Дыккаг закъон 3:1—29

3  Уый фӕстӕ иннӕрдӕм фӕзылдыстӕм ӕмӕ ацыдыстӕм Васаны фӕндагыл. Уӕд Васаны паддзах Ог+ ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр нӕ ныхмӕ рацыдысты, цӕмӕй Едрейы+ немӕ схӕцыдаиккой.  Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ма дзы тӕрс+, дӕ къухмӕ дын ратдзынӕн йӕхи дӕр, йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕмӕ йӕ зӕхх дӕр. Ӕмӕ аморейты паддзах Сигонӕн+, Есевоны чи цард, уымӕн куыд бакодтай, афтӕ бакӕн амӕн дӕр“.  Гъемӕ нын нӕ Хуыцау Йегъовӕ Огы, Васаны паддзахы, ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр нӕ къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ цӕгъдын байдыдтам ӕмӕ дзы иу дӕр нал ныууагътам+.  Ӕмӕ йын йӕ горӕттӕ иууылдӕр бацахстам. Кӕй сын нӕ байстам, иу ахӕм горӕт дӕр дзы нал баззад,– ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты+, Арговы+ зӕхх ӕгасӕй дӕр, паддзах Огы паддзахад Васаны+.  Уыцы горӕттӕ иууылдӕр уыдысты фидаргонд горӕттӕ бӕрзонд къултимӕ, дуӕрттимӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтимӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы уыди бирӕ гыццыл горӕттӕ дӕр.  Фӕлӕ сӕ мах сӕфты хай бакодтам+, Есевоны паддзах Сигоны горӕттӕн куыд бакодтам, афтӕ. О, горӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ дзы чи уыди, уыдоны дӕр сӕфты хай бакодтам: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй+.  Сӕ фос та сын иууылдӕр ратардтам ӕмӕ, горӕтты мулкӕй цы уыд, уый нӕхицӕн рахастам+.  Афтӕмӕй дыууӕ аморейаг+ паддзахӕн Иорданы раз сӕ зӕххытӕ байстам: Арноны+ дӕлвӕзӕй Ермоны+ хохы онг,–  сидойнӕгтӕ Ермон хуыдтой Сирион+, аморейтӕ та йӕ хуыдтой Сенир+,– 10  уӕлвӕзы цы горӕттӕ уыд, уыдон иууылдӕр, Галаад ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ ӕгас Васан Салхӕ+ ӕмӕ Едрейы+ онг – ацы горӕттӕ уыдысты Васаны, паддзах Огы паддзахады. 11  Васаны паддзах Ог уыд рефаимтӕй+ фӕстаг. Йӕ мард цы сынтыл уыд ӕвӕрд, уый уыди ӕфсӕйнагӕй*. Уӕртӕ ныр дӕр Раввӕйы+, Аммоны фыртты горӕты, нӕй? Йӕ дӕргъ у фараст ӕлмӕрины*, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. 12  Мах бацахстам уыцы зӕххытӕ: Арноны дӕлвӕзы раз чи ис, уыцы Ароерӕй+ Галаады хӕхбӕсты ӕмбисы онг. Йӕ горӕттӕ та йын радтон Рувимы мыггагӕн ӕмӕ Гады+ мыггагӕн. 13  Галаады+ иннӕ хай та, стӕй ӕгас Васан+, Огы паддзахад, радтон Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн. Арговы+ зӕхх иууылдӕр, ома ӕгас Васан, рефаимты+ зӕхх нӕ хуыйны? 14  Иаир+, Манассийы фырт, бацахста Арговы+ зӕхх иууылдӕр, гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты+ арӕнты онг, ӕмӕ Васаны хъӕутӕ схуыдта йӕхи номӕй, Хаввоф-Иаир+, зӕгъгӕ. Абоны онг дӕр афтӕ хуыйнынц. 15  Махирӕн+ та радтон Галаад+. 16  Рувимы+ мыггагӕн ӕмӕ Гады мыггагӕн радтон зӕххытӕ Галаадӕй+ Арноны дӕлвӕзы онг,– дӕлвӕзӕн йӕ астӕу у сӕ арӕн, стӕй Иавокы онг,– уыцы дӕлвӕз у Аммоны фыртты арӕн+, 17  ӕмӕ Аравӕйы онг, ома Иорданы цӕугӕдоны ӕмӕ йӕ былгӕрӕтты онг, Киннерефӕй+ Аравӕйы денджызы онг, ома Цӕхджын денджызы+ онг,– уый ис Фасгӕйы+ хохрӕбын скӕсӕнырдыгӕй. 18  Уыцы рӕстӕг уын ӕз загътон: „Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын ацы зӕхх радта, цӕмӕй йӕ бацахсат. Ӕмӕ сымах, хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр, хъуамӕ уе ’фсымӕрты разӕй, Израилы фыртты разӕй, гӕрзифтонгӕй ахизат цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ+. 19  Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос та,– ӕз ӕй зонын, фос уӕм бирӕ ис,– уыдзысты, кӕй уын радтон, уыцы горӕтты+, 20  цалынмӕ Йегъовӕ уе ’фсымӕртӕн дӕр сымахау ӕнцойдзинад нӕ ратта ӕмӕ уыдон дӕр, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын Иорданы фаллаг фарс кӕй дӕтты, уыцы зӕхх нӕ бацахсой, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ алчидӕр раздӕхдзӕн йӕ зӕхмӕ, кӕй уын радтон, уыцы зӕхмӕ“+. 21  Уыцы рӕстӕг ӕз Йесойӕн+ загътон: „Дӕхи цӕстӕй федтай, нӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ Йегъовӕ раст афтӕ бакӕндзӕн, цы паддзахӕдтӕм цӕуыс, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 22  Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“+. 23  Уыцы рӕстӕг ӕз Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодтон: 24  „О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, ды дӕ цагъарӕн равдыстай дӕ кад+, дӕ хъомыс ӕмӕ дӕ цонджы стыр хъару+. Уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр кӕм ис ахӕм хуыцау, ды цы диссӕгтӕ, ды цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ аразыс, ахӕмтӕ чи аразы?+ 25  Курын дӕ, бар мын ратт, ӕмӕ иннӕ фарсмӕ ахизон ӕмӕ, Иорданы фаллаг фарс чи ис, уыцы хорз зӕхх фенон+ – уыцы рӕсугъд хӕхбӕстӕ+ ӕмӕ Ливан“+. 26  Фӕлӕ мӕм Йегъовӕ сымах тыххӕй+ нырма мӕсты уыд ӕмӕ мӕм хъусгӕ дӕр нӕ бакодта. Йегъовӕ мын загъта: „Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Уый кой мын макуыуал скӕн. 27  Ссу Фасгӕйы+ хохы сӕрмӕ ӕмӕ уырдыгӕй акӕс ныгуылӕнырдӕм, цӕгатырдӕм, хуссарырдӕм ӕмӕ скӕсӕнырдӕм ӕмӕ уыцы зӕххыл дӕ цӕст ахӕсс, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕ+. 28  Йесойы разамонӕгӕй сӕвӕр+, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн, уымӕн ӕмӕ фаллаг фарсмӕ ацы адӕмы разӕй уый ахиздзӕн+ ӕмӕ сӕ уый бакӕндзӕн, кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой“+. 29  Ӕппӕт уыцы рӕстӕг мах цардыстӕм Беф-Фегоры раз дӕлвӕзы+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Йӕ чырын уыд сау базальтӕй». Араббӕгтӕ ныр дӕр ма базальт ӕфсӕйнаг хонынц.
Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.