Иов 20:1—29

20  Уӕд наамитаг Софар загъта:   «Ӕнцой мын чи нӕ дӕтты, уыцы хъуыдытӕ дӕр мын уый тыххӕй дӕттынц дзуапп,Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ катай кӕны.   Ӕз хъусын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ.Мӕнмӕ цы ’мбарындзинад ис, ахӕм ӕмбарындзинад кӕмӕ нӕй, уыцы зонд мын дӕтты дзуапп.   Нӕ йӕ зоныс, ӕви,Хуыцау адӕймаджы зӕххыл куы ’рцӕрын кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ кӕй у+,   Ӕмӕ фыдгӕнӕджы цины хъӕр бирӕ кӕй нӕ хӕссы+,Хуыцауы чи ныууагъта, уый цин уайтагъд кӕй ӕрбайсӕфы?   Кӕд йӕ кад арвмӕ дӕр ӕххӕссы+Ӕмӕ йӕ сӕр мигътыл дӕр ӕндзӕвы,   Уӕддӕр фаджысау ӕнустӕм фесӕфдзӕн+.Чи йӕ уыдта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“+   Фынау фӕцыдӕр уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нал ссардзысты.Адӕймаг ӕхсӕвы цы фынтӕ фӕуыны, уыдонау ӕй фӕсурдзысты+.   Кӕй цӕст ӕй ауыдта, уый цӕст ыл нал ӕрхӕцдзӕн+,Нал ӕй уындзӕн йӕ бынат+. 10  Йӕ фырттӕ архайдзысты мӕгуыр адӕмы зӕрдӕ ссарыныл,Ӕмӕ адӕмӕн сӕ фӕллӕйттӕ фӕстӕмӕ ратдзӕн+. 11  Йе уӕнгты* ӕхсиды йе ’взонджы хъару,Фӕлӕ йемӕ сыджытмӕ ацӕудзӕн+. 12  Кӕд ын ӕвзӕрдзинад мыды ад кӕны,Кӕд йӕ дзыхы тайы, 13  Кӕд йӕ зӕрдӕйӕн адджын у ӕмӕ йыл фидар хӕцы,Кӕд ӕй йӕ дзыхӕй нӕ исы, 14  Уӕд йӕ хӕринаг йӕ хуылфы ӕндӕрхуызон фестдзӕн,Йӕ хуылфы фестдзӕн кобрӕйы марг. 15  Хъӕздыгдзинӕдтӕ аныхъуырдта, фӕлӕ сӕ йӕ хъӕлӕсӕй скалдзӕн,Хуыцау ын сӕ йӕ хуылфӕй сӕппардзӕн. 16  Уый цъирдзӕн кобрӕйы марг,Маргджын калмы ӕвзаг ӕй амардзӕн+. 17  Уый никуы фендзӕн цӕугӕдӕттӕ+,Мыд ӕмӕ царвы гуылфӕнтӕ. 18  Цы фӕллӕйттӕ скодта, уыдон фӕстӕмӕ ратдзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хуылф нӕ байдзаг кӕндзӕн.Йӕ базарадӕй цы хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕрӕмбырд кодта, уыдон ын циндзинад не ’рхӕсдзысты+. 19  Уый пырх кодта, мӕгуырты-иу ныууагъта,Кӕй нӕ сарӕзта, уыцы хӕдзар-иу байста+. 20  Уымӕн йӕ зӕрдӕ ӕнцой нӕ зондзӕн,Йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ йӕ нӕ фервӕзын кӕндзысты+. 21  Цы аныхъуыра, уый йын нал ис,Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хорз цард бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. 22  Цалынмӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ракӕл-ракӕл кӕной+, уӕдмӕ ӕнӕмӕт нӕ уыдзӕн.Ӕнамонд хабӕрттӕ йыл алырдыгӕй ныккӕлдзысты. 23  Хуыцау ын йӕ хуылф байдзаг кӕнӕд,Йӕ судзгӕ маст ыл ныккалӕд+,Къӕвдайау ыл ӕй ныууарын кӕнӕд суанг йӕ тъӕнгты онг дӕр. 24  Уый лидздзӕн+ ӕфсӕйнаг хӕцӕнгарзӕй,Ӕрхуы ӕрдыны фат дзы ахиздзӕн. 25  Фат акӕсдзӕн йӕ фӕсонтӕй,Цӕхӕркалгӕ фат – йӕ масты дзӕкъулӕй+.Ӕвирхъау бӕллӕхтӕ йӕ ныхмӕ рацӕудзысты+. 26  Йӕ хӕзнатӕм ын ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг,Аныхъуырдзӕн ӕй, адӕймаг кӕй нӕ цырен кӕны, ахӕм арт+.Йӕ цатыры ма чи баззайа, ууыл мӕгуыры бон акӕндзӕн. 27  Арв ын йӕ тӕригъӕд раргом кӕндзӕн+Ӕмӕ зӕхх йӕ ныхмӕ сыстдзӕн. 28  Йӕ хӕдзар ын тӕрккъӕвда аласдзӕн,Дӕттӕ рагуылф кӕндзысты Хуыцауы масты бон+. 29  Уый у фыдгӕнӕгӕн йӕ хай Хуыцауӕй+,Уый йын дӕтты Хуыцау бынӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «стджыты».