Иоанны 15:1—27
15 Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсирбӕлас+, мӕ Фыд та – сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг+.
2 Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый алыг кӕны+, дыргъ чи хӕссы, уый та ссыгъдӕг кӕны*+, цӕмӕй ноджы фылдӕр дыргъ хӕсса+.
3 Сымах ныр дӕр сыгъдӕг стут, ӕз уын цы ныхас дзырдтон, уый фӕрцы+.
4 Мемӕ иудзинады ут, ӕмӕ ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ иудзинады+. Къалиутӕ сӕнӕфсирбӕласыл куы нӕ уой, уӕд сӕ бон дыргъ хӕссын нӕу, ӕмӕ афтӕ сымах дӕр мемӕ иудзинады куы нӕ уат, уӕд уӕ бон нӕ уыдзӕн дыргъ хӕссын+.
5 Ӕз дӕн сӕнӕфсирбӕлас, сымах та – къалиутӕ. Мемӕ иудзинады чи ис ӕмӕ ӕз иудзинады кӕимӕ дӕн, уый хӕссы бирӕ дыргъ+, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ мӕнӕй уӕ бон ӕппындӕр ницы у.
6 Мемӕ иудзинады чи нӕй, уый та уыдзӕн, кӕй аппарынц ӕмӕ чи бахус вӕййы, ахӕм къалиуы хуызӕн. Ахӕм къалиутӕ ӕрӕмбырд кӕнынц, арты сӕ баппарынц, ӕмӕ басудзынц+.
7 Мемӕ иудзинады куы уат ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы уой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый-иу ракурут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн+.
8 Бирӕ дыргъ куы хӕссат ӕмӕ, мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй куы ’вдисат, уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн+.
9 Мӕ Фыд мӕн куыд бауарзта+ ӕмӕ ӕз та сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр дарддӕр дӕр хайджын ут мӕ уарзондзинадӕй.
10 Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын+ ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат+, уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстут мӕ уарзондзинадӕй.
11 Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ цинӕй ӕххӕстӕй хайджын уат+.
12 Уый уын фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ ӕз куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзат+.
13 Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд* куы ратта+.
14 Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ+.
15 Ӕз уӕ цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар нӕ фӕзоны, йӕ хицау цы аразы, уый. Фӕлӕ уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ+, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон+.
16 Сымах мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй бирӕ дыргъ хӕссат+ ӕмӕ уӕ дыргъ ма фесӕфа. Уый тыххӕй уӕ равзӕрстон, цӕмӕй, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратта+.
17 Адӕттӕ уын уый тыххӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат+.
18 Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт+.
19 Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, йӕхиуӕтты куыд уарзы, афтӕ+. Сымах та ацы дунейӕ не стут+, фӕлӕ уӕ ӕз равзӕрстон ацы дунейӕ, ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны+.
20 Цы уын загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты+. Кӕд мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кодтой, уӕд сымах ныхӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕндзысты.
21 Ӕппӕт адӕттӕ та уын кӕндзысты мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц+.
22 Ӕз куы не ’рцыдаин ӕмӕ сын куы нӕ дзырдтаин, уӕд сыл тӕригъӕд нӕ уаид+, фӕлӕ ныр сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты+.
23 Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый йе сӕфт уыны мӕ Фыдӕй дӕр+.
24 Ӕз сӕ разы куы нӕ сарӕзтаин, ӕндӕр исчи кӕй никуы сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ+, уӕд сыл тӕригъӕд нӕ уаид+, ныр та мын мӕ хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, фӕлӕ уӕддӕр се сӕфт федтой мӕнӕй дӕр ӕмӕ мӕ Фыдӕй дӕр+.
25 Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, сӕ Закъоны цы фыст ис, уый: „Ницы сын кодтон, афтӕмӕй мӕ се сӕфт федтой“+.
26 Мӕ Фыдӕй уын кӕй рарвитдзынӕн, уыцы ӕххуысгӕнӕг*+ – мӕ Фыдӕй чи у, уыцы сыгъдӕг тых, рӕстдзинад* цӕй фӕрцы ӕргом кӕны, уый, куы ’рцӕуа, уӕд уый ӕвдисӕн лӕудзӕн мӕн тыххӕй+.
27 Ӕмӕ мӕн тыххӕй сымах дӕр лӕудзыстут ӕвдисӕн+, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ мемӕ уыдыстут.