Захари 8:1—23

8  Ӕмӕ та ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта:  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+: „Сионы тыххӕй мӕ маст ссудздзӕн+, о, Сионы тыххӕй ссудздзӕн ме стыр маст“»+.  «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз Сионмӕ ӕрыздӕхдзынӕн+ ӕмӕ цӕрдзынӕн Иерусалимы+. Ӕмӕ Иерусалим схондзысты иузӕрдион горӕт+, ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хох+ та – сыгъдӕг хох“»+.  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Иерусалимы фӕзты та зӕронд лӕгтӕ ӕмӕ зӕронд устытӕ баддзысты+. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ къухы уыдзӕн лӕдзӕг+, уымӕн ӕмӕ сыл бирӕ цӕудзӕн.  Горӕты фӕзтӕ гыццыл лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕй байдзаг уыдзысты ӕмӕ-иу уым хъаздзысты“»+.  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ацы адӕмӕй ма уыцы рӕстӕгмӕ чи баззайа, уыдонмӕ, чи зоны, уый тынг зын хъуыддаг фӕкӕса, фӕлӕ цымӕ мӕнмӕ дӕр тынг зын фӕкӕсдзӕн?“+ – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ».  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕз мӕ адӕмы ракӕндзынӕн, хур кӕм скӕсы, уырдыгӕй дӕр ӕмӕ, кӕм аныгуылы, уырдыгӕй дӕр+.  Иерусалиммӕ сӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ уым цӕрдзысты+. Уыдон суыдзысты мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн сӕ иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау“»+.  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Абон пехуымпарты дзыхӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы+, уе ’ппӕт дӕр ныфсджын ут+, цӕмӕй кувӕндон арӕзт ӕрцӕуа. Пехуымпартӕ ацы ныхӕстӕ дзырдтой, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы цыд, уӕд+. 10  Уӕды онг адӕм сӕ фыдӕбоны тыххӕй мызд нӕ истой+, нӕ уыди мызд хӕдзарон фосӕн дӕр. Ӕмӕ ацӕуӕг дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуӕг дӕр знӕгтӕй ӕнцой нӕ зыдтой+, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ скодтон“+. 11  „Фӕлӕ ма ацы адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн, раздӕр куыд уыдтӕн, афтӕ нал уыдзынӕн+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– 12  Фарны мыггаг байтаудзысты+, сӕнӕфсир дыргъ ратдзӕн+, зӕхх ратдзӕн тыллӕг+ ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр ратдзысты ӕртӕх+. Ӕз ӕппӕт ацы хорздзинӕдтӕ бынӕн ратдзынӕн+, ацы адӕмӕй ма чи баззад, уыдонӕн+. 13  Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм+, сымах адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг фестут+, фӕлӕ уӕ ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ ныр та уыдзыстут арфӕдзинад+. Ма тӕрсут+. Ныфсджын ут“+. 14  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уӕ фыдӕлтӕ мӕ куы смӕсты кодтой, уӕд ӕнцад куыд нӕ бадтӕн ӕмӕ сыл бӕллӕх куыд ӕруагътон+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ сын куыд нӕ фӕтӕригъӕд кодтон+, 15  афтӕ ныр дӕр ӕнцад нӕ баддзынӕн, ӕрмӕст ныр Иерусалимӕн ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн хорздзинад ракӕндзынӕн+. Ма тӕрсут“+. 16  „Мӕнӕ цы хъуамӕ аразат+: кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут+. Уӕ кулдуӕртты раз рӕстӕй тӕрхон кӕнут ӕмӕ, фарнмӕ чи кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссут+. 17  Кӕрӕдзийы ныхмӕ уӕ зӕрдӕты фыдвӕндтӕ ма кӕнут+ ӕмӕ мӕнг сомытӕ кӕнын ма уарзут+, уымӕн ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕз ме сӕфт уынын“+,– зӕгъы Йегъовӕ». 18  Ӕмӕ та мын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ногӕй загъта: 19  «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Цыппӕрӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ, фӕндзӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ, ӕвдӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ ӕмӕ дӕсӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ Иудӕйы адӕмӕн уыдзысты циндзинады, хъӕлдзӕгдзинады ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг+. Уӕдӕ уарзут рӕстдзинад* ӕмӕ фарн“+. 20  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Нырма ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕмтӕ ӕмӕ бирӕ горӕтты цӕрджытӕ ӕрцӕудзысты+, 21  ӕмӕ иу горӕты цӕрджытӕ иннӕ горӕты цӕрджытӕм бацӕудзысты ӕмӕ сын зӕгъдзысты: „Цомут+ ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм+ ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ӕрцагурӕм. Мах нӕхӕдӕг дӕр ацӕудзыстӕм“+. 22  Ӕмӕ бирӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ тыхджын адӕмтӕ Иерусалиммӕ ӕрцӕудзысты, цӕмӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ӕрцагурой+ ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕной“. 23  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы+ ныххӕцдзысты+ иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл+ ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм+, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».