Иоанны 10:1—42

10  «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: фысдонмӕ дуарыл+ чи нӕ бацӕуы, фӕлӕ ӕндӕр кӕуылдӕрты чи бабыры, уый у давӕг ӕмӕ абырӕг+.  Дуарыл+ чи бацӕуы, уый та у фыстӕн+ сӕ фыййау+.  Фыййауӕн дуаргӕс+ дуар бакӕны, ӕмӕ фыстӕ+ хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ. Уый йӕ фыстӕм сӕ номӕй фӕдзуры ӕмӕ сӕ ӕддӕмӕ ракӕны.  Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд сӕ разӕй ацӕуы, уыдон та фӕцӕуынц йӕ фӕдыл+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц+.  Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та ницы хуызы ацӕудзысты, фӕлӕ дзы алидздзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс нӕ зонынц»+.  Йесо сын уыцы цӕвиттон ӕрхаста, фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой+.  Ӕмӕ сын уӕд Йесо ногӕй афтӕ зӕгъы: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз дӕн фыстӕн дуар+.  Мӕн ӕфсон чи ’рцыд, уыдон иууылдӕр сты давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ+, фӕлӕ фыстӕ уыдонмӕ нӕ хъуыстой+.  Ӕз дӕн дуар+. Мидӕмӕ мӕн уылты чи бахиза, уый фервӕздзӕн. Уый мидӕмӕ дӕр бацӕудзӕн, ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр рацӕудзӕн, ӕмӕ ссардзӕн хизӕнуат+. 10  Давӕг+ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕрбацӕуы, цӕмӕй адава, амара ӕмӕ фесафа+. Ӕз та уый тыххӕй ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фыстӕ цардӕй хайджын уой ӕмӕ цардӕй бафсӕдой. 11  Ӕз дӕн хорз фыййау+. Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау+. 12  Ӕххуырст+ кусӕг та фыййау нӕу ӕмӕ фыстӕ йӕхи не сты, ӕмӕ бирӕгъы ӕрбацӕйцӕугӕ куы фены, уӕд фысты фӕуадзы ӕмӕ алидзы. Ӕмӕ бирӕгъ фыстӕй иуты ӕрцахсы, иннӕты та алырдӕмты ныххӕлиу кӕны+. 13  Ӕххуырст+ кусӕг уымӕн алидзы, ӕмӕ ӕххуырст у – уый фыстыл нӕ мӕт кӕны+. 14  Ӕз та дӕн хорз фыййау, ӕз зонын мӕ фысты+, стӕй мӕ мӕ фыстӕ дӕр зонынц+, 15  мӕ Фыд мӕн куыд зоны, ӕмӕ ӕз та мӕ Фыды куыд зонын, афтӕ+. Ӕмӕ ӕз мӕ уд* дӕттын фысты сӕрвӕлтау+. 16  Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ+ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты+. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ+. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау+. 17  Мӕ Фыд мӕ уый тыххӕй уарзы+, ӕмӕ мӕ цард* нывондӕн дӕттын+, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон. 18  Тыххӕй мын ӕй ничи исы, мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Ис мын уыцы бар, цӕмӕй йӕ дӕтгӕ дӕр ракӕнон ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ дӕр райсон+. Афтӕ мын бафӕдзӕхста+ мӕ Фыд». 19  Ӕмӕ та ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр дзуттӕгтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систы+. 20  Бирӕтӕ сӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджджын+ цыдӕр у, йӕ сӕрызонд фӕцыд. Цы йӕм хъусут?» 21  Иннӕтӕ та дзырдтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕджытӕн кӕцӕй у сӕ бон куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын!» 22  Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыд Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбон. Уый уыди зымӕджы. 23  Ӕмӕ Йесо рацу-бацу кодта кувӕндоны, Соломоны тыргъы*+. 24  Уым ыл дзуттӕгтӕ амбырд сты ӕмӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Тухӕнӕй ма нӕ* бирӕ мардзынӕ? Кӕд Чырысти+ дӕ, уӕд нын ӕй комкоммӕ зӕгъ»+. 25  Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, фӕлӕ сымах уӕддӕр нӕ уырны. Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон мын сты ӕвдисӕн+. 26  Фӕлӕ мыл сымах не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ мӕ фыстӕй не стут+. 27  Мӕ фыстӕ+ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл+. 28  Ӕз сын ратдзынӕн ӕнусон цард+, ӕмӕ уыдон никуы фесӕфдзысты+, ӕмӕ сӕ мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн+. 29  Мӕ Фыд+ мын кӕй радта, уыдон сты ӕппӕтӕй зынаргъдӕр+, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕн мӕ Фыды къухӕй+. 30  Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм»+. 31  Ӕмӕ та дзуттӕгтӕ дуртӕ фелвӕстой, дуртӕй йӕ фӕхойӕм, зӕгъгӕ+. 32  Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд мын кӕй бахӕс кодта, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын бирӕ равдыстон. Ӕмӕ мӕ дзы кӕцыйы тыххӕй марут дуртӕй?» 33  Дзуттӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕ нӕ марӕм, фӕлӕ Хуыцауы кӕй фауыс+ – адӕймаг уӕвгӕйӕ дӕхицӕй хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй»+. 34  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕ Закъоны+ афтӕ фыст нӕй, зӕгъгӕ, „ӕз загътон: „Сымах стут хуыцӕуттӕ“?+ 35  Кӕд, Хуыцауы ныхас кӕй ныхмӕ дзуры, уыдоны Хуыцау „хуыцӕуттӕ+“ схуыдта,– ӕмӕ Фыстадӕн та аивӕн нӕй+,– 36  уӕд мӕнӕн, Фыд кӕй равзӕрста* ӕмӕ дунемӕ кӕй рарвыста, уыцы адӕймагӕн, Хуыцауы Фырт дӕн, зӕгъгӕ, кӕй загътон, уый тыххӕй афтӕ куыд зӕгъут: „Хуыцауы фауыс“?+ 37  Кӕд мӕ Фыды хъуыддӕгтӕ нӕ аразын+, уӕд мыл ма ӕууӕндут. 38  Фӕлӕ сӕ кӕд аразын, уӕд уыцы хъуыддӕгтыл ӕууӕндут+, кӕд мын мӕхиуыл не ’ууӕндут, уӕддӕр, цӕмӕй йӕ базонат ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дӕр зонат, мӕ Фыд мемӕ иудзинады кӕй ис, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ Фыдимӕ иудзинады кӕй дӕн»+. 39  Ӕмӕ та йӕ ногӕй ӕрцахсынмӕ хъавыдысты+, фӕлӕ сӕ къухы нӕ бафтыд+. 40  Уӕд та Йесо фӕстӕмӕ ацыд Иорданы иннӕ фарсмӕ, Иоанн донаргъуыд+ фыццаг кӕм лӕвӕрдта, уырдӕм, ӕмӕ иуцасдӕр уым фӕци. 41  Уырдӕм ӕм ӕрбацыд бирӕ адӕм, ӕмӕ дзырдтой: «Иоанн иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта, фӕлӕ ацы адӕймаджы тыххӕй цы загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты»+. 42  Ӕмӕ йыл уым бирӕтӕ баууӕндыдысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд».
Кӕс Ин 5:2, фип.
Комк. «нӕ удтӕ»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «кӕй ссыгъдӕг кодта».