Иов 30:1—31
30 Ныр та мыл худынц+,Мӕхицӕй кӕстӕр чи у, уыдон+.Ӕз сын сӕ фыдӕлты, мӕ фос мын чи хъахъхъӕны,Уыцы куыйтӕм хӕстӕг дӕр нӕ бауагътаин.
2 Сӕ къухты хъаруйӕ мын цы пайда уыди?Тых дӕр сӕм нал ис+.
3 Фырмӕгуырӕй ӕмӕ фырӕххормагӕй сты ӕрдӕгмард,Ӕхсынынц ӕнӕдон зӕхх+ –Знон тыхдымгӕ кӕм рацыд ӕмӕ кӕм ницыуал баззад, уыцы зӕхх.
4 Уыдон къутӕрты ’хсӕн ӕмбырд кодтой цӕхджын кӕрдӕг,Хордтой къутӕрбӕласы уидӕгтӕ.
5 Адӕм сӕ се ’хсӕнӕй фӕтӕрынц+,Цыма давджытӕ сты, уыйау сыл фӕхъӕр кӕнынц.
6 Уыдон цӕрынц дӕлвӕзты фӕрстыл,Хуыккӕмтты ӕмӕ къӕдзӕхты ’хсӕн.
7 Къутӕрты ’хсӕнӕй фӕцӕуы сӕ ниуын,Пысыраты бын сӕхи кӕрӕдзимӕ нылхъивынц.
8 Уыдон сты ӕнӕзонды фырттӕ+, ӕнӕном лӕджы фырттӕ,Сӕ бӕстӕйӕ сӕ ехсӕй фӕсырдтой.
9 Ӕмӕ мыл ныр уыдон зарджытӕ скодтой+,Се ’мбисӕндты дзуринаг фӕдӕн+.
10 Ӕлгъ мыл кӕнынц, сӕхи мӕ дард ласынц+,Ӕмӕ мын мӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын ӕфсӕрмы дӕр нӕ кӕнынц+.
11 Хуыцау мын ме ’рдыны бос суӕгъд кодта ӕмӕ мӕ сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кӕнын райдыдта,Ӕмӕ уыдон мӕ разы сӕ рохтӕ суагътой.
12 Уыдон, фыдгӕнджыты байзӕддаг, мӕ рахиз фарс слӕууыдысты,Мӕ къӕхтӕ мын суӕгъд кодтой,Фӕлӕ мын мӕ фӕндаг ӕхгӕдтой, цӕмӕй бабын уыдаин+.
13 Мӕ фӕндӕгтӕ мын фехӕлдтой,Фыдбылыз йеддӕмӕ мын ницы ӕрхастой+,Ӕмӕ сӕ ӕххуысгӕнӕг дӕр нӕ хъуыд.
14 Цыма стыр хуынкъыл ӕрбахызтысты, уыйау мӕ разы ӕрбалӕууыдысты,Тыхдымгӕимӕ ӕрбабырстой.
15 Ӕнӕнхъӕлӕджы мыл бӕллӕхтӕ ныккалдысты.Мӕ кад мын цыма дымгӕ ахаста, уыйау фӕцыдӕр,Мӕ ирвӕзындзинад мигъау ӕрбайсӕфт.
16 Ӕмӕ ныр мӕ царды зынг фӕхуыссы+,Фыдбонты+ хай фӕдӕн.
17 Ӕхсӕв мын цыма исчи ме стджытӕ+ хуынкъ кӕны ӕмӕ къӕртгай хауынц, афтӕ вӕййын,Мӕ рыстытӕ мӕ удхарӕй марынц, ӕппындӕр не ’нцайынц+.
18 Мӕ низ афтӕ тыхджын у, ӕмӕ мӕ дарӕс* фендӕрхуызон,Мӕ даргъ дарӕсы ӕфцӕгготау мӕ ӕрбалхъывта.
19 Ӕлыгмӕ мӕ ӕрӕппӕрста,Цӕмӕй рыг ӕмӕ фӕнычы хуызӕн суон.
20 Ӕз дӕм ӕххуысмӕ сидын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс+,Лӕууын, цӕмӕй мӕм де ’ргом раздахай.
21 Дӕ зӕрдӕйы ахаст мӕм аивтай ӕмӕ мын тӕригъӕд нал зоныс+,Маст мӕм хӕссыс ӕмӕ мемӕ тох кӕныс дӕ къухы ӕппӕт тыхӕй.
22 Дымгӕйӕн мӕ сисын кӕныс, ӕмӕ мӕ фӕцӕйскъӕфы,Стӕй мӕ тыхджын дымгӕйы ӕрбайсафыс.
23 Ӕз ӕй зонын, фӕстӕмӕ мӕ мӕлӕты хай кӕй бакӕндзынӕ+,Удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕм фембӕлдзысты, уыцы хӕдзармӕ мӕ аздахдзынӕ.
24 Фӕлӕ хӕлддзӕгты цӕндмӕ йӕ къух ничи исы+.Адӕймаг сӕфты къахыл ныллӕууыд, ӕмӕ йын йӕ зын сахат ӕххуысмӕ дӕр ничи сиды.
25 Ӕз-иу фӕкуыдтон, йӕ цард уӕззау кӕмӕн уыд, уыдоныл+,Мӕ зӕрдӕ рыст мӕгуыр адӕймагыл+.
26 Ӕнхъӕлмӕ кастӕн хорздзинадмӕ, фӕлӕ мӕнӕ – ӕвзӕрдзинад+.Ӕнхъӕлмӕ кастӕн рухсмӕ, фӕлӕ мӕнӕ – саудалынг.
27 Мӕ хуылф ссыгъд ӕмӕ ӕнцад нал лӕууыд.Фыдбонтӕ мыл скодта.
28 Ӕнкъардӕй+ рацу-бацу кодтон, хуры рухс мӕм нӕ калд.Ӕмбырды астӕу сыстадтӕн, ӕххуысмӕ сидтӕн.
29 Ӕз сдӕн хъӕддаг куыйтӕн се ’фсымӕрӔмӕ страусы чызджытӕн се ’мбал+.
30 Мӕ царм ныссау+ ӕмӕ лӕбыры,Ме стджытӕ ныххус сты ӕмӕ судзынц.
31 Ӕмӕ ныр мӕ дыууадӕстӕнон фӕндыр цӕгъды, хъыг чи кӕны, ӕрмӕст уыдонӕн,Мӕ уадындз цӕгъды хъарӕггӕнджытӕн.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ӕвӕц., амоны йӕ царммӕ.