Захари 6:1—15

6  Ӕмӕ та ногӕй акастӕн ӕмӕ федтон, дыууӕ хохы ’хсӕн цыппар бӕхуӕрдоны куыд фӕзынд. Уыцы хӕхтӕ уыдысты ӕрхуы хӕхтӕ.  Фыццаг бӕхуӕрдоны ифтыгъд уыд сырх бӕхтӕ+, дыккаг бӕхуӕрдоны – сау бӕхтӕ+,  ӕртыккаг бӕхуӕрдоны – урс бӕхтӕ+, цыппӕрӕм бӕхуӕрдоны та – хъулон бӕхтӕ тӕппытимӕ+.  Ӕмӕ, мемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕды бафарстон: «Мӕ буц хицау, уыдон цы сты?»+  Зӕд мын загъта: «Уыдон сты цыппар уӕларвон тыхы+. Ӕгас зӕххы+ Бардарӕджы раз лӕууыдысты+ ӕмӕ ныр уырдыгӕй цӕуынц+.  Сау бӕхтӕ цы бӕхуӕрдоны сты ифтыгъд, уый цӕуы цӕгатырдӕм+, урс бӕхтӕ ацӕудзысты денджызы иннӕ фарсмӕ, хъулон бӕхтӕ та – хуссарырдӕм+.  Тӕппытӕ+ бӕхтӕ ацӕудзысты, кӕдӕм сӕ хъӕуы цӕуын, уырдӕм, цӕмӕй зӕххыл ӕрзилой»+. Ӕмӕ стӕй загъта: «Ацӕут, зӕххыл ӕрзилут». Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты.  Стӕй мӕм ныхъхъӕр кодта: «Кӕс-ма, цӕгатырдӕм чи фӕцӕуы, уыцы бӕхтӕ цӕгат+ зӕххыл Йегъовӕйӕн йӕ маст*+ ӕрсабыр кодтой».  Дарддӕр мын Йегъовӕ загъта: 10  «Сӕ зӕххӕй хауӕггаг кӕй фӕкодтой, уыцы адӕм Хелдайӕн, Товийӕн ӕмӕ Йедайӕйӕн цы мысайнӕгтӕ рарвыстой, уыдонӕй райсӕнт+. Ӕмӕ уыцы бон дӕхӕдӕг дӕр, Вавилонӕй чи ӕрцыд, уыдонимӕ Софонийы+ фырт Иосийы хӕдзармӕ ӕрбацу. 11  Райс ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, рӕсугъд кадыхуд+ дзы скӕн, стӕй йӕ хистӕр сауджын Иоседекы фырт Йесойы+ сӕрыл ӕркӕн 12  ӕмӕ йын зӕгъ:„Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ай у, йӕ ном Тау+ кӕмӕн хуыйны, уыцы адӕймаг+. Уый тау суадздзӕн йӕхи зӕххыл ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон сараздзӕн+. 13  О, уый Йегъовӕйы кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ скадджын уыдзӕн+. Уый ӕрбаддзӕн йӕ паддзахбадӕныл ӕмӕ уыдзӕн паддзах ӕмӕ сауджын+. Ӕмӕ уыцы дыууӕ хӕсы ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕрхӕсдзӕн фарн+. 14  Уыцы рӕсугъд кадыхуд хъӕудзӕн Йегъовӕйы кувӕндоны сӕвӕрын, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау йӕ зӕрдыл дардзӕн+, Хелем, Тови, Йедайӕ+ ӕмӕ Софонийы фырт Хен цы сарӕзтой, уый. 15  Дард ран чи ис, уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар араздзысты“+. Ӕмӕ йӕ уӕд базондзыстут, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мӕ кӕй рарвыста+. Афтӕ уыдзӕн, кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъусат, уӕд“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.