Захари 12:1—14

12  Тӕрхон: «Йегъовӕйы ныхас Израилы тыххӕй,– зӕгъы Йегъовӕ, арв чи айтыгъта+ ӕмӕ зӕххӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта+, адӕймаджы мидӕг царды тых чи бауадзы+, уыцы Хуыцау.–  Ӕз Иерусалим фестын кӕндзынӕн+, йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр кӕмӕй срасыг уыдзысты ӕмӕ кӕмӕй рахау-бахау кӕндзысты, ахӕм къус+. Иудӕйыл ӕмӕ Иерусалимыл знӕгтӕ ӕртыхсдзысты+.  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы бон+ Иерусалим ӕппӕт адӕмтӕн дӕр уыдзӕн уӕззау дур+. Чи йыл схӕца, уыдон фӕцъӕррӕмыхст уыдзысты, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдон йӕ ныхмӕ рацӕудзысты+.  Уыцы бон сын+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз сӕ бӕхты сдзӕгъӕлтӕ кӕндзынӕн+ ӕмӕ сын сӕ барджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кӕндзынӕн+. Ӕз мӕ цӕстытӕ байгом кӕндзынӕн+ ӕмӕ Иудӕйы адӕммӕ лӕмбынӕг кӕсдзынӕн ӕмӕ адӕмтӕн сӕ бӕхты бакуырм кӕндзынӕн.  Ӕмӕ Иудӕйы мыггаджы хистӕртӕ+ сӕхинымӕр дзурдзысты: „Иерусалимы цӕрджытӕ сты нӕ хъару, уыцы хъару у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй“+.  Уыцы бон ӕз Иудӕйы мыггаджы хистӕрты фестын кӕндзынӕн, бӕлӕсты ’хсӕн кӕй бандзарынц+, ахӕм арты хуызӕн ӕмӕ, ногкарст хоры куыристы ’хсӕн кӕй ссудзынц, ахӕм цырагъы хуызӕн+, ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты се ’ппӕты дӕр аныхъуырдзысты, рахизырдыгӕй дӕр ӕмӕ галиуырдыгӕй дӕр+. Иерусалимы адӕм та цӕрдзысты сӕхи горӕты – Иерусалимы+.  Йегъовӕ фыццаг Иудӕйы цатыртӕ фервӕзын кӕндзӕн, цӕмӕй Давиды хӕдзары рӕсугъддзинад ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты рӕсугъддзинады раз Иудӕйы рӕсугъддзинад фӕстейӕ ма баззайа.  Уыцы бон Йегъовӕ Иерусалимы цӕрджыты алырдыгӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн+. Се ’хсӕн цудгӕ чи кӕны, уый уыцы бон суыдзӕн Давидау тыхджын+, ӕмӕ Давиды хӕдзар Хуыцауы хуызӕн+, Йегъовӕйы зӕды хуызӕн цӕудзӕн сӕ разӕй+.  Уыцы бон ӕз бындзагъд фӕкӕндзынӕн, Иерусалимы ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕмты се ’ппӕты дӕр+. 10  Ӕз Давиды хӕдзар ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн ӕмӕ сын уымӕй равдисдзынӕн, райгонд сӕ кӕй дӕн+ ӕмӕ сын сӕ лӕгъстӕтӕ кӕй хъусын, уый+. Ӕмӕ уыдон кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ+ ӕмӕ йыл кӕудзысты, иунӕг хъӕбулыл куыд фӕкӕуынц, афтӕ, хъарджытӕ йыл кӕндзысты, фыццаггуырд фыртыл куыд фӕхъарджытӕ кӕнынц, афтӕ+. 11  Уыцы бон Иерусалимы адӕм сӕхи кӕуынӕй мардзысты, Мегиддойы+ дӕлвӕзы Гададриммоны сӕхи кӕуынӕй куыд мардтой, афтӕ. 12  Зӕхх кӕудзӕн+, кӕудзӕн алы хӕдзарвӕндаг дӕр хицӕнӕй: Давиды хӕдзарвӕндаг хицӕнӕй, ӕмӕ сӕ сылгоймӕгтӕ хицӕнӕй+; Нафаны хӕдзарвӕндаг хицӕнӕй+, ӕмӕ сӕ сылгоймӕгтӕ хицӕнӕй; 13  Левийы хӕдзарвӕндаг хицӕнӕй+, ӕмӕ сӕ сылгоймӕгтӕ хицӕнӕй; Шимейы хӕдзарвӕндаг хицӕнӕй+, ӕмӕ сӕ сылгоймӕгтӕ хицӕнӕй; 14  иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕр, алы хӕдзарвӕндаг дӕр хицӕнӕй, ӕмӕ сӕ сылгоймӕгтӕ хицӕнӕй+.

Фиппаинӕгтӕ