Иоанны 21:1—25
21 Уый фӕстӕ Тивериадӕйы денджызы былыл Йесо ногӕй фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Хабар та уыди афтӕ.
2 Симон Петр ӕмӕ, Фаззон+ кӕй хуыдтой, уыцы Фома ӕмӕ, галилейаг горӕт Канӕйӕ чи уыд, уыцы Нафанаил+, стӕй Зеведейы+ фырттӕ ӕмӕ ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ноджыдӕр дыууӕйӕ уыдысты иумӕ.
3 Ӕмӕ сын Симон Петр загъта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Ӕмӕ йын уӕд иннӕтӕ дӕр загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Гъемӕ ацыдысты ӕмӕ бӕлӕгъы сбадтысты, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой+.
4 Куы ’рбабон, уӕд Йесо лӕууыди былгӕрон, фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ базыдтой+.
5 Ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ хъӕбултӕ, хӕринаг уӕм исты ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницы!»
6 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут кӕсӕгтӕ»+. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ хыз баппӕрстой, фӕлӕ йӕ сӕ бон фӕстӕмӕ сласын нал уыди, уымӕн ӕмӕ дзы тынг бирӕ кӕсӕгтӕ уыд+.
7 Ӕмӕ уӕд, Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг+ Петрӕн загъта+: «Уый нӕ Хицау у!» Симон Петр уый куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕллаг дарӕс йӕ уӕлӕ ӕркодта, уымӕн ӕмӕ йыл ницы уыд*, ӕмӕ денджызмӕ ныггӕпп кодта.
8 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та, кӕсӕгтӕй дзаг хыз сӕ фӕдыл ласгӕйӕ, гыццыл бӕлӕгъы раленк кодтой, уымӕн ӕмӕ былмӕ бирӕ нӕ хъуыди – сӕдӕ метры бӕрц*.
9 Фӕлӕ былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт судзы, зынгтыл+ та – кӕсӕгтӕ, стӕй дзы уыди дзул дӕр.
10 Ӕмӕ сын Йесо афтӕ зӕгъы: «Цы кӕсӕгтӕ ’рцахстат, уыдонӕй-ма рахӕссут».
11 Симон Петр бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ былмӕ раласта стыр кӕсӕгтӕй дзаг хыз – уыди дзы сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ кӕсаджы. Фӕлӕ дзы кӕд уыйбӕрц кӕсаг уыди, уӕддӕр хыз нӕ аскъуыд.
12 Йесо сын загъта: «Рацӕут, бахӕрут»+. Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи хаста, цӕмӕй йӕ бафарстаид, чи дӕ, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, сӕ Хицау кӕй у.
13 Йесо бацыд, дзул райста ӕмӕ сӕм ӕй радта+, стӕй сын радта кӕсаг дӕр.
14 Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныр ӕртыккаг хатт+ фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.
15 Куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петрӕн афтӕ зӕгъы: «Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?»+ Уый йын дзуапп радта: «О, Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын»+. Уӕд ын Йесо загъта: «Кӕс* мын мӕ уӕрыччытӕм»+.
16 Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс+ мӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Йесо та йын загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм»+.
17 Ӕмӕ та йӕ ӕртыккаг хатт дӕр бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт куы бафарста, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, уӕд Петр ӕрӕнкъард ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды алцыдӕр зоныс+. Зоныс ӕй, кӕй дӕ уарзын». Ӕмӕ та йын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм+.
18 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ӕрыгондӕр куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ астӕу дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ бадардзынӕ, ӕмӕ дӕ ӕндӕр чидӕр ӕрбабӕтдзӕн+ ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнды, уырдӕм»+.
19 Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй+ скадджын кӕндзӕн, уый+. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу»+.
20 Петр фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ федта, сӕ фӕдыл кӕй цӕуы, Йесо кӕй уарзта+, уыцы ахуыргӕнинаг – ӕхсӕвӕры рӕстӕджы йӕхи Йесойы риуыл чи бакъул кодта ӕмӕ йӕ чи бафарста, Хицау, дӕ уӕйгӕнӕг чи у, зӕгъгӕ, уый.
21 Ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд Петр Йесойӕн афтӕ зӕгъы: «Хицау, ацы адӕймаг та?»
22 Йесо йын загъта: «Кӕд мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ уый ме ’рцыдмӕ баззайа+, уӕд дӕуӕн цы уӕлдай у? Ды дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу».
23 Гъемӕ уыцы ныхас уайтагъд ӕфсымӕртыл айхъуыст, уыцы ахуыргӕнинаг, дам, нӕ амӕлдзӕн. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ нӕ амӕлдзӕн. Уый загъта, кӕд мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ уый ме ’рцыдмӕ баззайа+, уӕд дӕуӕн цы уӕлдай у, зӕгъгӕ.
24 Ӕмӕ уыцы ахуыргӕнинаг+ лӕууы ӕвдисӕн ацы хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ сӕ фысгӕ дӕр уый ныккодта, ӕмӕ йӕ мах зонӕм, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый+.
25 Уӕвгӕ, Йесо ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой+.