Дыккаг закъон 8:1—20

8  Абон уын кӕй дзурын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+, цӕмӕй цӕрат+, цӕмӕй сбирӕ уат ӕмӕ бацӕуат, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат+.  Уӕ зӕрдыл дарут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цыппор азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куыд кодта+, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кодтаид+, цӕмӕй уӕ бафӕлвӕрдтаид+ ӕмӕ базыдтаид, уӕ зӕрдӕты цы ис, уый+ – йӕ фӕдзӕхстытӕ йын ӕххӕст кӕндзыстут ӕви нӕ.  Уый уӕ ахуыр кодта сӕрныллӕгдзинадыл, афтӕ-иу бакодта, ӕмӕ-иу ӕххормаг+ дӕр уыдыстут, ӕмӕ уын лӕвӕрдта маннӕ+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтат, уыцы хӕринаг, цӕмӕй бамбӕрстаиккат: адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр+.  Цыппор азы дӕргъы уӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд ӕмӕ-иу уӕ къӕхтӕ никуы срӕсыдысты+.  Уӕ зӕрдӕ йӕ зоны: фыд йӕ фыртӕн зонд куыд амона, афтӕ уын уӕ Хуыцау Йегъовӕ амыдта зонд+.  Ӕххӕст кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ – йӕ фӕндӕгтыл цӕут+ ӕмӕ дзы тӕрсут+.  Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ кӕны хорз зӕхмӕ+. Уый у, дӕлвӕзты дон кӕм кӕлы, дӕлвӕзты+ ӕмӕ хӕхбӕсты суадӕттӕ ӕмӕ арф дӕттӕ кӕм ис,  мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сӕнӕфсир, легъуитӕ, гранаттӕ+, сой чи дӕтты, ахӕм оливӕбӕлӕстӕ кӕм зайы ӕмӕ мыд+ кӕм ис, ахӕм зӕхх.  Уыцы зӕххыл къӕбӕрцух нӕ уыдзыстут, ницы хъуаг ӕййафдзыстут. Уым дурты ис ӕфсӕйнаг ӕмӕ уым хӕхты къахдзыстут ӕрхуы. 10  Ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай+, уӕд-иу дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн раарфӕ кӕн+, кӕй дын радта, уыцы хорз зӕххы тыххӕй+. 11  Кӕс-иу, ма-иу ферох кӕн+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, нал ӕххӕст кӕныс+. 12  Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай, хорз хӕдзӕрттӕ куы саразай ӕмӕ дзы куы цӕрай+, 13  де стурвос ӕмӕ дӕ лыстӕг фос куы сбирӕ уой, ӕвзист ӕмӕ дӕм сызгъӕрин бирӕ куы уа ӕмӕ дӕ рӕбынтӕ дзаг куы уой, 14  уӕд дӕ зӕрдӕ схъал уыдзӕн+ ӕмӕ ферох кӕндзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, Египеты зӕххӕй, цагъар кӕм уыдтӕ, уырдыгӕй* дӕ чи ракодта, уый+. 15  Кодта дӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл+ – маргджын кӕлмытӕ+ ӕмӕ скорпионтӕ кӕм ис, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл. Фидар къӕдзӕхӕй* дын дон дӕр рауагъта+. 16  Ӕдзӕрӕг быдыры дын лӕвӕрдта маннӕ+, дӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хӕринаг, цӕмӕй дӕ сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр кӕна+ ӕмӕ дӕ бафӕлвара, цӕмӕй дын сомбон хорз уа+. 17  Ӕмӕ йӕ куы ферох кӕнай, уӕд ахъуыды кӕндзынӕ: „Мӕхи хъарутӕй самал кодтон ацы исбон, мӕхи къухты фӕллой у“+. 18  Дӕ зӕрдыл дар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ дын уый дӕтты хъарутӕ исбон амал кӕнынӕн+. Уый абоны онг дӕр ӕххӕст кӕны, дӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+. 19  Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы куы ферох кӕнат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, куы сын куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат, уӕд та уын зӕгъын: сымах фесӕфдзыстут+. 20  Йегъовӕ уын уӕ разӕй кӕй суры ӕмӕ кӕй цӕгъды, уыцы адӕмтау фесӕфдзыстут, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстат уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».
Комк. «ӕхсондур къӕдзӕхӕй».