Екклесиаст 11:1—10
11 Дӕ дзул+ доны ауадз+, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ бонты фӕстӕ ссардзынӕ+.
2 Цы дӕм ис, уымӕй бахай кӕн авд адӕймагӕн, науӕд астӕн дӕр+, уымӕн ӕмӕ, райсом цы бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххыл, уый нӕ зоныс+.
3 Мигътӕ донӕй куы байдзаг уой, уӕд зӕххыл къӕвда дзӕбӕх ныккалдзӕн+. Ӕмӕ бӕлас+ хуссарырдӕм кӕнӕ цӕгатырдӕм куы афӕлдӕха, уӕд, кӕм ӕрхауа, уым уыдзӕн.
4 Дымгӕмӕ йӕ хъус чи дары, уый ницы байтаудзӕн, ӕмӕ мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн+.
5 Мады гуыбыны сывӕллоны стджыты мидӕг царды тых* куыд архайы, уый куыд нӕ зоныс+, афтӕ нӕ зоныс ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр, ӕппӕт дӕр чи аразы, уый хъуыддӕгтӕ+.
6 Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт+, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, мыггаг кӕм ссӕудзӕн+ – ам ӕви уым, ӕви дыууӕ раны дӕр.
7 Рухс хорз у, хуры рухс цӕстӕн ӕхсызгон у+.
8 Ӕмӕ адӕймаг бирӕ дӕр куы фӕцӕра, уӕддӕр хъуамӕ алы боныл дӕр цин кӕна+. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕна, тар бонтӕ дӕр ыл кӕй скӕндзӕн+ – чи зоны, ӕмӕ бирӕ дӕр уой. Уыцы бонтӕй алкӕцы дӕр у дзӕгъӕлы+.
9 Лӕппу, де ’взонджы бонты царды цинӕй дӕхи рӕвдау+, де ’рыгон бонты дӕ зӕрдӕ цинӕй райӕд. Дӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый араз, дӕ цӕст цы уыны, уый ма ’вгъау кӕн дӕхицӕн+. Фӕлӕ йӕ зон, ӕцӕг Хуыцау дӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн+.
10 Уӕдӕ фӕсур дӕ зӕрдӕйӕ сагъӕс ӕмӕ дӕхи хиз фыдбылызӕй+, уымӕн ӕмӕ ӕвзонджы бонтӕ ӕмӕ царды ӕхсидгӕ азтӕ сты дзӕгъӕлы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Дзут. ру́ах. Гӕнӕн ис, ӕмӕ амона Хуыцауы тыхмӕ дӕр.