Ефесӕгтӕм 6:1—24

6  Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут+, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у+.  «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»+ – уый у зӕрдӕвӕрдимӕ лӕвӕрд фыццаг фӕдзӕхст+. Зӕрдӕвӕрд та у ахӕм:  «Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай»+.  Фыдӕлтӕ, сымах та уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут+, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут+, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ+, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут+.  Цагъартӕ, Чырыстийы коммӕ куыд кӕсут, афтӕ зӕрдӕйӕ кӕсут уӕ зӕххон хицӕутты+ коммӕ, нымайут+ сӕ.  Ӕмӕ афтӕ кӕнут, куы уӕ фӕуынынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнат+, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Чырыстийы цагъартӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ, Хуыцауы фӕндон ӕппӕт удӕй*+ ӕххӕст кӕнгӕйӕ.  Лӕггад кӕнут ӕнӕзивӕгӕй, цыма адӕмӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн+ лӕггад кӕнут, афтӕ,  уымӕн ӕмӕ йӕ зонут: алчидӕр – цагъар ӕви сӕрибар адӕймаг+ – хорзӕй цы сараза, уый йын Йегъовӕ+ бафиддзӕн.  Стӕй сӕм сымах дӕр, хицӕуттӕ, ахӕм зӕрдӕ дарут. Ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ+, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, уӕлӕрвты уыдонӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн+ дӕр кӕй ис, хъулон чи никӕй кӕны+, ахӕм Хицау. 10  Стӕй ма уын уый дӕр зӕгъын: уӕхи фидар кӕнут+ Хицауы фӕрцы ӕмӕ йе стыр хъаруйы+ фӕрцы. 11  Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй+, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты+ ныхмӕ фидар фӕлӕууын, 12  уымӕн ӕмӕ нӕ тох+ туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты+ ныхмӕ, сӕргълӕуджыты+ ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты+ ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты+ ныхмӕ. 13  Гъе уымӕ гӕсгӕ райсут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон+, цӕмӕй уӕ бон уа фыдӕвзарӕн бон ныхкъуырд раттын ӕмӕ уӕ цы бакӕнын хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ саразгӕйӕ, фидар фӕлӕууын+. 14  Уӕдӕ фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ+ ӕцӕгдзинадӕй+ ронау ӕрбалвасут, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстдзинады згъӕрхӕдон+, 15  стӕй цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ+ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс+. 16  Алы уавӕрты дӕр-иу райсут уырнындзинады стыр уарт+ – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы* судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын+. 17  Райсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд+ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ лӕвӕрд хъама*+, ома Хуыцауы ныхас+. 18  Уыимӕ алкӕддӕр сыгъдӕг тыхы+ разамындмӕ гӕсгӕ кувут+ Хуыцаумӕ, кувут ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнут алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ӕппынӕдзух ут цырддзаст ӕмӕ зӕрдиагӕй кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй, 19  стӕй мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мын Хуыцау баххуыс кӕна ӕмӕ мӕ бон уа сӕрибарӕй хъусын кӕнын+, хорз хабары сусӕгдзинад+ адӕмӕн куыд ӕргом кӕнон+ – 20  рӕхысты мидӕг минӕвары+ куыст дӕр уый тыххӕй кӕнын. О, кувут, цӕмӕй уый тыххӕй мӕ бон уа ныфсджынӕй дзурын – куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ+. 21  Мӕн тыххӕй та уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Хицауы хъуыддаджы ӕнувыд кусӕг Тихик+, цӕмӕй, куыд дӕн ӕмӕ цытӕ кусын, уый дӕр зонат+. 22  Ӕрвитгӕ дӕр уӕм ӕй уый тыххӕй кӕнын, цӕмӕй нын нӕ хабӕрттӕ зонат, стӕй уын цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна+. 23  Ӕфсымӕртӕн та нӕ Фыд Хуыцау ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти раттӕнт фарн, стӕй уарзондзинад уырнындзинадимӕ иумӕ. 24  Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ хайджын уӕнт.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Ома Сайтаны.
Кӕнӕ «сыгъдӕг уды хъама».