Иов 21:1—34
21 Уӕд Иов загъта:
2 «Мӕ ныхӕстӕм мын лӕмбынӕг байхъусут,Ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ уымӕй ӕрсабыр кӕндзыстут.
3 Цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ гыццыл бафӕразут,Ӕмӕ мӕ дзуринӕгтӕ куы фӕуон, уӕд-иу мӕ хынджылӕг кӕнут+.
4 Исты мӕ сагъӕстӕ адӕймагӕн дзурын?Уый афтӕ куы уаид, уӕд афтӕ фӕразон нӕ уаин.
5 Уе ’ргом мӕнмӕ раздахут ӕмӕ мӕм дисгӕнгӕ кӕсут,Ӕмӕ уӕ къухтӕ уӕ дзыхтыл сӕвӕрут+.
6 Адӕттӕ мӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууынц, уӕд мӕхицӕн ӕнцой нал фӕзонын,Ме уӕнгтӕ базыр-зыр кӕнынц.
7 Цӕмӕн у афтӕ, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цӕрынц+,Зӕронды бонтӕм фӕцӕрынц ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕн ныккӕнӕнтӕ нӕ вӕййы?+
8 Сӕ цот фӕрнӕй цӕрынц сӕ цӕстыты раз,Сӕ байзӕддӕгтӕ – сӕ разы.
9 Сӕ хӕдзӕрттӕ сты фӕрнӕйдзаг, ӕдас+,Ӕмӕ Хуыцау йӕ уис сӕ сӕрмӕ нӕ дары.
10 Сӕ богътӕй хъуццытӕ схъазынц,Сӕ хъуццытӕ ныззайынц+, никуы фефтауынц.
11 Сӕ гыццыл сывӕллӕтты фысты дзугау рауадзынц,Сӕ сывӕллӕттӕ фӕхъазынц, фӕгӕппытӕ кӕнынц.
12 Дала ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ сӕ зарӕг бӕрзонд сисынц+,Уадындзы цагъдмӕ фӕцин кӕнынц.
13 Ӕнӕмӕт цард фӕкӕнынц+,Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ӕнцонтӕй акӕнынц*.
14 Ӕцӕг Хуыцауӕн фӕзӕгъынц: „Ныууадз нӕ!+Нӕ нӕ фӕнды дӕ фӕндӕгтӕ зонын+.
15 Чи у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, цӕмӕн ын хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?+Цы пайда нын ис йемӕ ныхас кӕнынӕй?“+
16 Уыдонӕн сӕ фӕрнджын цардыл сӕ бар нӕ цӕуы+.Мӕнӕн фыдгӕнджыты фӕндтимӕ иумӕйагӕй ницы ис+.
17 Цал хатты ахуыссыд фыдгӕнджыты цырагъ?+Цал хатты сыл ӕрцыд ӕнамонд хабӕрттӕ?
Цал хатты сӕ бакодта Хуыцау мӕстӕй судзгӕйӕ сӕфты хай?+
18 Дымгӕ сӕ искуы хъӕмпыхалау ахӕссы?+Кӕнӕ сӕ тыхджын дымгӕ зыгуымау аскъӕфы?
19 Адӕймаг цы фыдхъуыддӕгтӕ кӕны, уыдон ын Хуыцау йӕ фырттӕн бавӕрдзӕн+,Ӕмӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ зона+.
20 Куыд сӕфы, уый йӕхи цӕстӕй уындзӕн,Ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх нуаздзӕн+.
21 Йӕ фӕстӕ йӕ хӕдзары чи баззайа, уыдон ма йын циндзинад хӕсдзысты,Йӕ царды мӕйтӕ дыууӕ хатты куы фӕкъаддӕр уой, уӕд?+
22 Исты Хуыцауӕн зонд амондзӕн+,Кӕд ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг кӕны тӕрхон, бӕрзонд бынӕтты чи ис, уыдонӕн?+
23 Ахӕм адӕймаг амӕлдзӕн, ницы хъуаг уыдзӕн, афтӕмӕй+,Ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй.
24 Йӕ синтыл фиуӕй цъар сӕвӕрдта,Йе стджытӕ сты фидар.
25 Иннӕ та амӕлдзӕн мастӕфхӕрдӕй,Хорзӕй ницы федта, афтӕмӕй+.
26 Сӕ дыууӕ дӕр сыджытмӕ ацӕудзысты+Ӕмӕ сын къуыдыркӕлмытӕ уыдзысты ӕмбӕрзӕны бӕсты+.
27 Ӕз уын зонын уӕ хъуыдытӕӔмӕ, уӕ зӕрдӕйы мӕ ныхмӕ цы фыдвӕндтӕ кӕнут, уыдон+.
28 Сымах зӕгъут: „Кӕм ис кадджын лӕджы хӕдзар?Кӕм сты фыдгӕнджыты цатыртӕ, сӕ цӕрӕнбынӕттӕ?“+
29 Мыййаг, бӕлццӕтты никуы фарстат?Лӕмбынӕг никуы ахъуыды кодтат, цы-иу радзырдтой, ууыл –
30 Бӕллӕхы бон фыдгӕнӕджы дӕр удӕгасӕй кӕй ныууадзынц+Ӕмӕ мастисӕн бон кӕй аирвӕзы?
31 Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йын ӕргом чи зӕгъдзӕн?+Ӕмӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй йын цы ’мбӕлы, уый чи бакӕндзӕн?+
32 Уӕлмӕрдмӕ йӕ ахӕсдзысты+Ӕмӕ йын йӕ зӕппадзы раз хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдзысты.
33 Дӕлвӕзы сыджыт ын уыдзӕн фӕлмӕн+.Уый адӕмы се ’ппӕты дӕр йӕ фӕстӕ акӕндзӕн+,Ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыдонӕн дӕр нымӕц нӕй.
34 Уӕдӕ мын ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ дзӕгъӕлы кӕнут+,Уӕ ныхӕсты мӕнгарддзинад йеддӕмӕ ницы ис!»
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ӕвиппайды шеолмӕ ныххизынц». «Шеол»-ы тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 8.