Ездрӕ 2:1—70
2 Мӕнӕ адон сты дӕлбар бӕстӕйы*+ цӕрджытӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор Вавилонмӕ уацары+ кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕдӕр Иерусалиммӕ ӕмӕ Иудӕйы+ зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт+, уыдон. Алчидӕр сӕ ӕрыздӕхт йӕхи горӕтмӕ.
2 Уыдон ӕрцыдысты Зоровавел+, Йесо+, Нееми, Серайӕ+, Реелайӕ, Мардохей, Билшан, Мисфар, Бигвай, Рехум ӕмӕ Ваанӕимӕ.
Израилы нӕлгоймӕгтӕ нымадӕй уыдысты:
3 Парошы фырттӕ+ – дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ,
4 Сафатийы фырттӕ+ – ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ,
5 Арахы фырттӕ+ – авдсӕдӕ ӕвдай фондз,
6 Пахаф-Моавы фырттӕ+, Йешуа ӕмӕ Иоавы фырттӕй+,– дыууӕ мин астсӕдӕ дыууадӕс,
7 Еламы фырттӕ+ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар,
8 Заффуйы фырттӕ+ – фарастсӕдӕ цыппор фондз,
9 Закхайы фырттӕ+ – авдсӕдӕ ӕхсай,
10 Ванийы фырттӕ+ – ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ,
11 Бевайы фырттӕ+ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын ӕртӕ,
12 Азгады фырттӕ+ – иу мин дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ,
13 Адоникамы фырттӕ+ – ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз,
14 Бигвайы фырттӕ+ – дыууӕ мин фӕндзай ӕхсӕз,
15 Адины фырттӕ+ – цыппарсӕдӕ фӕндзай цыппар,
16 Езекийы хӕдзарвӕндагӕй Атеры фырттӕ+ – нӕуӕдз аст,
17 Бецайы фырттӕ+ – ӕртӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ,
18 Иоры фырттӕ – сӕдӕ дыууадӕс,
19 Хашумы фырттӕ+ – дыууӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ,
20 Гиббары фырттӕ+ – нӕуӕдз фондз,
21 Вифлеемы цӕрджытӕ+ – сӕдӕ дыууын ӕртӕ,
22 Нетофӕйы цӕрджытӕ+ – фӕндзай ӕхсӕз,
23 Анафофы цӕрджытӕ+ – сӕдӕ дыууын аст,
24 Азмавефы цӕрджытӕ+ – цыппор дыууӕ,
25 Кириаф-Иаримы+, Кефирӕйы ӕмӕ Беерофы цӕрджытӕ – авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ,
26 Рамӕйы+ ӕмӕ Гевӕйы цӕрджытӕ+ – ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу,
27 Михмасы цӕрджытӕ+ – сӕдӕ дыууын дыууӕ,
28 Вефилы+ ӕмӕ Гайы цӕрджытӕ+ – дыууӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ,
29 Невойы цӕрджытӕ+ – фӕндзай дыууӕ,
30 Магбишы фырттӕ – сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз,
31 иннӕ Еламы фырттӕ+ – иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар,
32 Харимы фырттӕ+ – ӕртӕсӕдӕ дыууын,
33 Лоды+, Хадиды+ ӕмӕ Онойы цӕрджытӕ+ – авдсӕдӕ дыууын фондз,
34 Иерихоны цӕрджытӕ+ – ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз,
35 Сенайы фырттӕ+ – ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын.
36 Сауджынтӕ+: Йешуайы хӕдзарвӕндагӕй+ Йедайӕйы фырттӕ+ – фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ,
37 Иммеры фырттӕ+ – иу мин фӕндзай дыууӕ,
38 Пашхуры фырттӕ+ – иу мин дыууӕсӕдӕ цыппор авд,
39 Харимы фырттӕ+ – иу мин ӕвддӕс.
40 Левиттӕ+: Годавийы фырттӕй+ Йешуайы+ ӕмӕ Кадмиилы фырттӕ+ – ӕвдай цыппар.
41 Зарӕггӕнджытӕ, Асафы фырттӕ+,– сӕдӕ дыууын аст.
42 Дуаргӕсты фырттӕ: Шаллумы фырттӕ+, Атеры фырттӕ+, Талмоны фырттӕ+, Аккувы фырттӕ+, Хатиты фырттӕ+ ӕмӕ Шовайы фырттӕ – ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕртын фараст.
