Захари 13:1—9
13 Уыцы бон+ Давиды хӕдзарӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕн цъай къахт ӕрцӕудзӕн+, цӕмӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕй+ ӕмӕ сӕ цъаммар хъуыддӕгтӕй+.
2 Уыцы бон,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕз ацы зӕххӕй мӕнгхуыцӕутты нӕмттӕ фесафдзынӕн+, ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты. Ацы зӕххӕй фесафдзынӕн пехуымпарты+, стӕй хӕйрӕджыты тых дӕр+.
3 Ӕмӕ ма исчи куы пехуымпариуӕг кӕна, уӕд ын йӕ ныййарӕг фыд ӕмӕ мад зӕгъдзысты: „Ды удӕгасӕй нӕ баззайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурыс“. Ӕмӕ йӕ йӕ ныййарӕг фыд ӕмӕ мад барӕхойдзысты, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй+.
4 Уыцы бон пехуымпартӕй алкӕмӕ дӕр худинаг ӕркӕсдзӕн+, цы цӕстылуайӕн федта, уый тыххӕй. Цармӕй дарӕсы нал цӕудзысты+ ӕмӕ адӕмы нал сайдзысты.
5 Уӕд сӕ алчидӕр зӕгъдзӕн: „Ӕз пехуымпар нӕ дӕн. Ӕз зӕхкусӕг дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ме ’рыгонӕй иу лӕг йӕхицӕн балхӕдта“.
6 Уӕд ӕй бафӕрсдзысты: „Уый та дӕ буарыл цӕй цӕфтӕ ис?“ Ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Тынг мӕ чи уарзы, уыдоны хӕдзары мӕ фӕнадтой“».
7 «О хъама, сыст мӕ фыййауы ныхмӕ+, ме ’мбалы ныхмӕ+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Фыййауы ӕрцӕв+, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидза+, ӕмӕ ӕз мӕ хорзӕхӕй бахай кӕндзынӕн, иннӕты цӕсты ницӕйаг чи у, уыдонӕн»+.
8 «Ӕгас зӕххыл дӕр чи ис,– зӕгъы Йегъовӕ,– уыдонӕн сӕ дыууӕ хайы фӕцагъды уыдзысты ӕмӕ фесӕфдзысты+, се ’ртыккаг хай та баззайдзӕн+.
9 Ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдоны, ӕвзист+ ӕмӕ сызгъӕрин+ арты+ куыд фӕсыгъдӕг кӕнынц, афтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ бафӕлвардзынӕн. Ӕмӕ мын уыдон мӕ ном ардзысты, ӕмӕ-иу сӕ ӕз фехъусдзынӕн+. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты мӕ адӕм“+. Уыдон та зӕгъдзысты: „Йегъовӕ у нӕ Хуыцау“»+.