Есфир 1:1—22

1  Уыцы хабар ӕрцыд паддзах Ахашверошы*+ рӕстӕджы, Индийӕ суанг Ефиопийы онг йӕ дӕлбар сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы кӕмӕн уыд, уыцы Ахашверошы рӕстӕджы+.  Уӕд паддзах Ахашверош бадти йӕ паддзахбадӕныл+ Сузӕйы+ галуаны+.  Ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд йӕ кънйӕзтӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Персы+ ӕмӕ Мидийы+ ӕфсадӕн ӕмӕ йӕ дӕлбар бӕстӕты+ кадджын лӕгтӕн+ ӕмӕ кънйӕзтӕн йӕхимӕ куывд скодта+.  Ӕмӕ сын бирӕ бонты дӕргъы, сӕдӕ ӕстай боны, ӕвдыста йӕ нӕргӕ паддзахады хъӕздыгдзинад+, стӕй йӕ кад+ ӕмӕ йӕ хъомыс.  Уыцы бонтӕ куы фесты, уӕд паддзах, Сузӕйы галуаны цыдӕриддӕр адӕм уыди, уыдонӕн – хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ кадджынтӕн дӕр,– паддзахы галуаны раз цы дыргъдон уыди, уый кӕрты скодта куывд. Куывд ахаста авд боны.  Кӕрт срӕсугъд кодтой урс кӕттаг хъуымӕцтӕй, бӕмбӕг хъуымӕцтӕй ӕмӕ ӕрвхуыз+ хъуымӕцтӕй. Уыцы хъуымӕцтӕ хуыздӕр кӕттагӕй конд бӕндӕнтӕй ӕмӕ сырх-сырхид бӕттӕнтӕй фидаргонд уыдысты+, мрамор цӕджындзтыл цы ӕвзист цӕгтӕ уыд, уыдонмӕ. Порфирӕй*, урс мраморӕй, налхъуытӕй* ӕмӕ сау мраморӕй конд пъолыл та лӕууыд сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист тъахтинтӕ+.  Уазджытӕн сӕн лӕвӕрдтой сызгъӕрин мигӕнӕнты+, ӕмӕ уыцы мигӕнӕнтӕй дыууӕ ӕмхуызон нӕ уыд. Паддзахы сӕн+ дзы уыди парахатӕй, паддзахӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.  Фӕлӕ тыхӕй ничи никӕмӕн дардта, кӕд сӕм ахӕм ӕгъдау уыд, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ паддзах йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста, алкӕй дӕр йӕхи бар уадзут, зӕгъгӕ.  Уыцы рӕстӕг паддзахы ус Вашти*+ дӕр сылгоймӕгтӕн куывд скодта паддзах Ахашверошы галуаны. 10  Ӕвдӕм бон, паддзахӕн йӕ зӕрдӕ сӕнӕй куы бахъӕлдзӕг+, уӕд Мегуманӕн, Бизфӕйӕн, Харбонӕйӕн+, Бигфӕйӕн, Авагфӕйӕн, Зефарӕн ӕмӕ Каркасӕн – паддзах Ахашверошӕн чи лӕггад кодта, уыцы авд фӕсдзӕуинӕн+,– загъта, 11  цӕмӕй паддзахы ус Ваштийы йӕ кадыхуды ракӕной паддзахы размӕ, ӕмӕ йын адӕмтӕ ӕмӕ кънйӕзтӕ йӕ рӕсугъддзинад феной, уымӕн ӕмӕ ӕмбисонды рӕсугъд уыди+. 12  Фӕсдзӕуинтӕ паддзахы ус Ваштимӕ паддзахы ныхас фӕхӕццӕ кодтой, фӕлӕ уый нӕ ракуымдта+. Уӕд паддзах тынг смӕсты, йӕ маст рафыхт+. 