Иов 23:1—17

23  Уӕд Иов загъта:   «Абон дӕр мӕ уавӕрыл нӕ разы кӕнын ӕмӕ хъаст кӕнын+,Фырхъӕрзынӕй мӕ къухтӕ ӕруӕззау сты.   Тӕхуды, ӕмӕ йӕ куы зонин, кӕм ӕй ис ссарӕн!+Кӕм вӕййы, раст уырдӕм бацӕуин+.   Мӕ хъуыддаг йӕ размӕ тӕрхонмӕ рахӕссин,Ӕз дӕр ӕрхӕссин бӕлвырдгӕнӕнтӕ.   Ӕз бамбарин, цы дзуапп мын раттид, уый,Цы мын зӕгъид, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕнин+.   Ау, мемӕ йе стыр тыхӕй тох кӕнид?Нӕ, нӕ! Уый мӕм ӕнӕмӕнг байхъусид+.   Уым рӕстзӕрдӕ адӕймаг йемӕ бафидаудзӕн.Мӕ тӕрхонгӕнӕг мӕ ӕнустӕм ӕнаххосыл банымаид, ӕмӕ афтӕмӕй рацӕуин йӕ разӕй.   Скӕсӕнырдӕм ацӕуын – уым нӕй,Фӕстӕмӕ раздӕхын, фӕлӕ йӕ нӕ фенын+.   Ацӕуын галиуырдӕм, кӕм архайы, уырдӕм, фӕлӕ йыл мӕ цӕст не ’рхӕцы.Рахизырдӕм фӕзилы, фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ ауынын. 10  Ӕз цы фӕндагыл цӕуын, уый хорз зоны+.Куы мӕ бафӕлвара, уӕд сызгъӕринау ссыгъдӕг уыдзынӕн+. 11  Ӕз цӕуын йӕ къахвӕдтыл,Ӕз цӕуын йӕ фӕндагыл ӕмӕ дзы иуырдӕм дӕр нӕ хизын+. 12  Йӕ дзыхӕй цы фӕдзӕхстытӕ рацыд, уыдоныл фидар хӕцын+.Йӕ ныхӕстӕ+ йын хӕзнайау мӕ зӕрдӕйы ӕвӕрын, мӕ хӕс цы у, уымӕй сӕ тынгдӕр хъахъхъӕнын. 13  Уый хӕст у иу зондыл, ӕмӕ кӕй бон у йӕ ныхмӕ ӕрлӕууын?+Йӕ зӕрдӕйы цы сфӕнд кӕна, уый бакӕндзӕн+. 14  Мӕн тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн+,Ӕмӕ ахӕм цыдӕртӕ уымӕ бирӕ ис. 15  Уый тыххӕй бацӕуын катайы йӕ разы,Лӕмбынӕг ыл ахъуыды кӕнын, ӕмӕ дзы стӕрсын+. 16  О, Хуыцау мын мӕ зӕрдӕйы тас бауагъта+,Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы тыххӕй катайы бацыдтӕн+. 17  Мӕ цӕсгом мын саудалынг ӕрӕмбӕрзта,Фӕлӕ ӕз уӕддӕр хъусӕй нӕ лӕудзынӕн.

Фиппаинӕгтӕ