Ездрӕ 4:1—24

4  Уацарӕй чи ӕрыздӕхт+, уыдон Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн кувӕндон кӕй аразынц, уый Иудӕйы ӕмӕ Вениамины знӕгтӕ+ куы фехъуыстой,  уӕд Зоровавелмӕ+ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм+ ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Мах дӕр уемӕ бауадзут аразын+, уымӕн ӕмӕ нӕ Ассирийы паддзах Асардан+ ам куы ’рцӕрын кодта+, уӕдӕй фӕстӕмӕ мах дӕр уӕ Хуыцауы ном арӕм+ ӕмӕ уымӕн хӕссӕм нывӕндтӕ».  Фӕлӕ сын Зоровавел, Йесо+ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты иннӕ хистӕртӕ+ дзуапп радтой: «Ницы хъуыддаг уӕ ис немӕ нӕ Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ+. Мах нӕхӕдӕг араздзыстӕм Израилы Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар, Персы паддзах Кир+ нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».  Уӕд сӕ алыварс цӕрӕг адӕм Иудӕйы адӕмӕн се уонг марын+ ӕмӕ сӕ ныфс сӕттын райдыдтой, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар мауал арӕзтаиккой+.  Цӕмӕй сын сӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кодтаиккой, уый тыххӕй ма-иу уынаффӕгӕнджытӕн дӕр ӕхца бафыстой+. Ӕмӕ афтӕ кодтой, цалынмӕ Персы паддзах Кир уыд, уӕдмӕ дӕр ӕмӕ Персы паддзах Дарийы+ рӕстӕджы дӕр.  Ахашверош куы сси паддзах, уӕд та йӕм Иудӕйы цӕрджытыл ӕмӕ Иерусалимыл хъаст бахастой+.  Стӕй ма Артаксерксы рӕстӕджы дӕр Бишлам, Мифредат ӕмӕ Тавеил йӕ иннӕ ’мбӕлттимӕ Персы паддзах Артаксерксмӕ фыстӕг ныффыстой, арамейаг ӕвзагмӕ йӕ ратӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ арамейаг+ дамгъӕтӕй ныффыстой.  Стыр хицау Рехум ӕмӕ писыр Шимшай Иерусалимы ныхмӕ паддзах Артаксерксмӕ фыстӕг ныффыстой. Фыстӕг райдыдта ахӕм ныхӕстӕй:  «Фыссынц дӕм стыр хицау Рехум+, писыр Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ’мбӕлттӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ ма Стыр цӕугӕдоны*+ иннӕ фарс цы дӕлбар хицӕуттӕ ис, уыдон, писыртӕ+, Ерехы+ цӕрджытӕ, вавилойнӕгтӕ+, Сузӕйы+ цӕрджытӕ, ома еламӕгтӕ+, 10  ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ+, номдзыд ӕмӕ цытджын Аснафар*+ сӕ зӕххӕй кӕй сыстын кодта ӕмӕ Самарийы+ горӕтты кӕй ӕрцӕрын кодта, уыдон, стӕй ма Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс чи цӕры, уыдон...». 11  Ӕмӕ дзы дарддӕр фыст уыд: «Паддзах Артаксеркс+, фыссынц дӕм дӕ цагъартӕ, Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс чи цӕры, уыдон. 12  Паддзах ӕй зонӕд, дӕуӕй махмӕ чи рацыд, уыцы дзуттӕгтӕ Иерусалиммӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты. Ӕмӕ ныр ацы змӕнтӕг ӕмӕ ӕнаккаг горӕт аразынц, къултӕ+ ногӕй амайынц ӕмӕ бындуртӕ фидар кӕнынц. 13  Гъемӕ йӕ паддзах зонӕд, уыцы адӕм ацы горӕт ногӕй куы саразой ӕмӕ йын йӕ къултӕ куы самайой, уӕд хъалонтӕй+ иу дӕр* нал фиддзысты+, ӕмӕ паддзахы хӕзнадон+ ӕхцайӕ фӕцух уыдзӕн. 14  Мах нӕхӕдӕг дӕр паддзахы галуаны къӕбӕрӕй цӕрӕм*, ӕмӕ, паддзахы куыд стигъынц, уымӕ ӕнцад куыд хъуамӕ кӕсӕм? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ паддзахмӕ ӕрвитӕм фыстӕг ӕмӕ йын уыцы хабар хъусын кӕнӕм, 15  цӕмӕй дӕ фыдӕлты азфыстыты чиныгмӕ+ лӕмбынӕг ӕркӕсой. Уырдыгӕй базондзынӕ, ацы горӕт змӕнтӕг горӕт кӕй у ӕмӕ паддзӕхтӕн ӕмӕ дӕлбар бӕстӕтӕн зиан кӕй хӕссы, ӕмӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ныхмӕ кӕй цӕуынц. Ацы горӕт пырх дӕр уый тыххӕй ныккодтой+. 16  Паддзахӕн хъусын кӕнӕм, ацы горӕт ӕмӕ йӕ къултӕ арӕзт куы ’рцӕуой, уӕд дын Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдоныл дӕ бар кӕй нал цӕудзӕн»+. 17  Паддзах стыр хицау Рехумӕн+, писыр Шимшайӕн ӕмӕ сӕ иннӕ ’мбӕлттӕн+, Самарийы чи цард, уыдонӕн ӕмӕ ма Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс чи уыд, уыдонӕн арвыста ахӕм дзуапп: «Фӕрнӕйдзаг ут!+ 18  Цы фыстӕг нӕм рарвыстат, уый мын лӕмбынӕг бакастысты. 19  Ӕмӕ мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ хъуыддагмӕ ӕркастысты+ ӕмӕ сбӕлвырд кодтой, уыцы горӕт рагӕй фӕстӕмӕ дӕр паддзӕхты ныхмӕ кӕй цӕуы ӕмӕ йӕ адӕм ӕдзухдӕр змӕнтгӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый+. 20  Иерусалимы уыди тыхджын паддзӕхтӕ+ ӕмӕ, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдон иууылдӕр сӕ дӕлбар уыдысты, ӕмӕ сын ӕппӕт хъалонтӕ дӕр фыстой+. 21  Уӕдӕ бардзырд раттут, цӕмӕй уыцы адӕм сӕ куыст ныууадзой ӕмӕ сын цалынмӕ ӕз бар нӕ раттон, уӕдмӕ горӕт аразынмӕ мауал бавналой. 22  Уыцы хъуыддагмӕ уӕ хъус лӕмбынӕг фӕдарут, цӕмӕй паддзӕхтӕн ноджы стырдӕр зиан ма ӕрхӕссой»+. 23  Артаксерксы фыстӕг Рехумӕн+, писыр Шимшайӕн+ ӕмӕ се ’мбӕлттӕн+ куы бакастысты, уӕд уыдон ӕвӕстиатӕй Иерусалиммӕ ацыдысты ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ куыст ӕрлӕууын кодтой+. 24  Уыйадыл Иерусалимы Хуыцауы хӕдзары арӕзтад ӕрлӕууыд, ӕмӕ афтӕ уыд, Персы паддзах Дари+ дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕдмӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Евфраты.
Ома Ашшурбанипал.
Дзут. тексты дзырд цӕуы ӕртӕ хуызы хъалоныл: адӕм сӕхи тыххӕй, уӕйгӕнинӕгты тыххӕй, стӕй фӕндаггонтӕ фӕндагыл кӕй фыстой, уыцы хъалонтӕ. Кӕс ма 7:24 дӕр.
Комк. «цӕхх хӕрӕм».