43 Нефинейтӕ*+: Цихӕйы фырттӕ, Хасуфы фырттӕ, Таббаофы фырттӕ+,
44 Керосы фырттӕ, Сиагъӕйы фырттӕ, Фадоны фырттӕ+,
45 Леванӕйы фырттӕ, Хагавӕйы фырттӕ, Аккувы фырттӕ,
46 Хагавы фырттӕ, Салмайы фырттӕ+, Хананы фырттӕ,
47 Гидделы фырттӕ, Гахары фырттӕ+, Реайӕйы фырттӕ,
48 Рецины фырттӕ+, Некоды фырттӕ, Газзамы фырттӕ,
49 Уззӕйы фырттӕ, Пасеахы фырттӕ+, Бесайы фырттӕ,
50 Аснӕйы фырттӕ, меунимӕгты фырттӕ, Нефисимы фырттӕ+,
51 Бакбукы фырттӕ, Хакуфы фырттӕ, Хархуры фырттӕ+,
52 Бацлуфы фырттӕ, Мехидӕйы фырттӕ, Харшӕйы фырттӕ+,
53 Баркосы фырттӕ, Сисарӕйы фырттӕ, Фамахы фырттӕ+,
54 Нециахы фырттӕ ӕмӕ Хатифӕйы фырттӕ+.
55 Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ+: Сотайы фырттӕ, Соферефы фырттӕ, Ферудӕйы фырттӕ+,
56 Иаалы фырттӕ, Дарконы фырттӕ, Гидделы фырттӕ+,
57 Сафатийы фырттӕ, Хаттилы фырттӕ, Похереф-Гаццеваимы фырттӕ ӕмӕ Амийы фырттӕ+.
58 Нефинейтӕ+ ӕмӕ Соломоны лӕггадгӕнджыты фырттӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ адӕймаджы+.
59 Тел-Мелахӕй, Тел-Харшийӕ, Херувӕй, Аддонӕй ӕмӕ Иммерӕй чи ӕрцыд ӕмӕ, кӕцы хӕдзарвӕндагӕй уыдысты, стӕй уӕвгӕ Израилӕй равзӕрдысты+ ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдон уыдысты:
60 Делайӕйы фырттӕ, Товийы фырттӕ, Некоды фырттӕ+ – ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ адӕймаджы.
61 Сауджынты фырттӕй+: Ховайы фырттӕ, Гаккоцы фырттӕ+ ӕмӕ, галаадаг Верзелийы+ чызджытӕй иуы чи ракуырдта ӕмӕ сын сӕ ном чи райста, уыцы Верзелийы фырттӕ+.
62 Кӕцы мыггагӕй равзӕрдысты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн мыггӕгты равзӕрды чиныджы сӕ нӕмттӕ агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг адӕймӕгтыл нӕ банымадтой ӕмӕ сӕ сауджынтӕй лӕггад кӕнын нӕ бауагътой+.
63 Тиршафӕ*+ дӕр сын уый тыххӕй загъта, цалынмӕ сауджын урим+ ӕмӕ туммимимӕ нӕ рацӕуа, уӕдмӕ уын уӕлдай табуйаг кувинӕгтӕй хӕрӕн нӕй+, зӕгъгӕ.
64 Ӕнӕхъӕн ӕмбырд, адӕм ӕдӕппӕтӕй+, уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы+.
65 Уыдонӕй уӕлдай ма дзы уыд цагъар-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ – авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд адӕймаджы. Семӕ ма уыди дыууӕсӕдӕ зарӕггӕнӕджы дӕр – нӕлгоймӕгтӕ+ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.
66 Бӕхтӕ сӕм уыд авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфстӕ – дыууӕсӕдӕ цыппор фондз+,
67 теуатӕ – цыппарсӕдӕ ӕртын фондз ӕмӕ хӕрджытӕ та – ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын+.
68 Хӕдзарвӕндӕгты+ хистӕртӕй+ иуӕй-иутӕ Иерусалиммӕ+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ куы ’рцыдысты+, уӕд ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн мысайнӕгтӕ радтой+, цӕмӕй, кӕм уыди, уым ногӕй арӕзт ӕрцыдаид+.
69 Йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ кувӕндон саразынӕн радтой сызгъӕрин+ – ӕхсай иу мин драхмӕйы*, ӕвзист+ – фондз мин минӕйы*, ӕмӕ сӕдӕ даргъ хӕдоны+ та сауджынтӕн.
70 Гъемӕ сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ адӕмӕй иуӕй-иутӕ+, стӕй зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ нефинейтӕ сӕ горӕтты ӕрцардысты. Ӕмӕ Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕхи горӕтты цӕрын райдыдтой+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ӕвӕц., дзырд цӕуы дӕлбар бӕстӕ Вавилоныл.
^ Афтӕ хуыдтой Персы паддзахады дӕлбар бӕстӕйы хицауы.
^ Драхмӕ уыд, йӕ уӕз 8,4 г кӕмӕн уыд, уыцы персайнаг сызгъӕрин ӕхца дарикы бӕрц. Грекъаг Фыстыты цы драхмӕйы кой цӕуы, уый нӕу. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
^ Иу минӕ у 570 г. Грекъаг Фыстыты цы минӕйы кой цӕуы, уый нӕу. Кӕс Уӕлӕмх. 18.