13  Ӕмӕ паддзах аныхас кодта, рагон заманты хабӕрттӕ чи зыдта+, уыцы куырыхон лӕгтимӕ+, уымӕн ӕмӕ паддзах алы хъуыддаджы дӕр уынаффӕ кодта, закъон ӕмӕ тӕрхоны хъуыддӕгтӕ хорз чи зыдта, уыдонимӕ. 14  Арӕхдӕр-иу кӕимӕ уынаффӕ кодта, уыдон уыдысты: Каршенӕ, Шефар, Адмафӕ, Фарсис, Мерес, Марсенӕ ӕмӕ Мемухан – Персы ӕмӕ Мидийы авд+ кънйазы, паддзахы размӕ бацӕуыны бар кӕмӕн уыд+ ӕмӕ йӕ паддзахады уӕлдӕр бынӕтты чи бадт, уыдон. 15  Паддзах сын загъта: «Паддзахы ус Ваштийӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы бакӕнын хъӕуы, паддзах Ахашверош ын йӕ фӕсдзӕуинты уылты цы загъта, уымӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй?» 16  Уӕд Мемухан+ паддзахӕн ӕмӕ кънйӕзтӕн загъта: «Паддзахы ус Вашти ӕрмӕст паддзахы раз нӕ ракодта тӕригъӕд+, фӕлӕ, паддзах Ахашверошы дӕлбар бӕстӕты цыдӕриддӕр кънйӕзтӕ ӕмӕ адӕмтӕ ис, уыдоны раз дӕр. 17  Паддзахы ус цы сарӕзта, уый тыххӕй иннӕ устытӕ куы фехъусой, уӕд сӕ сӕрыхицӕутты+ ницӕмӕуал дардзысты+, зӕгъдзысты, паддзах Ахашверош загъта, цӕмӕй паддзахы ус Ваштийы йӕ размӕ ракодтаиккой, уый та нӕ рацыд, зӕгъгӕ. 18  Ӕмӕ ныр уыцы хабар Персы ӕмӕ Мидийы кънйӕзты устытӕ куы фехъусой, уӕд уыдон дӕр паддзахы кънйӕзтӕн афтӕ дзурдзысты, ӕмӕ сӕ ӕппындӕр ницӕмӕуал дардзысты, ӕмӕ сӕм кънйӕзтӕ мӕстӕй судздзысты+. 19  Кӕд паддзах разы у+, уӕд уынаффӕ рахӕссӕд, амӕй фӕстӕмӕ Ваштийӕн паддзах Ахашверошы раз ӕрлӕууыны бар кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы уынаффӕ Персы ӕмӕ Мидийы закъӕттимӕ фыст ӕрцӕуӕд+, аивӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ+. Паддзахы усӕй та паддзах сӕвӕрӕд ӕндӕр сылгоймаджы, уымӕй хуыздӕр чи у, уый. 20  Паддзах цы уынаффӕ рахӕсса, уый фехъусын кӕнын хъӕудзӕн йӕ паддзахады алы рӕтты дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ паддзахад стыр у, ӕмӕ уӕд алы ус дӕр нымайдзӕн+ йӕ сӕрыхицауы+, фӕнды стыр хицау уа, фӕнды – хуымӕтӕг адӕймаг». 21  Уый паддзахы ӕмӕ кънйӕзты зӕрдӕмӕ фӕцыд+, ӕмӕ паддзах бакодта, Мемухан куыд загъта, афтӕ. 22  Паддзах йӕ дӕлбар бӕстӕтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+ фыстӕджытӕ ныффыста+, алы бӕстӕмӕ дӕр – йӕхи дамгъӕтӕй, ӕмӕ алы адӕммӕ дӕр – сӕхи ӕвзагыл, цӕмӕй алы лӕг дӕр йӕ хӕдзары хистӕр уа+ ӕмӕ йӕхи адӕмы ӕвзагыл дзура.

Фиппаинӕгтӕ

Септуагинтӕйы у «Артаксеркс».
Кӕнӕ «дзындзӕй»; уырыс. «жемчуг».
Тынг зынаргъ хъӕбӕр дур, вӕййы тарсырх, урс тӕппытимӕ.
Септуагинтӕйы у «Астин».