Иоанны 12:1—50
12 Ӕмӕ Куадзӕнӕй ӕхсӕз боны раздӕр Йесо ӕрцыд Вифанимӕ+ – кӕй райгас кодта, уыцы Лазӕр+ кӕм цард, уырдӕм.
2 Уым ын ӕрцӕттӕ кодтой ӕхсӕвӕр, ӕмӕ сын Марфӕ+ лӕггад кодта+, Лазӕр та уыди, йемӕ фынгыл чи бадт, уыдоны ’хсӕн+.
3 Уӕд Марийӕ райста ӕрдӕг литры бӕрц сыгъдӕг нард+ – тынг зынаргъ хӕрздӕф сой, Йесойы къӕхтӕ дзы байсӕрста ӕмӕ йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта+. Ӕмӕ хӕдзар хӕрздӕф сойы тӕфӕй байдзаг.
4 Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу, Иудӕ Искариот+, ауӕй кӕнынмӕ йӕ чи хъавыд, уый, загъта:
5 «Уыцы хӕрздӕф+ сой ӕртӕсӕдӕ динарыл* нӕ уыди ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртыл+ байуарӕн?»
6 Афтӕ та уый тыххӕй нӕ загъта, ӕмӕ мӕгуыртыл тыхсти, фӕлӕ уыди давӕг+: ӕхцайы къопп уымӕ уыди+, ӕмӕ дзы цы ’хцатӕ ӕвӕрдтой, уыдонӕй-иу систа.
7 Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Уадз ӕй, ӕмӕ бакӕна ацы ӕгъдау, ӕмӕ мын мӕ буар мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бацӕттӕ кӕна+.
8 Мӕгуыртӕ+ ӕдзухдӕр уемӕ сты, фӕлӕ ӕз уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн».
9 Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ базыдтой, Йесо уым кӕй ис, уый, ӕмӕ уырдӕм ӕрцыдысты, ӕрмӕст Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазӕры фенынмӕ дӕр+.
10 Сауджынты хистӕртӕ та бауынаффӕ кодтой, Лазӕры дӕр амарӕм, зӕгъгӕ+,
11 уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй дзуттӕгтӕй бирӕтӕ уырдӕм цыдысты ӕмӕ-иу Йесойыл баууӕндыдысты+.
12 Иннӕ бон, бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацыд, уыдон фехъуыстой, Йесо Иерусалиммӕ кӕй ссӕуы, уый.
13 Ӕмӕ пальмӕйы къалиутӕ райстой+ ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты. Ӕмӕ хъӕр кодтой+: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!+ Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй+ чи ’рцӕуы, уый, Израилы паддзах!»+
14 Йесо та ссардта къӕлӕу+ ӕмӕ йыл сбадт. Фыст дӕр афтӕ у:
15 «Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕм дӕ паддзах+ къӕлӕуыл фӕцӕуы»+.
16 Ацы хабӕрттӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой+, фӕлӕ Йесо куы скадджын+, уӕд ӕй ӕрхъуыды кодтой, Йесойы тыххӕй афтӕ фыст кӕй уыди ӕмӕ адӕм йӕ размӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй рацыдысты+.
17 Йесо Лазӕрмӕ зӕппадзмӕ куы бадзырдта+ ӕмӕ йӕ мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд йӕ цуры цы адӕм уыди, уыдон уый тыххӕй дзырдтой алкӕмӕн дӕр+.
18 Ӕмӕ адӕм йӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдысты, ӕмӕ фехъуыстой, ахӕм диссаг+ кӕй сарӕзта, уый.
19 Фарисейтӕ+ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, ӕппындӕр нын дзы ницы уайы. Акӕсут-ма, ӕгас дуне дӕр йӕ фӕдыл цӕуы!»+
20 Бӕрӕгбонмӕ Хуыцауӕн кувынмӕ чи ’рбацыд, уыдоны ’хсӕн уыди грекъӕгтӕ+ дӕр.
21 Ӕмӕ уыцы грекъӕгтӕ бацыдысты, галилейаг горӕт Вифсаидӕйӕ чи уыди, уыцы Филиппмӕ+ ӕмӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Хорз лӕг, Йесойы фенын нӕ фӕнды»+.
22 Филипп ацыд ӕмӕ хабар Андрейӕн бамбарын кодта. Стӕй Андрей ӕмӕ Филипп иумӕ ацыдысты ӕмӕ уый тыххӕй Йесойӕн загътой.
23 Йесо та сын загъта: «Ӕрхӕццӕ уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт скадджын уыдзӕн+.
