Ездрӕ 10:1—44

10  Ездрӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары раз+ зӕххыл куы ныддӕлгом+ ӕмӕ кӕугӕйӕ куы куывта+ ӕмӕ Хуыцауӕн уыцы тӕригъӕдты тыххӕй куы дзырдта+, уӕд тынг бирӕ израилӕгтӕ – нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ – йӕ разы ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ адӕм тынг куыдтой.  Уӕд Еламы фырттӕй+ Йехиилы фырт+ Шехани Ездрӕйӕн загъта: «Мах нӕ Хуыцауыл гадзрахатӕй рацыдыстӕм – нӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй нӕхицӕн устытӕ ӕрхастам+. Фӕлӕ уӕддӕр Израилӕн ныфс ис+.  Гъемӕ уӕдӕ нӕ Хуыцауимӕ бадзырд скӕнӕм+ ӕмӕ нӕ устыты ӕмӕ нын уыдонӕй цы сывӕллӕттӕ райгуырд, уыдоны се ’ппӕты дӕр арвитӕм+, Йегъовӕ куыд зӕгъы ӕмӕ, нӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ+ тас кӕй уадзынц+, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕ, цӕмӕй алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ уа+.  Сыст, уымӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг ды хъуамӕ дӕхимӕ райсай, ӕмӕ мах дӕр демӕ уыдзыстӕм. Фидар у ӕмӕ архай».  Уӕд Ездрӕ сыстад ӕмӕ сауджынты хистӕртӕн, левиттӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй расомы кӕной+, афтӕ кӕй бакӕндзысты. Ӕмӕ уыдон дӕр расомы кодтой.  Стӕй Ездрӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары разӕй Елиашивы фырт Йегъохананы хӕрӕндонмӕ+ ацыд. Фӕлӕ уырдӕм куы бацыд, уӕд нӕдӕр къӕбӕр бахордта+, нӕдӕр дон банызта, уымӕн ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы адӕм Хуыцауыл гадзрахатӕй кӕй рацыдысты, ууыл маст кодта+.  Уый фӕстӕ Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, уацарӕй чи ӕрыздӕхт+, уыдон се ’ппӕт дӕр Иерусалимы ӕрӕмбырд уӕнт,  кънйӕзтӕ+ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ куыд загътой, афтӕ ӕртӕ боны дӕргъы чи не ’рбацӕуа+, уымӕн та йӕ исбон иууылдӕр байсдзысты+, йӕхи та йын уацарӕй ӕрыздӕхӕг адӕмы ’хсӕнӕй фӕсурдзысты+.  Гъемӕ ӕртӕ бонмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины мыггаджы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр Иерусалимы ӕрӕмбырд сты. Уый уыд фарӕстӕм+ мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууынӕм бон. Адӕм иууылдӕр ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары раз кӕрты бадтысты ӕмӕ зыр-зыр кодтой фыртӕссӕй, стӕй къӕвда кӕй уарыд, уый тыххӕй дӕр+. 10  Уӕд сауджын Ездрӕ сыстад ӕмӕ сын загъта: «Ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ кӕй ӕрхастат+, уымӕй сымах Хуыцауыл гадзрахатӕй рацыдыстут ӕмӕ ма Израилы тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдтат+. 11  Ӕмӕ ныр уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы раз уӕ тӕригъӕдтыл басӕттут+ ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый саразут+ – фӕхицӕн ут уӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй цы устытӕ ӕрхастат, уыдонӕй»+. 12  Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр хъӕрӕй загътой: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ хъуамӕ бакӕнӕм+. 13  Фӕлӕ адӕм бирӕ сты, ныртӕккӕ та къӕвдаджын рӕстӕг у, ӕмӕ ӕддейӕ лӕууӕн нӕй. Стӕй хъуыддаг алыг кӕнынӕн иу ӕмӕ дыууӕ боны нӕ бахъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ ацы хъуыддаджы тынг ӕгоммӕгӕс разындыстӕм. 