Иоанны 4:1—54

4  Йесо куы базыдта, ӕмӕ фарисейтӕ фехъуыстой, уый Иоаннӕй фылдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕны ӕмӕ сын донаргъуыд+ кӕй дӕтты,–  уӕвгӕ Йесо йӕхӕдӕг нӕ лӕвӕрдта донаргъуыд, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ,–  уӕд Иудейӕ ныууагъта ӕмӕ та ногӕй Галилейӕмӕ ацыди.  Цӕуын та йӕ хъуыд Самарийыл+.  Гъемӕ бацыд самариаг горӕт Сихармӕ. Уыцы горӕт уыди, Иаков йӕ фырт Иосифӕн цы зӕхх радта, уырдӕм хӕстӕг+.  Уым уыди Иаковы цъай+. Йесо фӕндагыл бафӕллад, ӕмӕ ныр уыцы цъайы раз бадти. Уый уыди ӕхсӕзӕм сахатыл*.  Уыцы рӕстӕг уырдӕм дон хӕссынмӕ ӕрбацыд иу самариаг сылгоймаг. Ӕмӕ йын Йесо афтӕ зӕгъы: «Дон-ма мын авӕр».  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг горӕтмӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты.  Ӕмӕ самариаг сылгоймаг Йесойӕн загъта: «Ды дзуттаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариаг сылгоймагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ дзуттӕгтӕ самариӕгтимӕ дзургӕ дӕр нӕ кӕнынц+. 10  Уӕд ын Йесо загъта: «Куы йӕ зонис, цы у Хуыцауы лӕвар+ ӕмӕ дын чи+ дзуры, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ, уӕд дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын уый раттид царддӕттӕг дон»+. 11  Фӕлӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Мӕ буц хицау, цъай арф куы у, ӕмӕ дӕумӕ та, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд дӕм уыцы царддӕттӕг дон кӕцӕй ис? 12  Ау, ды нӕ фыдӕл Иаковӕй уӕлдӕр+ дӕ, ацы цъай нын уый куы радта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ фырттимӕ, стӕй йӕ фос дӕр дон ардыгӕй куы нызтой?» 13  Йесо та йын загъта: «Ацы донӕй чи нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн. 14  Ӕз цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн+, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард+ чи дӕтты, ахӕм суадон»+. 15  Ӕмӕ йын уӕд сылгоймаг загъта: «Хицау, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй макуыуал сдойны уон ӕмӕ мӕ ардӕм донмӕ цӕуын мауал хъӕуа». 16  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ацу, дӕ лӕгмӕ фӕдзур, ӕмӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбаздӕх». 17  Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Нӕй мын лӕг». Йесо та йын загъта: «Афтӕ кӕй зӕгъыс, лӕг мын нӕй, зӕгъгӕ, уымӕй раст зӕгъыс. 18  Фондз лӕджы дын уыди, ӕмӕ дын ныр чи ис, уый дӕр дын лӕг нӕу. Мӕнгӕй ницы загътай». 19  Ӕмӕ йын уӕд сылгоймаг загъта: «Мӕ буц хицау, ды ӕнӕмӕнг пехуымпар+ дӕ. 20  Нӕ фыдӕлтӕ Хуыцауӕн ацы хохыл+ куывтой, сымах та афтӕ зӕгъут, ӕмӕ йын Иерусалимы хъӕуы кувын»+. 21  Йесо та йын загъта: «Бауырнӕд дӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут+, нӕдӕр Иерусалимы+. 22  Сымах, цӕмӕн кувут, уый нӕ зонут+, мах та зонӕм, цӕмӕн кувӕм, уый, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад дзуттӕгтӕй цӕуы+. 23  Фӕлӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ*+ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн+. 24  Хуыцау у ӕнӕуынгӕ*+, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой йӕ сыгъдӕг тыхы* разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ»+. 25  Сылгоймаг та йын загъта: «Ӕз ӕй зонын, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ+, Чырысти+ кӕй хонынц, уый. Ӕмӕ уый куы ’рцӕуа, уӕд нын ӕппӕт дӕр ӕргом радзурдзӕн». 26  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ӕз дӕн уыцы адӕймаг»+. 27  Уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕрбахӕццӕ сты ӕмӕ йӕ сылгоймагимӕ ныхасгӕнгӕ куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст. Фӕлӕ сӕ ничи загъта, цӕуыл дзурыс йемӕ, кӕнӕ, йемӕ цӕмӕн ныхас кӕныс, зӕгъгӕ. 28  Сылгоймаг та йӕ донхӕссӕн дурын уым фӕуагъта, горӕтмӕ ацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: 29  «Цомут фенут, цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон мын иууылдӕр чи радзырдта, уыцы адӕймаджы. Уый Чырысти+ ма уа?» 30  Ӕмӕ уыдон дӕр рацыдысты горӕтӕй ӕмӕ Йесомӕ ӕрбацыдысты. 