Иоанны 1:1—51
1 Райдианы+ уыди Дзырд+, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ+, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау*+.
2 Уый райдианы+ уыди Хуыцауимӕ+.
3 Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд+, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд.
4 Уый фӕрцы цы фӕзынд, уый уыди цард+, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди рухс+.
5 Ӕмӕ уыцы рухс ӕрттивы талынджы+, ӕмӕ йыл талынг нӕ тых кӕны.
6 Уӕд ӕрцыд Хуыцауӕй+ ӕрвыст лӕг, йӕ ном хуынди Иоанн+.
7 Уыцы адӕймаг ӕрцыд+, цӕмӕй рухсы тыххӕй дзырдтаид*+ ӕмӕ цӕмӕй уый уылты алыхуызон адӕм баууӕндыдаиккой+.
8 Иоанн йӕхӕдӕг нӕ уыд уыцы рухс+, фӕлӕ хъуамӕ уыцы рухсы тыххӕй дзырдтаид+.
9 Алыхуызон адӕмӕн+ рухс чи хӕссы+, уыцы ӕцӕг рухс+ тагъд хъуамӕ ӕрцыдаид дунемӕ.
10 Уый уыд дунейы+, ӕмӕ дуне уый фӕрцы фӕзынд+, фӕлӕ йӕ дуне нӕ базыдта.
11 Уый ӕрцыд йӕхи адӕммӕ, фӕлӕ йыл уыдон нӕ баууӕндыдысты+.
12 Чи йыл баууӕндыд+, ӕппӕт уыдонӕн та радта уый бар, цӕмӕй суой Хуыцауы хъӕбултӕ+, уымӕн ӕмӕ йыл* ӕууӕндыдысты+,
13 ӕмӕ уыдон туг ӕмӕ стӕгӕй кӕнӕ зӕххон адӕймаджы фӕндӕй нӕ райгуырдысты, фӕлӕ Хуыцауӕй+.
14 Гъемӕ Дзырд сси зӕххон адӕймаг+ ӕмӕ цард не ’хсӕн, ӕмӕ йын мах федтам йӕ кад – фыдӕй иунӕг фыртӕн*+ цы кад вӕййы, уыцы кад. Уый хайджын уыд стыр хорзӕхӕй ӕмӕ рӕстдзинадӕй*+.
15 Иоанн уый тыххӕй лӕууыд ӕвдисӕн, о, хъӕрӕй дзырдта. Иоанн загъта ацы ныхӕстӕ: «Мӕ фӕстӕ чи цӕуы, уый мӕ разӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр»+.
16 Уый не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта+, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй+.
17 Хуыцау Закъон радта Моисейы уылты+, стыр хорзӕх+ ӕмӕ рӕстдзинад+ та фӕзындысты Йесо Чырыстийы фӕрцы.
18 Адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта+, фӕлӕ, Хуыцауы хуызӕн чи у ӕмӕ Фыдмӕ, цыма йӕ риуыл+ йӕхи бакъул кодта, афтӕ хӕстӕг чи у, уыцы иунӕг хъӕбул*+ нын бамбарын кодта, чи у, уый+.
19 Дзуттӕгтӕ Иерусалимӕй Иоанмӕ ӕрӕрвыстой сауджынты ӕмӕ левитты, цӕмӕй йӕ бафарстаиккой, чи дӕ, зӕгъгӕ+.
20 Ӕмӕ Иоанн ныхас иннӕрдӕм нӕ аздӕхта, фӕлӕ сын ӕргом загъта: «Ӕз Чырысти* нӕ дӕн»+.
21 Ӕмӕ йӕ уӕд бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа?»+ Уый та сын загъта: «Илийа дӕр нӕ дӕн». «Мыййаг, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар дӕ?»+ Ӕмӕ та сын дзуапп радта: «Уый дӕр нӕ дӕн!»
22 Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Чи нӕ рарвыста, уыдонӕн нӕ исты зӕгъын хъӕуы. Цы зӕгъдзынӕ дӕхи тыххӕй?»+
23 Ӕмӕ сын уӕд Иоанн загъта: «Ӕз дӕн, ӕдзӕрӕг быдыры чи хъӕр кӕны, уый хъӕлӕс: „Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг алӕгъз кӕнут“, пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕ»+.
24 Уыцы адӕмы та ӕрбарвыстой фарисейтӕ.
