Захари 7:1—14

7  Дари цыппӕрӕм аз куы уыд паддзах+, уыцы аз фарӕстӕм мӕйы, ома кислевы мӕйы+, мӕйӕн йӕ цыппӕрӕм бон Захаримӕ Йегъовӕйӕ уыд ныхас.  Вефилы адӕм Шарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы сӕ адӕмимӕ арвыстой, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтаиккой+  ӕмӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хӕдзары цы сауджынтӕ+ уыд, уыдоны ӕмӕ пехуымпарты бафарстаиккой: «Уал азы дӕргъы куыд кодтон+, афтӕ та хъуамӕ фӕндзӕм+ мӕйы дӕр кӕуон ӕмӕ ком дарон?»  Ӕмӕ мын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта:  «Ацы бӕстӕйы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр зӕгъ: „Ӕвдай азы+ дӕргъы-иу фӕндзӕм мӕйы ӕмӕ ӕвдӕм+ мӕйы ком куы дардтат+ ӕмӕ куы куыдтат, уӕд-иу ком мӕн тыххӕй дардтат?+  Ӕмӕ-иу куы хордтат ӕмӕ куы нызтат, уӕд дӕр-иу уӕхи тыххӕй нӕ хордтат ӕмӕ нӕ нызтат?  Иерусалим ӕмӕ йӕ алыварс горӕттӕ цӕрджытӕй йедзаг куы уыдысты ӕмӕ ӕнцад-ӕнцойӕ куы цардысты, стӕй Негев+ ӕмӕ Шефелӕ+ дӕр цӕрджытӕй йедзаг куы уыдысты, уӕд уын Йегъовӕ раздӕры пехуымпарты уылты цы дзырдта+, уымӕ хъуамӕ ма хъуыстаиккат?“»+  Ӕмӕ та Йегъовӕ Захарийӕн загъта:  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕцӕг рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнут+, кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут+ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут+. 10  Идӕдз усы+ ӕмӕ сидзӕры*+, стӕй ӕрцӕуӕггаджы+ ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы+ дӕр ма сайут. Ӕмӕ уӕ зӕрдӕты кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма кӕнут“+. 11  Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой+, сӕ чъылдым* ӕм сыздӕхтой+ ӕмӕ сӕ хъустӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй мацы хъуыстаиккой+. 12  Сӕ зӕрдӕ+ ныддур кодтой, цӕмӕй ма хъуыстаиккой закъонмӕ+ ӕмӕ сын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕ тыхы*+ фӕрцы раздӕры пехуымпарты+ уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы маст ссыгъд»+. 13  «„Ӕз сӕм куы дзырдтон, уӕд мӕм нӕ хъуыстой+. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕз дӕр нӕ хъуыстон+, куы мӕм дзырдтой, уӕд“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– 14  Кӕй нӕ зыдтой+, уыцы адӕмтыл сӕ тыхдымгӕйау ныппырх кодтон+. Сӕ зӕхх сӕ фӕстӕ дзӕгъӕл баззад – нал ыл цӕуӕг уыди, нал, фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхтаид+, ахӕм. Бӕллиццаг зӕхх+ диссагӕн дзуринаг фӕкодтой“».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйы».
Комк. «хивӕнд уӕхск».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.