31  Уыцы рӕстӕг та йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой: «Ахуыргӕнӕг+, исты ахӕр». 32  Фӕлӕ сын уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй тыххӕй нӕ зонут, ахӕм хӕринаг». 33  Ӕмӕ уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийы фӕрсын райдыдтой: «Мыййаг ын исчи ӕрбахаста хӕринаг?» 34  Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг+ у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон+ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын+. 35  Афтӕ нӕ зӕгъут, хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы баззад, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ+. Ныридӕгӕн 36  хуымгӕрдӕг йӕ мызд исы ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн+, цӕмӕй тауӕг+ дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕной+. 37  Ам раст сты ацы ныхӕстӕ: иу тауы, иннӕ та кӕрды. 38  Ӕз уӕ арвыстон, цӕуыл нӕ фыдӕбон кодтат, уый кӕрдынмӕ. Иннӕтӕ бафыдӕбон кодтой+, ӕмӕ сымахӕн дӕр пайда ис сӕ фыдӕбонӕй». 39  Уыцы горӕты цӕрӕг самариӕгтӕн сылгоймаг куы загъта, цы хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдон мын уыцы адӕймаг иууылдӕр радзырдта, зӕгъгӕ+, уӕд сӕ бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты+. 40  Гъемӕ йӕм самариӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ын ныллӕгъстӕ кодтой, немӕ баззай, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый дӕр дыууӕ боны уым фӕци+. 41  Ӕмӕ, цы дзырдта, уый фӕрцы ма йыл ноджыдӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты+, 42  ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн дзырдтой: «Мах ыл ныр дӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ не ’ууӕндӕм. Нӕхӕдӕг ын фехъуыстам+ йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ зонӕм, уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр дунейы ирвӕзынгӕнӕг+ кӕй у». 43  Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыд Галилейӕмӕ+. 44  Ӕниу, Йесо йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпарӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы кад нӕ вӕййы, зӕгъгӕ+. 45  Фӕлӕ Галилейӕмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй галилейӕгтӕ суазӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты Иерусалимы бӕрӕгбоны+ ӕмӕ федтой, Йесо уым цытӕ сарӕзта, уый+. 46  Ӕмӕ та ногӕй ӕрцыд галилейаг горӕт Канӕмӕ+, дон сӕн кӕм фестын кодта, уырдӕм+. Ныр Капернаумы та паддзахы лӕггадгӕнджытӕй иуӕн йӕ фырт уыди рынчын+. 47  Гъемӕ уыцы лӕг уый куы фехъуыста, ӕмӕ Йесо Иудейӕйӕ Галилейӕмӕ ӕрцыд, уӕд ӕм ацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, цӕмӕй йӕм ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ фырты сдзӕбӕх кӕна, уымӕн ӕмӕ йын мӕлӕты къахыл лӕууыд. 48  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Сымах цалынмӕ нысӕнттӕ+ ӕмӕ диссӕгтӕ+ нӕ фенат, уӕдмӕ нӕ баууӕнддзыстут». 49  Паддзахы лӕггадгӕнӕг та йын загъта: «Хицау, мемӕ-ма рацу, цӕмӕй мӕ хъӕбул ма амӕла». 50  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ацу+, дӕ фырт адзӕбӕх»+. Лӕг баууӕндыд Йесойы ныхӕстыл ӕмӕ ацыд. 51  Ӕмӕ нырма фӕндагыл уыд, афтӕ йӕ цагъартӕ йӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ йын загътой, йӕ фырт кӕй адзӕбӕх+. 52  Уый та сӕ бафарста, цафон фӕхуыздӕр, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын загътой: «Знон ӕвдӕм сахатыл* йӕ тӕвд+ ӕрхауд». 53  Ӕмӕ уӕд фыд бамбӕрста, уыцы хабар кӕй ӕрцыд, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт адзӕбӕх, зӕгъгӕ, раст уыцы сахат+. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр иууылдӕр баууӕндыдысты+. 54  Афтӕ та Йесо йӕ дыккаг диссаг+ дӕр сарӕзта, Иудейӕйӕ Галилейӕмӕ куы ’рцыд, уӕд.

Фиппаинӕгтӕ

Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 12 сахатмӕ ’ввахс.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадмӕ».
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕнӕ «сыгъдӕг уды» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 1 сахатмӕ ’ввахс.