Дыккаг закъон 33:1—29

33  Моисей, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+, йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кодта+ Израилы фырттӕн ӕмӕ сын загъта ацы ныхӕстӕ.  Уый загъта:«Йегъовӕ ӕрцыд Синайӕ+,Сеирӕй сӕ йӕ рухсӕй ныррухс кодта+.Фараны хӕхбӕстӕй хурау ракаст+.Йемӕ уыдысты ӕнӕнымӕц рухс зӕдтӕ+,Йӕ рахиз фарс уыдысты ӕфсӕддонтӕ+.   Йӕ адӕм ын уыдысты зынаргъ+.Уыцы сыгъдӕг адӕм иууылдӕр сты дӕ къухы+,Уыдон сӕхи ӕруагътой дӕ къӕхты цур+Ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм хъуыстой+,–   Моисей нын радта закъон+,Уый у Иаковы ӕмбырды исбон+.   Адӕмы хистӕртӕ куы ӕрӕмбырд сты+Ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕ иууылдӕр+,Уӕд Хуыцау Йешуруны сси паддзах+.   Рувим цӕрӕд, макуы амӕлӕд+,Ӕмӕ йӕ адӕм макуы фӕкъаддӕр уӕнт»+.  Иудӕйӕн та афтӕ раарфӕ кодта+:«Фехъус, о Йегъовӕ, Иудӕйы хъӕлӕс+,Ӕрбакӕн ӕй йӕ адӕммӕ.Уый йӕхи къухтӕй тох кӕны, йӕхи цы у, уый сӕрыл.Ӕххуыс ын кӕн йе знӕгтимӕ тох кӕнынӕн»+.  Левийы тыххӕй та загъта+:«О Хуыцау, дӕ туммим ӕмӕ дӕ урим*+ сты, иузӕрдион дыл чи у, уыцы адӕймаджы+,Массӕйы кӕй фӕлвӕрдтай, уый+.Ды йемӕ быцӕу кодтай Меривӕйы дӕтты раз+.   Уый йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй загъта: „Нӕ сӕ зонын“.Суанг ӕм йе ’фсымӕртӕ дӕр нымады нӕ уыдысты+,Йӕ фыртты фарс дӕр нӕ уыд.Уый фидар хӕцыд дӕ ныхасыл+,Ӕххӕст кодта дӕ бадзырд+. 10  Уадз бацамонӕд Иаковӕн дӕ тӕрхӕттӕ+Ӕмӕ Израилӕн – дӕ закъон+.Уадз ӕмӕ дын судзӕд буд, йӕ тӕф дӕ фындзыл куыд ӕмбӕла+,Дӕ нывондхӕссӕныл дын хӕссӕд судзинаг нывӕндтӕ+. 11  О Йегъовӕ, раарфӕ кӕн йӕ хъаруйӕн+,Йӕ хъуыддӕгтӕ дын ӕхсызгон уӕнт+.Сӕ синтӕ ныппырх кӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн+Ӕмӕ дзы йе сӕфт чи уыны, уыцы адӕмӕн, сӕ къӕхтыл куыд нал слӕууой»+. 12  Вениаминӕй та загъта+:«Йегъовӕйӕн уарзон чи у, уый+ йӕм ӕдас бынат ссарӕд+,Ӕнӕхъӕн бон ӕй дарӕд йӕ дӕлбазыр+,Ӕмӕ йе уӕхсчыты ’хсӕн цӕрӕд»+. 13  Иосифӕй та загъта+:«Йегъовӕ йын йӕ зӕххӕн алкӕддӕр арфӕ кӕнӕд+,Дӕттӕд ын ӕртӕх – зынаргъ лӕвар арвӕй+,Ӕмӕ арф дӕттӕ зӕххы бынӕй+, 14  Хуры зынаргъ лӕвӕрттӕ+,Алы мӕйы хъӕздыг лӕвӕрттӕ, сӕ тыллӕг+, 15  Скӕсӕйнаг хӕхты хуыздӕр лӕвӕрттӕ+Ӕмӕ ӕнусон къуыбырты зынаргъ лӕвӕрттӕ, 16  Зӕххы зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркӕдтӕ+,Сындзы къутӕры Чи фӕзынд, уый хорзӕх ӕй уӕд+.