Иов 12:1—25

12  Уӕд Иов загъта:   «Уӕдӕ! Сымах хуызӕн адӕм нӕй.Зонд сымахимӕ амӕлдзӕн!+   О, фӕлӕ сымахау ӕз дӕр ӕнӕзонд нӕ дӕн+,Сымахӕй ӕвзӕрдӕр нӕ дӕн+.Ӕмӕ, цы дзурут, уыдӕттӕ чи нӕ зоны?   Мӕ хионӕн хъазӕнхъул сдӕн+.Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мӕ фехъуса+.Раст, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг хъазӕнхъул сси.   Ӕнӕмӕт адӕймаг бӕллӕх ницӕмӕ дары+.Уый, дам, ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ къах кӕмӕн цуды, уыдонмӕ+.   Иннӕты чи стигъы, уыдон сӕ цатырты ӕнӕмастӕй цӕрынц+.Хуыцауы маст кӕмӕ ссудзы, уыдон сты ӕдас,Йӕ хуыцауы йӕ къухы чи хӕссы, уый куыд ӕдас у, афтӕ+.   Фӕлӕ-ма, дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс хӕдзарон фосы, ӕмӕ дын ӕй уыдон бацамондзысты+.Бафӕрс уӕларвон мӕргъты, ӕмӕ дын ӕй уыдон радзурдзысты+.   Науӕд дӕ хъус ӕрдар зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕй уый бацамондзӕн+Ӕмӕ дын ӕй денджызы кӕсӕгтӕ+ рахабар кӕндзысты.   Уыдонӕй йӕ чи нӕ зоны,Ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕйы къух кӕй сарӕзта?+ 10  Йӕ къухы сты, удӕгас чидӕриддӕр у, уыдоны удтӕ+,Алы адӕймаджы царды тых дӕр+. 11  Ӕвзаг* хӕринаджы ад куыд ӕвзары+,Афтӕ ныхӕстӕ та хъус не ’взары?+ 12  Ау, зонд зӕрӕдтӕм нӕй?+Ӕмӕ ӕмбарындзинад, бирӕ чи фӕцард, уыдонмӕ? 13  Уымӕ ис зонд ӕмӕ хъомыс+,Уымӕ ис уынаффӕ ӕмӕ ӕмбарындзинад+. 14  Уый иугӕр ныппырх кодта, уӕд ӕй ничиуал сараздзӕн+.Иугӕр сӕхгӕдта, уӕд ӕй иу адӕймаг дӕр нал байгом кӕндзӕн+. 15  Дӕттӕ бауромы, ӕмӕ бахус вӕййынц+.Рауадзы сӕ, ӕмӕ зӕхх фӕивынц+. 16  Уымӕ ис хъару ӕмӕ куырыхон зонд+.Чи рӕдийы, уый дӕр ӕмӕ, иннӕты чи рӕдийын кӕны, уый дӕр йӕ къухы ис+. 17  Уынаффӕгӕнджыты бӕгъӕввадӕй ацӕуын кӕны+,Тӕрхонгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кӕны. 18  Паддзӕхтӕ цы рӕхыстӕй сбӕттынц, уыдон суӕгъд кӕны+Ӕмӕ сын сӕ астӕутыл рон ӕрбабӕтты. 19  Сауджынты бӕгъӕввадӕй ацӕуын кӕны+Ӕмӕ, сӕ бынӕтты фидар чи бады, уыдоны раппары+. 20  Ӕууӕнкджын чи у, уыдонӕн сӕ ныхас байсы,Зӕрӕдты сӕ зондӕй ӕнӕхай фӕкӕны. 21  Кадджын адӕмы фӕхудинаг кӕны+,Тыхджынтӕн сӕ рӕттӕ суӕгъд кӕны. 22  Талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ раргом кӕны+,Саудалынджы цы ис, уый хурмӕ рахӕссы. 23  Уый адӕмты скӕны тыхджын, цӕмӕй сӕ фесафа+.Адӕмты сбирӕ кӕны, цӕмӕй сӕ сӕ бынатӕй акӕна. 24  Адӕмы хистӕртӕн сӕ зонд байсы,Цӕмӕй ӕдзӕрӕг ран, фӕндаг кӕм нӕй, уым рахау-бахау кӕной+. 25  Уыдон талынджы+, рухсы цъыртт кӕм нӕй, уым, сӕ развӕндаг сгаргӕ цӕуынц.Афтӕ сын бакӕны, ӕмӕ расыг лӕгау фӕрахау-бахау кӕнынц+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «комарынг».