Есфир 5:1—14

5  Ӕртыккаг бон+ Есфир йӕ уӕлӕ ус-паддзахы дарӕс скодта+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары мидӕггаг кӕрты+ паддзахы хӕдзары акомкоммӕ слӕууыд. Паддзах та паддзахы галуаны, хӕдзармӕ бахизӕны акомкоммӕ, йӕ паддзахбадӕныл бадти.  Паддзах Есфиры кӕрты лӕугӕ куы федта, уӕд ын йӕ уынд ӕхсызгон уыд+ ӕмӕ, йӕ къухы цы сызгъӕрин лӕдзӕг уыд, уымӕй йӕм ацамыдта+. Уӕд Есфир хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ лӕдзӕджы кӕроныл андзӕвыд.  Паддзах ӕй бафарста: «Исты хабар у, паддзахы ус Есфир? Цы дӕ хъӕуы?+ Паддзахады ӕмбис мӕ куы ракурай+, уӕд дӕр дын ӕй ратдзынӕн!»  Есфир ын дзуапп радта: «Кӕд паддзах разы у, уӕд ын цы куывд скодтон+, уырдӕм абон Аманимӕ+ ӕрбацӕуӕд».  Уӕд паддзах загъта: «Рӕвдздӕр+, Есфир куыд загъта, афтӕ бакӕнут ӕмӕ Аманмӕ фӕдзурут». Гъемӕ паддзах ӕмӕ Аман ӕрбацыдысты, Есфир цы куывд скодта, уырдӕм.  Куывды сӕн куы рахастой, уӕд паддзах Есфиры бафарста: «Мыййаг дӕ исты хъӕуы?+ Зӕгъ ӕй, цы дӕ хъӕуы, ратдзынӕн дын ӕй. Паддзахады ӕмбис мӕ куы курай, уӕддӕр дын ӕй ратдзынӕн!»  Есфир ын загъта: «Мӕнӕ цы курын ӕмӕ мӕ мӕнӕ цы фӕнды:  кӕд паддзахы хорзӕх ссардтон+ ӕмӕ кӕд паддзах разы у мӕ курдиат сӕххӕст кӕныныл ӕмӕ мӕ цы фӕнды, уый саразыныл, уӕд паддзах Аманимӕ ӕрбацӕуӕд, райсом сын цы куывд скӕндзынӕн, уырдӕм, ӕмӕ мӕ цы хъӕуы, уый паддзахӕн райсом зӕгъдзынӕн»+.  Уыцы бон Аман куывдӕй зӕрдӕрухсӕй+ ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй рацыд. Фӕлӕ паддзахы кулдуары раз Мардохейы куы федта+, ӕмӕ йын уый куы нӕ сыстад+ ӕмӕ йӕ разы куы нӕ фестъӕлфыд+, уӕд ӕм Аман мӕстӕй рафыхт+. 10  Фӕлӕ йӕ маст баурӕдта ӕмӕ сӕхимӕ ацыд. Стӕй йе ’рдхӕрдтӕм ӕмӕ йӕ ус Зерешмӕ+ фӕдзырдта 11  ӕмӕ сын йе стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй+ ӕмӕ йӕ бирӕ фырттӕй+ феппӕлыд. Стӕй сын радзырдта, паддзах ын куыд скад кодта ӕмӕ йӕ йӕ кънйӕзтӕй ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй уӕлдӕр куыд сӕвӕрдта, уый тыххӕй дӕр+. 12  Аман загъта: «Паддзахы ус Есфир дӕр, цы куывд скодта, уырдӕм паддзахимӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта+, ӕмӕ та йӕм райсом дӕр+ паддзахимӕ хуынд дӕн. 13  Фӕлӕ мын уыдӕттӕй мӕ зӕрдӕ ницы рухс кӕны, цалынмӕ дзуттаг Мардохейы паддзахы кулдуары раз бадгӕ уынон, уӕдмӕ». 14  Уӕд ын йӕ ус Зереш ӕмӕ йе ’рдхӕрдтӕ се ’ппӕт дӕр загътой: «Фӕндзай ӕлмӕрины* бӕрзӕндӕн хъӕд+ ӕрцӕттӕ кӕнын кӕн ӕмӕ райсомӕй+ паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй уыцы хъӕдыл Мардохейы ӕрцауындзой+. Стӕй ацу ӕмӕ паддзахимӕ куывды дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн минас кӕн». Уыцы ныхӕстӕ Аманы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты+, ӕмӕ хъӕд ӕрцӕттӕ кӕнын кодта+.

Фиппаинӕгтӕ

22,3 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.