24 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххы куы нӕ ныххауа ӕмӕ куы нӕ бамбийа*, уӕд афтӕ иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Куы бамбийа*+, уӕд та ӕрхӕсдзӕн бирӕ тыллӕг.
25 Йӕ уд* чи уарзы, уый йӕ сафгӕ кӕны, йӕ удӕй ацы дунейы йе сӕфт чи уыны+, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнусон цардӕн+.
26 Кӕд искӕй мӕнӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд мӕ фӕдыл цӕуӕд, ӕмӕ, ӕз кӕм уон, уым уыдзӕн мӕ лӕггадгӕнӕг дӕр+. Мӕнӕн чи лӕггад кӕна, уымӕн мӕ Фыд скад кӕндзӕн+.
27 Ныр мӕ уд катай кӕны+, ӕмӕ цы зӕгъон? Мӕ Фыд, фервӕзын мӕ кӕн, ацы сахат мӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй+. Уӕвгӕ, ӕз цӕугӕ дӕр ацы фӕлварӕны* тыххӕй ӕркодтон.
28 Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс+: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн»+.
29 Уым цы адӕм лӕууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ иутӕ дзырдтой, арв ныннӕрыд, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ та дзырдтой: «Йемӕ зӕд ныхас кодта».
30 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ацы хъӕлӕс мӕн тыххӕй не ’рыхъуыст, фӕлӕ сымах тыххӕй+.
31 Ныр ӕрцыд ацы дунейӕн тӕрхон кӕныны рӕстӕг. Ныр ацы дунейы хицау+ тард ӕрцӕудзӕн+.
32 Ӕмӕ ӕз зӕххы сӕрмӕ ист куы ’рцӕуон+, уӕд мӕхимӕ ӕркӕндзынӕн алыхуызон адӕмы»+.
33 Афтӕ та уымӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цавӕр мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, уый+.
34 Уӕд ын адӕм загътой: «Мах Закъонӕй фехъуыстам, Чырысти ӕнустӕм кӕй уыдзӕн+. Ӕмӕ уӕд ды афтӕ куыд дзурыс, Адӕймаджы Фырт ист ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?+ Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»+
35 Йесо та сын загъта: «Рухс ма иу гыццыл уыдзӕн уе ’хсӕн. Уӕдӕ уын цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ рухсы цӕут, цӕмӕй уыл талынг+ ма фӕтых уа. Талынджы чи цӕуы, уый нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый+.
36 Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат»+.
Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд уырдыгӕй ацыд ӕмӕ сӕ йӕхи бамбӕхста.
37 Ӕмӕ кӕд сӕ разы уыйбӕрц диссӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр ыл не ’ууӕндыдысты.
38 Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ, мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд?+ Ӕмӕ кӕмӕн раргом Йегъовӕйы цонджы хъару?»+
39 Исай ма загъта, сӕ бон баууӕндын цӕуылнӕ уыд, уый тыххӕй дӕр:
40 «Бакуырм сын кодта сӕ цӕстытӕ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодта+, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма уыной ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ сӕ ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон»+.
41 Исай афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ федта Чырыстийы кад+, ӕмӕ дзургӕ дӕр Чырыстийы тыххӕй кодта.
42 Уӕвгӕ, Йесойыл адӕмы разамонджытӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты+, фӕлӕ фарисейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ма ратардтаиккой+,
43 уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕй дӕр фылдӕр уарзтой, адӕм сын кад кодтаиккой, уый+.
44 Йесо та хъӕрӕй загъта: «Мӕныл чи ’ууӕнды, уый ӕрмӕст мӕныл не ’ууӕнды, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл дӕр+.
45 Ӕмӕ мӕн чи уыны, уый ӕрмӕст мӕн нӕ уыны, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, уый дӕр+.
46 Ӕз дунемӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йын уон рухс+, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл чи ’ууӕнды, уый талынджы мауал уа+.
47 Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уымӕн та ӕз тӕрхон нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕз уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон кӕнон+, фӕлӕ йӕ цӕмӕй фервӕзын кӕнон+.
48 Мӕн чи ницӕмӕ дары ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг. Ӕз цы дзырдтон+, уый йын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон,
49 уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый+.
50 Ӕмӕ йӕ ӕз зонын, йӕ фӕдзӕхст ӕнусон цардмӕ кӕй кӕны+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цы дзурын, уый дзурын, мӕ Фыд мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Иу динар уыд кусӕгӕн йӕ боны мызд. 300 динары та уыдысты, кусӕг иу азмӕ цас бакуыстаид, уый бӕрц.
^ Комк. «Куы амӕла».
^ Комк. «куы нӕ амӕла».
^ Кӕнӕ «цард» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «ацы сахаты».