Хайджын сӕ уӕд Иосиф+,Йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый+. 17  Уый у фыццагзад галау рӕсугъд+,Йӕ сыкъатӕ – хъӕддаг галы сыкъатӕ+.Уый йӕ сыкъатӕй адӕмтыл фӕстӕмӕ ахӕцдзӕн+,Се ’ппӕтыл дӕр ахӕцдзӕн суанг зӕххы кӕрӕттӕм.Йӕ сыкъатӕ – Ефремы дӕсгай минтӕ+,Йӕ сыкъатӕ – Манассийы минтӕ». 18  Завулонӕй та загъта+:«Цин кӕн, Завулон, куы рацӕуыс, уӕд+.Цин кӕн, Иссахар, дӕ цатырты+. 19  Уыдон адӕмты хондзысты хӕхтӕм.Уым хӕсдзысты рӕстдзинады нывӕндтӕ+.Уыдон сӕхи ӕфсаддзысты денджызты ӕнӕкӕрон хъӕздыгдзинӕдтӕй+Ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй». 20  Гадӕй та загъта+:«Арфӕгонд у, Гады арӕнтӕ чи уӕрӕхдӕр кӕны, уый+.Гад цӕрдзӕн, домбай куыд цӕры, афтӕ+,Ныппырх-иу кӕндзӕн йӕ амӕттагӕн йӕ къух, суанг йӕ тыл дӕр+. 21  Йӕхицӕн равзардзӕн хуыздӕр зӕхх+.Уым ис закъонӕвӕрӕджы хай+.Адӕмӕн сӕ хистӕртӕ ӕрӕмбырд уыдзысты,Ӕмӕ уый архайдзӕн Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ,Ӕххӕст ын кӕндзӕн йӕ тӕрхӕттӕ Израилы тыххӕй». 22  Данӕй та загъта+:«Дан у домбайы лӕппын+.Уый рагӕпп кӕндзӕн Васанӕй»+. 23  Неффалимӕй та загъта+:«Неффалим ӕфсӕст у Йегъовӕйы хорзӕхӕй,Дзаг у йӕ арфӕдзинӕдтӕй.Бацахс ныгуылӕн ӕмӕ хуссар»+. 24  Асирӕй та загъта+:«Асир у арфӕгонд, ис ын бирӕ фырттӕ+.Уадз ӕмӕ йе ’фсымӕрты хорзӕх ссарӕд+Ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сойы тулӕд+. 25  Ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы – дӕ кулдуары ӕхгӕнӕнтӕ+,Цӕрӕнбонты уыдзынӕ ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт. 26  Ничи у Йешуруны+ ӕцӕг Хуыцауы хуызӕн+.Арвыл дӕм фӕцӕуы ӕххуысмӕ+,Фӕцӕуы йе стыр кадимӕ ӕрвон мигътыл+. 27  Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн+,Уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй+.Де знӕгты дын дӕ разӕй фӕсурдзӕн+Ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“+ 28  Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй+,Иаковы суадон – хибарӕй+,Хор ӕмӕ ног сӕн кӕм ис, уыцы зӕххыл+.Ӕмӕ йын арв дӕтдзӕн ӕртӕх+. 29  Куыд амондджын дӕ, Израил!+Чи у дӕу хуызӕн?+Сымах стут, Йегъовӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн у, уыцы адӕм+,Уый у уе ’ххуысы уарт+Ӕмӕ уе ’мбисонды хъама+.Де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+,Ӕмӕ сын сӕ бӕрзӕндтыл балӕгӕрддзынӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рц 28:30, фип.