Дыккаг закъон 9:1—29

9  Байхъус, Израил, абон ды хизыс Иорданы+ фаллаг фарсмӕ, цӕмӕй бацӕуай, дӕуӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уыцы адӕмты зӕххытӕм ӕмӕ сӕ бацахсай+. Сӕ горӕттӕ сты стыр, сӕ фидаргонд къултӕ ӕххӕссынц суанг арвы онг+.  Уыцы адӕм сты енакимтӕ+, тыхджын ӕмӕ бӕрзонд адӕм. Дӕхӕдӕг дӕр ӕй зоныс ӕмӕ йӕ хъусгӕ дӕр фӕкодтай, афтӕ сӕ кӕй дзурынц: „Енакы фыртты ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн?“  Ды йӕ зоныс, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй кӕй цӕуы+. Уый у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн+ ӕмӕ сӕ дӕ цӕстыты раз басӕтдзӕн. Сӕ зӕххытӕ сын бацахсдзынӕ ӕмӕ сӕ тагъд фесафдзынӕ, Йегъовӕ дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын сӕ дӕ разӕй куы фӕсура, уӕд-иу афтӕ ма ахъуыды кӕн: „Мӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй мӕ ӕрбакодта Йегъовӕ ацы зӕхх бацахсынмӕ“+. Йегъовӕ ацы адӕмты сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй суры дӕ разӕй+.  Сӕ зӕхх бацахсынмӕ сын уый тыххӕй нӕ цӕуыс, ӕмӕ раст+ хъуыддӕгтӕ кӕныс кӕнӕ рӕстзӕрдӕ+ дӕ. Уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ разӕй суры сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй+, стӕй цӕмӕй сӕххӕст кӕна, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+, цӕй тыххӕй расомы кодта, уый.  Зон ӕй: дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ацы хорз зӕхх дӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй нӕ дӕтты, уымӕн ӕмӕ сымах стут ӕнӕсӕттон адӕм+.  Дӕ зӕрдыл дар, рох дӕ ма уӕд, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтай, уый+. Египеты зӕххӕй цы бон рацыдыстут, уыцы бонӕй, ардӕм куы ӕрбахӕццӕ стут, уыцы бонмӕ сымах цыдыстут Йегъовӕйы ныхмӕ+.  Суанг Хоривы дӕр Йегъовӕйы смӕсты кодтат, ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы маст афтӕ ссыгъд, ӕмӕ уӕ хъавыд фесафынмӕ+.  Хохмӕ къӕйдуртӕ+ райсынмӕ куы ссыдтӕн, Йегъовӕ уемӕ кӕй скодта, уыцы бадзырды къӕйдуртӕ+,– хохыл фӕдӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+, ӕмӕ уыцы рӕстӕг мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон ӕмӕ доны хъӕстӕ дӕр нӕ фӕдӕн,– 10  уӕд мын Йегъовӕ радта дыууӕ къӕйдуры – уыцы къӕйдуртыл фыст уыди Хуыцауы къухӕй*+. Фыст сыл уыд, уе ’ппӕт дӕр хохы раз куы ӕрӕмбырд стут, уыцы бон уын Йегъовӕ хохыл арты астӕуӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр+. 11  Цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕстӕ мын Йегъовӕ радта дыууӕ къӕйдуры, бадзырды къӕйдуртӕ+, 12  ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: „Тагъддӕр дӕлӕмӕ ныххиз. Дӕ адӕм, Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм, сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты+. Цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл сты! Сӕхицӕн гуымиры скодтой“+. 13  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: „Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй+. 14  Бауадз мӕ, ӕз сӕ ныццӕгъдон+ ӕмӕ сын сӕ ном зӕххы цъарӕй* фесафон+ ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон адонӕй тыхджындӕр ӕмӕ стырдӕр адӕм“+. 