14  Гъемӕ дӕ курӕг стӕм, бар ратт, цӕмӕй нӕ кънйӕзтӕ+ ӕппӕт адӕмы номӕй архайой. Нӕ горӕтты ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ чи ӕрхаста, уыдонӕй-иу алчидӕр нысангонд рӕстӕджы йӕ горӕты хистӕр лӕгтимӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытимӕ ӕрбацӕуӕд, цалынмӕ ацы хъуыддаг нӕ ахицӕн уа ӕмӕ Хуыцауы судзгӕ маст не ’рсабыр кӕнӕм, уӕдмӕ». 15  Фӕлӕ Асаилы фырт Ионафан ӕмӕ Тиквӕйы фырт Иахзей уыцы фӕндыл не сразы сты+, ӕмӕ сӕм левиттӕ Мешуллам ӕмӕ Шавфай+ дӕр ӕрбаиу сты. 16  Уацарӕй чи ӕрыздӕхт+, уыдон та раст афтӕ бакодтой. Дӕсӕм мӕйы+ фыццаг бон сауджын Ездрӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ хицӕнӕй+ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хъуыддаг ӕвзарын райдыдтой+. Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй алчидӕр архайдта йӕ хӕдзарвӕндаджы номӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нымад уыдысты номгай. 17  Фыццаг мӕйы фыццаг бонмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй+ устытӕ чи ӕрхаста, уыцы нӕлгоймӕгтӕй алкӕй хъуыддаг дӕр равзӕрстой. 18  Ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сауджынты фырттӕй+ дӕр чидӕртӕ сӕхицӕн ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ ӕрхастой: Иоседекы фырт+ Йесойы фырттӕй+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕй – Маасейӕ, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедали. 19  Фӕлӕ сӕ къух радтой, афтӕмӕй расомы кодтой, сӕ устыты кӕй арвитдзысты ӕмӕ, аххосджын кӕй сты+, уый тыххӕй сӕ дзугӕй фыр+ нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты. 20  Иммеры фырттӕй+ – Анани ӕмӕ Зевади; 21  Харимы фырттӕй+ – Маасейӕ, Илийа, Шемайӕ, Йехиил ӕмӕ Уззи; 22  Пашхуры фырттӕй+ – Елиоенай, Маасейӕ, Измаил, Нафанаил, Иозавад ӕмӕ Елеасӕ. 23  Левиттӕй – Иозавад, Шимей, Келай, ома Клитӕ, Петахи, Иудӕ ӕмӕ Елиезер. 24  Зарӕггӕнджытӕй – Елиашив. Дуаргӕстӕй – Шаллум, Телем ӕмӕ Ури. 25  Иннӕ израилӕгтӕй: Парошы фырттӕй+ – Рамайӕ, Иззийӕ, Малхи, Миамин, Елеазар, Малхи ӕмӕ Ванейӕ; 26  Еламы фырттӕй+ – Матфани, Захари, Йехиил+, Авди, Йеремоф ӕмӕ Илийа; 27  Заффуйы фырттӕй+ – Елиоенай, Елиашив, Матфани, Йеремоф, Завад ӕмӕ Азисӕ; 28  Бевайы фырттӕй+ – Йегъоханан, Ананийӕ, Забвай ӕмӕ Афлай; 29  Ванийы фырттӕй – Мешуллам, Маллух, Адай, Иашув, Шеал ӕмӕ Йеремоф; 30  Пахаф-Моавы фырттӕй+ – Аднӕ, Хелал, Ванейӕ, Маасейӕ, Матфани, Веселеил, Биннуй ӕмӕ Манасси; 31  Харимы фырттӕй+ – Елиезер, Ишшийӕ, Малхи+, Шемайӕ, Симеон, 32  Вениамин, Маллух ӕмӕ Шемари; 33  Хашумы фырттӕй+ – Мафнай, Мафафӕ, Завад, Елифелет, Йеремай, Манасси ӕмӕ Шимей; 34  Ванийы фырттӕй – Маадай, Амрам, Уел, 35  Ванейӕ, Бидийӕ, Келуги, 36  Ванийӕ, Меремоф, Елиашив, 37  Матфани, Мафнай ӕмӕ Иаасай; 38  Биннуйы фырттӕй – Шимей, 39  Шелеми, Нафан, Адай, 40  Махнадбай, Шашай, Шарай, 41  Азариил, Шелеми, Шемари, 42  Шаллум, Амари ӕмӕ Иосиф; 43  Невойы фырттӕй – Йеиел, Маттифи, Завад, Зевинӕ, Иаддай, Иоил ӕмӕ Ванейӕ. 44  Адон се ’ппӕт дӕр ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ ӕрхастой. Ӕмӕ сӕ устыты дӕр ӕмӕ сӕ фыртты дӕр арвыстой+.

Фиппаинӕгтӕ