Екклесиаст 12:1—14

12  Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы+ де ’взонджы бонты+, цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ+, цалынмӕ не ’рцыдысты, цард мын ад нал кӕны, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, уыцы азтӕ+;  цалынмӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалыты рухс нӕ баталынг+ ӕмӕ мигътӕ къӕвдатӕ не ’рбахастой.  Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ хӕдзар хъахъхъӕнджытӕ зыр-зыр кӕнын райдайдзысты+, тыхджын лӕгтӕ ныкъкъӕдз уыдзысты+, куыройӕ чи ссы, уыцы устытӕ нал кусдзысты+, уымӕн ӕмӕ бирӕ нал уыдзысты, ӕмӕ, рудзгуытӕй чи кӕсы, уыцы сылгоймӕгтӕ+ талынг йеддӕмӕ ницыуал уындзысты.  Ӕддаг дуӕрттӕ сӕхгӕндзысты+, куыройы хъӕр нал хъуысдзӕн+, адӕймаг-иу цъиуты зарынмӕ райхъал уыдзӕн, зарӕггӕнӕг чызджыты хъӕлӕс ма тыххӕйты хъуысдзӕн+.  Тӕрсдзӕн бӕрзонд бынӕттӕй ӕмӕ йыл уынджы исты куы ’рцӕуа, уымӕй. Миндалбӕлас дидинӕг ракалдзӕн+, цъырцъыраг уӕззаугомау фӕцӕйхилдзӕн ӕмӕ каперсы гагатӕ нытътъӕпп кӕндзысты. Адӕймаг ацӕудзӕн, бирӕ рӕстӕг кӕм уыдзӕн, йӕ уыцы хӕдзармӕ+, ӕмӕ хъарӕггӕнджытӕ фӕцӕйцӕудзысты уынджы+.  Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕджы, цалынмӕ ӕвзист бӕттӕн нӕ аскъуыд, сызгъӕрин къус нӕ ныппырх+, суадоны раз дурын нӕ нызгъӕлӕнтӕ ӕмӕ цъайы цалх нӕ асаст.  Уӕд сыджыт* аздӕхдзӕн зӕхмӕ+, кӕм уыди, уырдӕм, царды тых*+ та аздӕхдзӕн ӕцӕг Хуыцаумӕ+, чи йӕ радта, уымӕ+.  «Хӕрздзӕгъӕлы! – загъта адӕмы ӕмбырдгӕнӕг+.– Ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы»+.  Адӕмы ӕмбырдгӕнӕг йӕхӕдӕг стыр зондӕй кӕй схайджын+, уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн дӕр бирӕ цыдӕртӕ амыдта+. Стӕй арф хъуыды кодта ӕмӕ алцыдӕр лӕмбынӕг иртӕста+, цӕмӕй ныффыстаид ӕмӕ ӕрнывыл кодтаид бирӕ ӕмбисӕндтӕ+. 10  Адӕмы ӕмбырдгӕнӕг архайдта, зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ ссарыныл+ ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый раст ныффыссыныл+. 11  Зондджынты ныхӕстӕ сты, галты кӕмӕй фӕтӕрынц, ахӕм цыргъ хъилты хуызӕн+. Ӕмӕ, зондджын хъуыдытӕ чи ӕмбырд кӕны, уыдон сты къуырд зӕгӕлты хуызӕн+. Уыцы ныхӕстӕ сты иу фыййауӕй+. 12  Уымӕй уӕлдай цы ис, мӕ фырт, уыдӕтты тыххӕй та дӕ фӕдзӕхсын: адӕм алкӕддӕр фысдзысты бирӕ чингуытӕ, ӕмӕ адӕймаг уыдоныл куы суа, уӕд йӕхи тухӕнӕй амардзӕн+. 13  Уӕдӕ ӕппынфӕстаг цы ис зӕгъӕн? Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй+ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн+, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс. 14  Ӕцӕг Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алцӕмӕн дӕр, алы сусӕг хъуыддагӕн дӕр, хорз уа ӕви ӕвзӕр+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «рыг».