕллӕттӕ, уӕ устытӕ+ ӕмӕ, уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ+ ис, уыдон – суг уын чи сӕтты, уыдон дӕр ӕмӕ уын дон чи хӕссы, уыдон дӕр+,– 12  цӕмӕй уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ скӕна, сомыйӕ кӕй фидар кӕны, уыцы бадзырд+. Уыцы бадзырд уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ аразы абон+, 13  цӕмӕй уӕ абон скӕна йӕ адӕм+ ӕмӕ уа уӕ Хуыцау+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+ куыд расомы кодта, афтӕ. 14  Сомыйӕ кӕй сфидар кодтон, уыцы бадзырд ӕрмӕст сымахимӕ нӕ аразын+, 15  фӕлӕ абон ам немӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз чи лӕууы, уыдонимӕ дӕр ӕмӕ фидӕны фӕлтӕртимӕ* дӕр+,– 16  уӕхӕдӕг ӕй хорз зонут, Египеты зӕххыл куыд цардыстӕм ӕмӕ иннӕ адӕмты ’хсӕнты куыд цыдыстӕм; ӕмӕ се ’хсӕнты куы фӕцӕйцыдыстут+, 17  уӕд сын федтат се ’лгъаг дзауматӕ ӕмӕ сӕ фаджыс-хуыцӕутты+, хъӕд ӕмӕ дурӕй, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй конд хуыцӕутты. 18  Уыцы бадзырд аразын, цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа ахӕм нӕлгоймаг, ахӕм сылгоймаг, ахӕм бинонтӕ кӕнӕ ахӕм мыггаг, абон йӕ зӕрдӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ кӕмӕн аздӕха ӕмӕ чи ацӕуа ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи кува+. Ахӕм адӕймаг у, маргджын ӕмӕ маст дыргъ кӕуыл ӕрзайы, ахӕм зайӕгойы уидаджы хуызӕн+. 19  Ацы сомыйы ныхӕстӕ чи фехъуса+ ӕмӕ йӕхицӕй чи ӕппӕла, зӕгъгӕ, ӕз мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн+, фӕлӕ уыдзынӕн ӕнӕмаст+,– уый фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр бабын кӕна, донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ хурсыгъд зӕхх дӕр куыд фесафай, афтӕ,– 20  уымӕн ныххатыр кӕнын Йегъовӕйы нӕ бафӕнддзӕн+, фӕлӕ уыцы адӕймагмӕ+ Йегъовӕйы маст ссудздзӕн+, цӕхӕртӕ калдзӕн+, ӕмӕ, ацы чиныджы+ цы ӕлгъыстытӕ фыст ис, уыдон ыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ ном зӕххы цъарӕй фесафдзӕн. 21  Йегъовӕ йӕ Израилы ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕнӕй дӕр рахицӕн кӕндзӕн+, цӕмӕй йӕ фыдбылызы хай бакӕна, ацы закъоны чиныджы цы бадзырд фыст ис ӕмӕ уыцы бадзырды цы ӕлгъыстытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. 22  Ӕмӕ фидӕны фӕлтӕр, уӕ фӕстӕ чи уа, уыцы фырттӕ, стӕй дард бӕстӕйӕ чи ’рбацӕуа, уыцы ӕндӕрбӕстаг, фендзысты, Йегъовӕ уыцы бӕстӕйыл цы бӕллӕхтӕ ӕмӕ низтӕ бафтыдта+, 23  сондон, цӕхх+ ӕмӕ йыл зынг+ куыд ныккалдта ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй ницы тауынц, ӕвзар ыл кӕй ницы суадзы ӕмӕ йыл кӕй ницы зайы, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл+, Адмӕ+ ӕмӕ Севоимыл+ йӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕх куы ныккалдта ӕмӕ сӕ куы фесӕфта, уӕд куыд уыди, афтӕ+. 24  Ӕмӕ уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр зӕгъдзысты: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?+ Йе стыр маст цӕмӕн ссыгъд?“ 25  Ӕмӕ сын уӕд зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ сӕ къух систой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы бадзырдыл+, Египеты зӕххӕй сӕ куы ракодта, уӕд семӕ цы бадзырд скодта, ууыл+. 26  Уыдон ацыдысты ӕмӕ куывтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты – куывтой, кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, афтӕ сын кӕмӕй нӕ загъта, кувут сын, зӕгъгӕ, уыдонӕн+. 27  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы маст ссыгъд уыцы бӕстӕмӕ ӕмӕ йӕ, ацы чиныджы фыст чи ис, ӕппӕт уыцы ӕлгъыстыты хай бакодта+. 28  Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ сӕ зӕххӕй бындзарӕй стыдта+ ӕмӕ сӕ ӕндӕр зӕхмӕ баппӕрста, ӕмӕ уым цӕрынц абоны онг дӕр“+. 29  Сусӕг+ цы у, уый у нӕ Хуыцау Йегъовӕйы бар, ӕргом+ цы у, уый та – мах бар ӕмӕ нӕ фыртты бар ӕнустӕм дӕр, цӕмӕй, ацы закъоны фыст цыдӕриддӕр ис, уый ӕххӕст кӕнӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ам немӕ чи нӕй, уыдонимӕ».