Захари 2:1—13
2 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон иу адӕймаджы, йӕ къухы уыди барӕн бӕндӕн+.
2 Ӕмӕ йӕ бафарстон: «Кӕдӕм цӕуыс?»
Уый мын дзуапп радта: «Иерусалим сбарынмӕ, цӕмӕй базонон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ цас у, уый»+.
3 Уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый ацыд, ӕмӕ йӕ размӕ ӕндӕр зӕд рацыд.
4 Ӕмӕ йын загъта: «Азгъор ӕмӕ уыцы лӕппуйӕн зӕгъ: „Сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хъӕуты+ куыд бирӕ адӕм ӕмӕ фос вӕййы, афтӕ бирӕ адӕм ӕмӕ фос уыдзӕн Иерусалимы дӕр+.
5 Ӕз суыдзынӕн артӕй къул йӕ алыварс+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мӕ кадӕй байдзаг уыдзӕн“»+.
6 «Гъей! Гъей! Лидзгӕ кӕнут цӕгат бӕстӕйӕ»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
«Уымӕн ӕмӕ уӕ ӕз алырдӕм* ныппырх кодтон»+,– зӕгъы Йегъовӕ.
7 «Гъей, Сион+, Вавилоны чызгмӕ чи цӕры, уый! Лидзгӕ кӕн+,
8 уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Хуыцау куы скадджын ис+, уӕд мӕ арвыста, сымах чи стыгъта, уыцы адӕмтӕм“+. „Сымахмӕ чи ӕвналы+, уый мын мӕ цӕстыгагуымӕ ӕвналы+.
9 Тымбылкъухӕй сӕм бартхъирӕн кӕндзынӕн+, ӕмӕ сӕ цагъарты амӕттаг фӕуыдзысты“+. Ӕмӕ йӕ уӕд базондзыстут, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мӕ кӕй рарвыста+.
10 Фырцинӕй хъӕр кӕн, Сионы чызг+, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕз ӕрцӕудзынӕн+ ӕмӕ де ’хсӕн цӕрдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.–
11 Уыцы бон Йегъовӕмӕ бирӕ адӕмтӕ ӕрбаиу уыдзысты+ ӕмӕ суыдзысты мӕ адӕм+, ӕмӕ ӕз де ’хсӕн цӕрдзынӕн». Ӕмӕ йӕ уӕд базондзынӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мӕ кӕй рарвыста дӕумӕ+.
12 Йегъовӕ Иудӕйы йӕхи бакӕндзӕн – сыгъдӕг зӕххыл уый уыдзӕн йӕ хай+. Ӕмӕ та Иерусалим суыдзӕн йе ’взӕрст горӕт+.
13 Адӕм, уе ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы раз ныссабыр ут+, уымӕн ӕмӕ уый+ йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынатӕй рацӕуы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цыппар уӕларвон дымгӕйау».