Ефесӕгтӕм 2:1—22

2  Уымӕй уӕлдай, Хуыцау сымахӕн радта цард, кӕд уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ мард уыдыстут, уӕддӕр+.  Уыцы тӕригъӕдты мидӕг сымах кӕддӕр цардыстут ацы дунейы*+ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау чи ахъардта, уыцы зондахасты хицауы, ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм+ цы зондӕй*+ архайынц, уый хицауы+, фӕндонмӕ гӕсгӕ.  О, уыцы адӕмы ’хсӕн кӕддӕр не ’ппӕт дӕр цардыстӕм, нӕ буары монцтӕ+ нын куыд дзырдтой, афтӕ, цыдыстӕм нӕ буары фӕндтӕ+ ӕмӕ нӕ зонды фӕдыл, ӕмӕ иннӕтау ӕрдзӕй уыдыстӕм, Хуыцауы масты+ аккаг чи у, ахӕм цот.  Фӕлӕ нӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау цы стыр уарзтӕй бауарзта+, уый руаджы нын  радта цард ӕмӕ нӕ Чырыстиимӕ баиу кодта, кӕд нӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ мард уыдыстӕм+, уӕддӕр,– о, сымах йе стыр хорзӕхы фӕрцы фервӕзтыстут+.  Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йесо Чырыстиимӕ райгас кодта+ ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты йемӕ иумӕ ӕрбадын кодта+,  цӕмӕй ӕрцӕуинаг+ дунейы* равдиса йе стыр хорзӕхы ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ+, махмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыдонмӕ, цы хӕларзӕрдӕдзинад равдыста, уый фӕрцы.  Уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады+ руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу+ – уый Хуыцауы лӕвар у+.  Уый уӕ хъуыддӕгты+ фӕрцы нӕу, цӕмӕй йӕхицӕй раппӕлыны ӕфсон макӕмӕн уа+. 10  Мах Хуыцауы къухты фыдӕбон стӕм+. Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сфӕлдыста+, рагацау нын кӕй сбӕрӕг кодта+, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ+ аразынӕн. 11  Уӕдӕ уӕ зӕрдыл дарут, кӕддӕр сымах уӕ райгуырдӕй ӕндӕр адӕмтӕй кӕй уыдыстут+. Адӕймаджы къухӕй буарыл сунӕт кӕмӕн скодтой+, уыдон уӕ хуыдтой ӕнӕсунӕт. 12  Уыцы рӕстӕг сымах Чырыстийы нӕ зыдтат+, Израилы адӕмӕй уыдыстут дард+, зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы бадзырдтӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонмӕ ницы бар дардтат+, ныфс уӕ ницӕмӕй уыд+ ӕмӕ ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй+. 13  Фӕлӕ ныр сымах, кӕддӕр Хуыцауӕй дард чи уыд, уыдон, баиу стут Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ Чырыстийы туджы+ фӕрцы Хуыцаумӕ баввахс стут. 14  Чырысти нын ӕрхаста фарн+, уый дыууӕ къордӕй+ скодта иу+ ӕмӕ, се ’хсӕн цы къул+ уыд*, уый фехӕлдта+. 15  Йӕ буарӕй+ кӕрон скодта, знӕгтӕ цӕй тыххӕй уыдысты, уымӕн+, алы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕм уыди, уыцы Закъонӕн+, цӕмӕй йемӕ иудзинады дыууӕ къордӕй+ скодтаид иу ног адӕймаг+ ӕмӕ сын ӕрхастаид фарн, 16  ӕмӕ цӕмӕй хъизӕмӕртты хъӕды+ фӕрцы дыууӕ къорды дӕр Хуыцауимӕ кӕронмӕ бафидауын кодтаид+, иу буар+ куыд суыдаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй кӕрон скодта, знӕгтӕ цӕй тыххӕй уыдысты, уымӕн+. 17  Уый ӕрцыд ӕмӕ сымахӕн, дард чи уыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, ӕввахс чи уыд, уыдонӕн дӕр+, фехъусын кодта фарны хорз хабар+, 18  уымӕн ӕмӕ махӕн – дыууӕ къордӕн+ дӕр – уый фӕрцы нӕ бон у уыцы иу сыгъдӕг тыхы+ руаджы Хуыцауы раз ӕрлӕууын+. 19  Гъемӕ уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджытимӕ+ иу бӕстӕйы цӕрджытӕ+ ӕмӕ Хуыцауы бинонтӕ+. 20  Ӕмӕ амад цы бындурыл ӕрцыдыстут+, уый у апостолтӕ+ ӕмӕ пехуымпартӕй+, уыцы бындуры сӕйраг дур+ та у Йесо Чырысти йӕхӕдӕг. 21  Уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр ис йемӕ иудзинады ӕмӕ дзы рӕзы рухс кувӕндон Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йӕ алы хай дӕр уыцы ӕмхуызонӕй хӕцы кӕрӕдзийыл+. 22  Чырыстиимӕ иумӕ+ сымахӕй дӕр арӕзт цӕуы, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕм цӕрдзӕн, уыцы бынат+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «зондахастӕй».
Кӕнӕ «ацы дунейы цардӕвӕрды».
Кӕнӕ «цардӕвӕрдты»; грекъ. айо́син.
Фӕсномыгӕй амоны, кувӕндоны цы къул уыд, уымӕ: йӕ фӕстӕ уыдысты, ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн кӕдӕм уыди бацӕуӕн, уыцы кӕртытӕ; иннӕ адӕмтӕн уырдӕм бацӕуӕн нӕ уыди.