Иов 18:1—21

18  Уӕд шуахаг Вилдад загъта:   «Уӕ* ныхӕстӕн искуы кӕрон уыдзӕн?Хабар уал бамбарут, ӕмӕ стӕй дарддӕр дзурдзыстӕм.   Цӕмӕн хъуамӕ уӕм мах сырдтыл нымад+Ӕмӕ уӕ цӕсты чъизи цӕмӕн хъуамӕ уӕм?   Уый уӕртӕ фырмӕстӕй йӕхи удхарӕй мары.Фӕлӕ ныр дӕу тыххӕй зӕхх рохуаты баззайдзӕн?Науӕд къӕдзӕх йӕ бынатӕй фезмӕлдзӕн?   Фыдгӕнӕджы рухс ӕнӕмӕнг ахуысдзӕн+,Йӕ арты цӕхӕр нал судздзӕн.    Йӕ цатыры рухс батар уыдзӕн+,Йӕ мидӕг йӕ цырагъ ахуысдзӕн.   Йӕ къахы айст цӕрдӕг нал уыдзӕн.Ӕмӕ йӕ йӕ фӕндтӕ бабын кӕндзысты+.   Йӕ къах бахаудзӕн хызы,Ныллӕудзӕн ахсӕн хызыл+.   Къӕппӕг ын йӕ зӕвӕт рацахсдзӕн+,Хыз+ ӕй ӕрцахсдзӕн. 10  Зӕххыл ын йӕ размӕ айвӕзтой бӕттӕн,Йӕ фӕндагыл ӕвӕрд ис къӕппӕг. 11  Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхтӕ йыл алырдыгӕй тас ӕфтауынц+Ӕмӕ йӕ фӕд-фӕд цӕуынц. 12  Тыхы мур ӕм нал ис.Бӕллӕх+ ӕм гӕппӕввонгӕй лӕууы, цӕмӕй йӕ фӕкъуылых кӕна. 13  Мӕлӕты фыццаг хъӕбул – фыдниз – уымӕн йӕ царм бахӕрдзӕн,Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ аныхъуырдзӕн. 14  Йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый йӕ цатырӕй ӕдбындзар тынд ӕрцӕудзӕн+Ӕмӕ йӕ акӕндзысты бӕллӕхты паддзахмӕ. 15  Йӕ цатыры цӕрдзысты, ӕцӕгӕлон ын чи у, уыдон.Йӕ цӕрӕнбынатыл ныккӕлдзӕн сондон+. 16  Бынӕй бахус уыдзӕн йӕ уидаг+,Уӕлейӕ – йӕ къалиу. 17  Ӕмӕ зӕххӕй йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн+,Уынджы йӕ ном нал райхъуысдзӕн. 18  Рухсӕй йӕ талынгмӕ раппардзысты,Зӕххӕй йӕ фӕсурдзысты. 19  Йӕ адӕмы ’хсӕн ын нӕ уыдзӕн нӕ цот, нӕ байзӕддаг+,Ӕмӕ, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыд, уыцы ран удӕгасӕй ничиуал баззайдзӕн. 20  Йе сӕфты бон ныгуылӕны цӕрджытӕ дисы бафтдзысты,Скӕсӕны цӕрджытӕ фыртӕссӕй бариздзысты. 21  О, ахӕм хабар ӕрцӕуы фыдгӕнӕджы цатыртыл,Ахӕм бон акӕны, Хуыцауы чи нӕ зоны, уый цӕрӕнбынатыл».

Фиппаинӕгтӕ

Ӕвӕц., дзырдта Иовӕн ӕмӕ уый хуызӕн чи уыди кӕнӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдонӕн.