Иов 26:1—14

26  Уӕд Иов загъта:   «Куыд тынг баххуыс кодтай ӕдых адӕймагӕн!Йӕ цонджы хъару кӕмӕн асаст, уый куыд фервӕзын кодтай!+   Цас уынаффӕтӕ радтай ӕнӕзондӕн!+Цас сты, куырыхон зонд кӕмӕн нӕ бавгъау кодтай, уыдон!   Уыцы ныхӕстӕ кӕмӕн кодтайӔмӕ сӕ кӕй зондӕй* дзырдтай?   Дӕттӕй ӕмӕ дзы чи цӕры, уыдонӕй дӕлдӕр чи у,Уыцы мӕрдтӕ ризынц+.   Ингӕн* йӕ разы у гом+,Ӕмӕ сӕфты бынат дӕр ӕмбӕрзт нӕу.   Уый цӕгат айтыгъта афтид бынаты сӕрмӕ+,Зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл.   Дӕттӕ батухы йӕ мигъты+,Ӕмӕ мигътӕ сӕ уӕзӕй нӕ ныттонынц.   Йӕ паддзахбадӕн бамбӕрзы,Йӕ мигътӕ йыл айтындзы+. 10  Рухс ӕмӕ талынджы ’хсӕн арӕн кӕм ис,Уым дӕтты сӕрмӕ тымбыл хахх акодта+. 11  Арвӕн йӕ цӕджындзтӕ ӕнкъуысынц,Йӕ карз уайдзӕфӕй дисы бафтынц. 12  Йӕ тыхӕй сызмӕлын кодта денджыз+Ӕмӕ йе ’мбарындзинадӕй ныппырх кодта+ тыхгӕнӕджы*+. 13  Йӕ дымгӕйӕ арв слӕгъз кодта+,Йӕ къухӕй барӕхуыста, тагъд-тагъд чи фӕцӕйбыры, уыцы калмы+. 14  Ӕмӕ адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ+,Йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам!Фӕлӕ арв афтӕ тынг куыд ныннӕрын кӕны, уый чи бамбардзӕн?»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «улӕфтӕй».
Комк. «шеол». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Чи зоны, амоны стыр денджызон цӕрӕгоймӕ.