25 Гъемӕ та йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар, уӕд адӕмӕн аргъуыд+ цӕмӕн дӕттыс?»
26 Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъуыд дӕттын* донӕй. Фӕлӕ уе ’хсӕн+ ис иу чидӕр, ӕмӕ йӕ сымах нӕ зонут+.
27 Уый цӕуы мӕ фӕстӕ, фӕлӕ ӕз уымӕн йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн»+.
28 Ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты Вифанийы, Иорданы фаллаг фарс, Иоанн адӕмӕн донаргъуыд кӕм лӕвӕрдта, уым+.
29 Иннӕ бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк+, уый дунейы тӕригъӕдтӕ+ ахӕсдзӕн!+
30 Амӕй уын дзырдтон, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ цӕуы, мӕ разӕй чи фӕци, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр+.
31 Ӕз ӕй мӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ дӕр уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йӕ Израилы адӕм базыдтаиккой»+.
32 Иоанн ма ноджыдӕр загъта: «Ӕз федтон, Хуыцауы сыгъдӕг тых* уӕларвӕй бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ йыл куыд ӕрӕнцад+.
33 Ӕз дӕр ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ Чи рарвыста+, уый мын загъта: „Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ кӕуыл фенай, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд уый дӕтдзӕн“+.
34 Ӕмӕ ӕз уыцы хабар федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, уый кӕй у Хуыцауы Фырт»+.
35 Уый фӕстӕ бон та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ
36 ӕмӕ, Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк!»+
37 Йӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Йесойы фӕдыл ацыдысты.
38 Йесо разылд ӕмӕ сӕ йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ бафарста: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Равви*, кӕм ӕрлӕууыдтӕ?»
39 Уый сын загъта: «Рацӕут, ӕмӕ йӕ фендзыстут»+. Гъемӕ уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууыд, уый федтой, ӕмӕ уыцы бон уыдон дӕр йемӕ баззадысты. Уый уыди дӕсӕм сахатыл*.
40 Иоанны ныхӕстӕ чи фехъуыста ӕмӕ Йесойы фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ сӕ иу уыди Андрей+, Симон Петры ӕфсымӕр.
41 Ӕмӕ уал фыццаг йе ’фсымӕр Симоны бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессийӕйы»+ (грекъагау «Чырысти»)+.
42 Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст+ ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕ Иоанны+ фырт Симон+. Хондзысты дӕ Кифӕ» (грекъагау «Петр»)+.
43 Иннӕ бон Йесо сфӕнд кодта Галилейӕмӕ ацӕуын. Гъемӕ Филиппы+ бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу»+.
44 Филипп уыди Вифсаидӕйӕ+, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы горӕтӕй.
45 Уӕд Филипп та бацагуырдта Нафанаилы+ ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны+ кӕй тыххӕй фыста ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуыты кӕй тыххӕй ис фыст, уый – назаретаг Йесойы, Иосифы+ фырты».
46 Фӕлӕ йын Нафанаил загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?»+ Ӕмӕ йын уӕд Филипп загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен».
47 Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый»+.
48 Нафанаил та йӕ бафарста: «Кӕцӕй мӕ зоныс?» Йесо йын загъта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕдмӕ дӕр дӕ федтон, легъуибӕласы бын куы уыдтӕ, уӕд».
49 Ӕмӕ йын уӕд Нафанаил загъта: «Ахуыргӕнӕг, ды дӕ Хуыцауы Фырт+, ды дӕ Израилы Паддзах+».
50 Йесо та йын загъта: «Афтӕ дын кӕй загътон, легъуибӕласы бын дӕ федтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй мыл баууӕндыдтӕ? Ды уымӕй стырдӕр диссӕгтӕ фендзынӕ».
51 Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах фендзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты+ уырдӕм сцӕйцӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕйцӕугӕ»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ома Хуыцауы хуызӕн, Хуыцауӕй. Кӕс Уӕлӕмх. 14.
^ Комк. «ӕвдисӕн лӕууыдаид».
^ Комк. «йӕ номыл».
^ Комк. «иунӕггуырд фыртӕн», ома Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста йӕхӕдӕг.
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй». Кӕс 17 ст. дӕр.
^ Комк. «иунӕггуырд хуыцау».
^ Кӕнӕ «доны фӕтъыссын; доны бын акӕнын».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Нысан кӕны «ахуыргӕнӕг».
^ Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 4 сахатмӕ ’ввахс.