Иов 22:1—30

22  Уӕд феманаг Елифаз загъта:   «Адӕймаг Хуыцауӕн исты пайда у?+Ӕмбаргӕ адӕймаг ын исты ӕххуыс у?   Рӕстгӕнӕг кӕй дӕ, уый Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн исты циндзинад хӕссы?+Кӕнӕ ӕнӕфау кӕй дӕ, уымӕй йын исты пайда ис?+   Кӕй дзы тӕрсыс, уый тыххӕй дын уайдзӕфтӕ кӕндзӕн?Кӕнӕ дӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын кӕндзӕн?+   Дӕ фыдракӕндты ӕгӕр нӕ аныгъуылдтӕ?+Дӕ тӕригъӕдтӕн искуы кӕрон уыдзӕн?   Ды ницӕй тыххӕй дӕр де ’фсымӕртӕй сӕ дзаума цъынды райсыс+.Мӕгуыртӕн байсыс сӕ фӕстаг дарӕс.   Фӕллад адӕймагӕн дон нӕ бадардзынӕ,Ӕххормаг адӕймагӕн къӕбӕр нӕ ратдзынӕ+.   Ды уыдтӕ барджын адӕймаг, ӕмӕ зӕхх уыд дӕ къухы+,Ӕмӕ дын адӕм кад уый тыххӕй кодтой.   Идӕдзты афтидкъухӕй арвитыс,Ӕмӕ сидзӕрты къухтӕ ӕрлӕмӕгъ вӕййынц+. 10  Уый тыххӕй ис дӕ алыварс цъиуахсӕн хызтӕ дӕр+,Ӕмӕ ӕвиппайды дӕ зӕрдӕйы тас бацӕуы. 11  Дӕ алыварс у талынг ӕмӕ ницы уыныс,Ивылд дӕттӕ дӕ сӕ быны фӕкӕнынц. 12  Зӕгъ-ма, Хуыцау арвау бӕрзонд нӕу?+Кӕнӕ-ма скӕс утӕппӕт стъалытӕм+, куыд бӕрзонд сты. 13  Ды та зӕгъыс: „Цы зоны Хуыцау?Саудалынгӕй йӕм исты зыны, йӕ бон тӕрхон кӕнын у? 14  Мигътӕ йӕ ӕмбӕхсынц ӕмӕ ницы уыны,Арвыл рацу-бацу кӕны“. 15  Уӕддӕр рагон фӕндагыл фидар лӕудзынӕ –Фыдгӕнджытӕ кӕй акодтой, уыцы фӕндагыл? 16  Уыдоны мӕлӕт сӕ афонӕй раздӕр ахаста+,Сӕ бындур+ цӕугӕдонау акалд. 17  Ӕцӕг Хуыцауӕн дзурынц: „Ныууадз нӕ!+Цы нын бакӕндзӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау?“ 18  Афтӕмӕй та сын уый сӕ хӕдзӕрттӕ дзаг кодта алы хорздзинӕдтӕй+.Фӕлӕ мӕнӕн фыдгӕнджыты фӕндтимӕ иумӕйагӕй ницы ис+. 19  Рӕстгӕнджытӕ фендзысты, куыд сӕфынц, уый, ӕмӕ цин кӕндзысты+.Ӕнаххос адӕймаг сыл худдзӕн: 20  „Не знӕгтӕ фӕцагъды сты,Цы ма сӕ баззад, уый та арт аныхъуырдзӕн“. 21  Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцауы базон ӕмӕ йемӕ хӕларӕй цӕр,Ӕмӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ. 22  Йӕ дзыхӕй цы закъон рацыд, уый айсӔмӕ йын йӕ ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕйы нывӕр+. 23  Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ куы раздӕхай+, уӕд фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕудзынӕ.Фыддзинад дӕ цатырмӕ хӕстӕг куы нӕ уадзай, 24  Зынаргъ сызгъӕрин рыгмӕ куы аппарай,Ӕмӕ офираг+ сызгъӕрин – дӕлвӕзы дурты ’хсӕнмӕ, 25  Уӕд дын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕхӕдӕг суыдзӕн зынаргъ сызгъӕрин,Уыдзӕн дын ӕппӕты хуыздӕр ӕвзист+. 26  Уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау уыдзӕн де стыр цин+,Ӕмӕ Хуыцаумӕ скӕсдзынӕ+. 27  Лӕгъстӕ йын кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕ фехъусдзӕн+,Ӕмӕ дӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзынӕ+. 28  Цы сфӕнд кӕнай, уый дӕ къухы бафтдзӕн,Ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕм кӕлдзӕн рухс+. 29  Схъӕл ныхас куы кӕнай, уӕд фегад уыдзынӕ+,Йӕ цӕстытӕ бынмӕ чи ’руагъта, уый та Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн+. 30  Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн ӕнаххос адӕймаджы+,Ӕмӕ дӕу дӕр фервӕзын кӕндзӕн, дӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕй сты, уый тыххӕй»+.

Фиппаинӕгтӕ