15  Уӕд ӕз дӕр хохӕй ӕрхызтӕн,– хох та кодта судзгӕ+,– ӕмӕ мӕ къухты уыди бадзырды дыууӕ къӕйдуры+. 16  Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: сымах Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцауы раз, сарӕзтат тӕригъӕд! Уӕхицӕн скодтат сызгъӕрин род+. Йегъовӕ уын цы фӕндагыл бафӕдзӕхста цӕуын, уымӕй куыд тагъд адзӕгъӕл стут!+ 17  Уӕд ӕз уыцы дыууӕ къӕйдуры райстон ӕмӕ сӕ зӕххыл ныццавтон, уӕ цӕстыты раз сӕ ныппырх кодтон+. 18  Ӕмӕ та Йегъовӕйы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн, ӕмӕ та афтӕ уыдтӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы. Уыцы рӕстӕг мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон ӕмӕ доны хъӕстӕ дӕр нӕ фӕдӕн+, цы тӕригъӕд ракодтат, уый тыххӕй – Йегъовӕйы цӕсты сарӕзтат фыддзинад ӕмӕ йӕ бафхӕрдтат+. 19  Ӕз тарстӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы маст афтӕ ссыгъд, ӕмӕ уӕ хъавыди фесафынмӕ+. Фӕлӕ та мӕм Йегъовӕ ацы хатт дӕр байхъуыста+. 20  Йегъовӕ тынг смӕсты Ааронмӕ дӕр ӕмӕ йӕ хъавыди фесафынмӕ+, фӕлӕ йын ӕз Аароны тыххӕй дӕр ныллӕгъстӕ кодтон+. 21  Ӕз райстон, кӕй сарӕзтат ӕмӕ тӕригъӕды кӕй тыххӕй бафтыдыстут, уыцы род+ ӕмӕ йӕ басыгътон, стӕй йӕ лыстӕг мур ныккодтон, рыг дзы рауайын кодтон. Уый фӕстӕ уыцы рыг ныккалдтон, хохӕй чи калд, уыцы цӕугӕдоны+. 22  Йегъовӕйы мӕсты кодтат+ Таверӕйы+ дӕр, Массӕйы+ дӕр ӕмӕ Киброт-Гаттаавӕйы+ дӕр. 23  Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ Кадес-Варнийӕ+ куы арвыста ӕмӕ уын куы загъта, ацӕут ӕмӕ уын кӕй дӕттын, уыцы зӕхх бацахсут, зӕгъгӕ, уӕд сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+, нӕ йыл баууӕндыдыстут+ ӕмӕ йӕм нӕ байхъуыстат+. 24  Куы уӕ базыдтон, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сымах цӕут Йегъовӕйы ныхмӕ+. 25  Гъемӕ Йегъовӕйы раз дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы афтӕ уыдтӕн+. Афтӕ та уымӕн бакодтон, ӕмӕ Йегъовӕ сымахӕй загъта, зӕгъгӕ сӕ фесафдзынӕн+. 26  Ӕз Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон+: „О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, дӕ адӕмы, дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕмы, ма фесаф+. Ды сӕ фервӕзын кодтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысы фӕрцы, Египетӕй+ сӕ ракодтай дӕ фидар къухӕй+. 27  Ӕрхъуыды кӕн дӕ лӕггадгӕнджыты Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы+. Ацы адӕмӕн сӕ хивӕнддзинад, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ, цы тӕригъӕд сарӕзтой, уый дӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг ма ис+, 28  цӕмӕй нӕ, цы зӕххӕй нӕ ракодтай, уыцы зӕххы+ цӕрджытӕ афтӕ ма зӕгъой: „Йегъовӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕцагъта, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕ бон не сси бакӕнын, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ, стӕй сӕ йе сӕфт уыдта“+. 29  Уыдон уӕддӕр дӕ адӕм сты, дӕхи кӕй бакодтай+, уыцы адӕм, ӕмӕ сӕ ды ракодтай де стыр тыхӕй ӕмӕ дӕ тыхджын цонгӕй“+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнгуылдзӕй».
Комк. «арвы бынӕй».