Ефесӕгтӕм 5:1—33
5 Уӕдӕ Хуыцауы фӕзмут+, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут,
2 ӕмӕ Чырысти сымах куыд бауарзта+ ӕмӕ йӕхи сымах тыххӕй Хуыцауӕн, йӕ адджын тӕф кӕмӕн кӕлы+, ахӕм кувинагӕн+ ӕмӕ нывондӕн куыд ӕрхаста, афтӕ сымах дӕр цӕрут уарзгӕйӕ+.
3 Хуыцауы адӕмӕн*+ куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн*+ ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн+ йӕ кой дӕр ма уӕд+.
4 Стӕй уын не ’мбӕлы нӕдӕр ӕнӕуаг митӕ+, нӕдӕр ӕдылы ныхӕстӕ ӕмӕ нӕдӕр ӕнӕфсарм+ хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын. Уый бӕсты Хуыцауӕн арфӕ кӕнут+.
5 Уӕхӕдӕг ӕй зонут ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр кӕнут, Чырысти ӕмӕ Хуыцауы паддзахады бынтӕй хай кӕй нӕ уыдзӕн+ иу хӕтагӕн+ дӕр, иу чъизи ӕмӕ иу зыд адӕймагӕн+ дӕр, уымӕн ӕмӕ зыд адӕймаг у мӕнгхуыцауӕн кувӕг.
6 Афтид ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд+, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты тыххӕй ӕгоммӕгӕс+ адӕмыл ныккӕлдзӕн Хуыцауы маст.
7 Уымӕ гӕсгӕ уын семӕ иумӕйагӕй мацы уӕд+ –
8 кӕддӕр сымах дӕр талынджы+ уыдыстут, ныр та нӕ Хицауимӕ баиу стут ӕмӕ стут рухсы+. Гъемӕ уӕдӕ, рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут,
9 уымӕн ӕмӕ рухсы дыргъ у алы хорздзинад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад+.
10 Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы+, уый,
11 ӕмӕ семӕ иумӕ талынджы+ ӕнӕпайда хъуыддӕгты мауал архайут+, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы сты, уый ӕргом кӕнут+.
12 Уыдон сусӕгӕй цытӕ аразынц, уыдӕттӕн афтид сӕ кой дӕр худинаг у+.
13 Цыдӕриддӕр раргом вӕййы+, уый рухсмӕ разыны, уымӕн ӕмӕ, цыдӕриддӕр разыны+, уый у рухс.
14 Афтӕ дӕр уымӕн у загъд: «Райхъал у+, фынӕй адӕймаг, ӕмӕ мӕрдтӕй рабад+, ӕмӕ дын Чырысти ратдзӕн рухс»+.
15 Гъемӕ уӕдӕ, куыд цӕрут+, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ,
16 ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут*+, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм+.
17 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ-иу бамбарут+, Йегъовӕйы фӕндон+ цӕй мидӕг ис, уый.
18 Стӕй-иу уӕхи сӕнӕй ма ныррасыг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ уый ӕркӕны ӕнӕуаг митӕм+, фӕлӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын ут+.
19 Кӕрӕдзийӕн зарут псаломтӕ+, кады зарджытӕ+ ӕмӕ дины зарджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕн зӕрдӕбынӕй зарут+.
20 Ӕмӕ алкӕддӕр алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут+ нӕ Хуыцауӕн ӕмӕ нӕ Фыдӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй.
21 Чырыстийы тас уӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсут+.
22 Устытӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт+, Хицауы коммӕ куыд кӕсынц, афтӕ,
23 уымӕн ӕмӕ лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау+, Чырысти ӕмбырды, йӕ буары, сӕр куыд у, афтӕ+ – уый у йӕ ирвӕзынгӕнӕг.
24 Гъемӕ ӕмбырд Чырыстийы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ устытӕ дӕр хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ лӕгты коммӕ кӕсой+.
25 Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут+, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ+,
26 цӕмӕй йӕ Хуыцауы ныхасы донӕй ныхса+, ссыгъдӕг ӕй кӕна ӕмӕ йӕ афтӕмӕй срухс кӕна+,
27 ӕмбырд йӕ разы цӕхӕртӕ куыд кала+, иу аипп, иу ӕнцъылд кӕнӕ дзы ӕндӕр ахӕм исты хъӕндзинад куыд нӕ уа, фӕлӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа+.
28 Раст афтӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр,
29 уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары+, Чырысти ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ буц куыд дары, афтӕ,
30 уымӕн ӕмӕ мах йӕ буары уӕнгтӕ стӕм+.
31 «Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ*, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар»+.
32 Ацы ныхӕсты арф сусӕгдзинад*+ ӕвӕрд ис. Ӕз Чырысти ӕмӕ ӕмбырды кой кӕнын+.
33 Фӕлӕ сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр+. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Сыгъдӕг адӕмӕн».
^ Кӕс Уӕлӕмх. 11.
^ Комк. «ӕлхӕнут нысангонд рӕстӕг».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.