Иов 27:1—23

27  Иов йӕ ныхас адарддӕр кодта ӕмӕ ӕмбисӕндтӕй дзурын+ райдыдта:   «Сомы кӕнын удӕгас Хуыцауӕй+, мӕ хъуыддаг рӕстӕй равзарын+ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕй,Ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй, мӕ зӕрдӕ мын мастӕй чи байдзаг кодта+:   Цалынмӕ улӕфон,Цалынмӕ Хуыцауы комытӕф* мӕ фындзыхуынчъыты уа+,   Уӕдмӕ мӕ дзыхӕй мӕнгард ныхас не схаудзӕн,Ме ’взагыл гӕдыныхас нӕ уыдзӕн!   Нӕ, уый никуы уыдзӕн, ӕмӕ ӕз сымах рӕстгӕнджытыл банымайон!+Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн*!+   Ӕз фидар хӕцдзынӕн мӕ рӕстдзинадыл ӕмӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+,Мӕ зӕрдӕ мыл мӕ царды бонтӕй иуы тыххӕй дӕр нӕ фӕхуддзӕн+.   Уадз ме знаг разынӕд фыдгӕнӕг+,Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уый разынӕд ӕвзӕргӕнӕг.   Хуыцауы чи ныууагъта, уый йӕ ныфс цӕуыл хъуамӕ дара, кӕд ӕмӕ йӕ Хуыцау фесафдзӕн+,Кӕд ӕмӕ йын йӕ цард байсдзӕн?+   Бӕллӕхы куы бахауа,Уӕд ын Хуыцау йӕ дзыназын фехъусдзӕн?+ 10  Науӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йе стыр цин уыдзӕн?Хуыцаумӕ алкӕддӕр кувдзӕн? 11  Ӕз уын зонд амондзынӕн Хуыцауы тыхы фӕрцы,Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ нӕ басусӕг кӕндзынӕн+. 12  Кӕд уе ’ппӕт дӕр цӕстылуайӕнтӕ федтат,Уӕд ницӕйаг ныхӕстӕ цӕмӕн кӕнут?+ 13  Уый у фыдгӕнӕгӕн йӕ хай Хуыцауӕй+,Ӕгъатыр адӕм бынтӕ райсдзысты Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй. 14  Йӕ фырттӕ куы сбирӕ уой, уӕддӕр – карды комӕн+.Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн хӕринаг нӕ фаг кӕндзӕн. 15  Удӕгасӕй ма сӕ чи баззайа, уыдоны баныгӕндзысты, фыдниз куы сыста, уӕд,Ӕмӕ сӕ идӕдзтӕ кӕугӕ дӕр нӕ кӕндзысты+. 16  Рыгау бирӕ ӕвзист куы ӕрӕмбырд кӕна,Ӕлыгау бирӕ дарӕс куы ’рцӕттӕ кӕна, 17  Уӕд, цы ’рцӕттӕ кодта, уый йӕ уӕлӕ скӕндзӕн рӕстгӕнӕг+,Ӕмӕ йын ӕнаххос адӕм йе ’взист байуардзысты. 18  Рӕмпӕгау сарӕзта йӕ хӕдзар,Хъалагъур кӕй саразы, ахӕм халагъудау+. 19  Хъӕздыгӕй схуысдзӕн, фӕлӕ йӕ тыллӕг карст не ’рцӕудзӕн,Йӕ цӕстытӕ байгом кӕндзӕн – ӕмӕ йӕм ницыуал ис+. 20  Бӕллӕхтӕ йӕ дӕттау ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ быны фӕкӕндзысты+,Ӕхсӕвы йӕ тыхджын дымгӕ аскъӕфдзӕн. 21  Скӕсӕйнаг дымгӕ йӕ фелвасдзӕн+, ӕмӕ лӕг ӕрбайсӕфдзӕн,Дымгӕ йӕ йӕ бынатӕй ахӕсдзӕн+. 22  Йӕхи йыл ныццӕвдзӕн ӕмӕ йын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+,Ӕмӕ дзы уый алидзыныл архайдзӕн+. 23  Адӕм ын мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд кӕндзысты+Ӕмӕ йыл сӕ бынатӕй ӕхситт кӕндзысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕс Иов 2:3, фип.