Иов 31:1—40
31 Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд+.Ӕмӕ ма уӕд чызджытӕм куыд хъуамӕ кастаин?+
2 Уӕлейӕ чи ис, уыцы Хуыцау мын цы хай ӕрцӕттӕ кодта?+Кӕнӕ мын бӕрзондылбадӕг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау бынӕн цы ратдзӕн?
3 Ӕвзӕргӕнӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы бӕллӕх+,Фыдгӕнӕгмӕ – ӕнамонд хабӕрттӕ.
4 Исты мын уый мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны?+Мӕ къахдзӕфтӕ мын иууылдӕр нӕ нымайы?
5 Кӕд мӕнгард адӕмимӕ лымӕн кодтон+,Кӕд мӕ къах искӕй асайынмӕ тагъд кӕны+,
6 Уӕд мӕ Хуыцау раст барӕнтыл сбардзӕн+Ӕмӕ йӕ базондзӕн, иузӕрдион* кӕй дӕн+.
7 Кӕд мӕ фӕндагӕй иуырдӕм дӕр акъахдзӕф кодтон+Кӕнӕ мӕ зӕрдӕ мӕ цӕстыты фӕдыл цӕуы+,Кӕд мӕ къухтӕ ӕвзӕрдзинадыл ныххӕцыдысты+,
8 Уӕд уадз ӕмӕ ӕз мыггаг тауон, цы ’рзайа, уый та ӕндӕр исчи хӕрӕд+,Ӕмӕ мӕ байзӕддӕгтӕ быныскъуыд фӕуӕнт.
9 Кӕд искуы мӕ зӕрдӕ сылгоймагмӕ бахъазыд+Ӕмӕ ме ’мбалы хӕдзары бахизӕны раз ӕрӕмбӕхстӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн+,
10 Уӕд мӕ ус мӕнӕу ссӕд ӕндӕр нӕлгоймагӕнӔмӕ ӕндӕр нӕлгоймӕгтимӕ баиу кӕнӕд йӕ уат+.
11 Уымӕн ӕмӕ уыдон уыдаиккой хӕлд митӕ,Тӕрхонгӕнджытӕн ӕвзаринаг фыдракӕнд+.
12 Уый уаид, бӕстӕ чи басудзид, ахӕм арт+,Цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕй уидаг дӕр нӕ ныууадзид.
13 Кӕд искуы афтӕ уыд, ӕмӕ мыл мӕ цагъар-нӕлгоймаг кӕнӕ мӕ цагъар-сылгоймаг хъаст кодта,Фӕлӕ мӕн йӕ хъуыддаг равзарын нӕ бафӕндыд,
14 Уӕд мӕхӕдӕг та куыд кӕндзынӕн, Хуыцау мӕ ныхмӕ куы сыста, уӕд?Дзуапп мӕ куы ’рдома, уӕд ын цы зӕгъдзынӕн?+
15 Мӕн мӕ мады гуыбыны чи сфӕлдыста, уый дӕр Уый не сфӕлдыста?+Нӕ дыууӕйы дӕр нӕ мадӕлты хуылфы Уый не скодта?
16 Кӕд мӕгуыр адӕймагӕн, цы йӕ хъуыд, уый нӕ лӕвӕрдтон+Ӕмӕ-иу идӕдзы цӕстытӕ мӕн аххосӕй ӕрӕнкъард сты+,
17 Кӕд мӕ къӕбӕр иунӕгӕй хордтон,Сидзӕрӕн та-иу дзы нӕ радтон+,–
18 Афтӕмӕй та уый мӕ разы схъомыл, уыдтӕн ын фыды бӕсты,Ӕмӕ мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кодтон идӕдзтӕн,–
19 Кӕд-иу федтон, ӕмӕ кӕмӕндӕр, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый нӕй ӕмӕ уазалӕй мӕлы+,Кӕнӕ мӕгуырӕн, йӕхи цӕмӕй бамбӕрза, уый нӕй,
20 Кӕд мын мӕгуыр нӕ арфӕ кодта+Ӕмӕ-иу йӕхи мӕ уӕрыччыты къуымбилӕй+ не схъарм кодта,
21 Кӕд сидзӕрмӕ мӕ къух ӕртхъирӕнгӕнӕджы тылд кодтон+,Афтӕмӕй та йӕ хъуыди ме ’ххуыс кулдуары раз+,
22 Уӕд ме уӕн ме уӕхскӕй рахауӕдӔмӕ мӕ цонг ме уӕхсчы стӕгӕй фӕхицӕн уӕд.
23 Ӕз тарстӕн, Хуыцау мӕ бӕллӕхы хай куы бакӕна,Ӕмӕ йӕ кады+ раз фидар фӕлӕууын мӕ бон нӕ бауыдаид.
24 Кӕд мӕ зӕрдӕ сызгъӕриныл дардтон,Кӕд сызгъӕринӕн дзырдтон: „Дӕуӕй дӕн ныфсджын!“+,
25 Кӕд, бирӕ мулк мӕм кӕй ис+,Мӕ къух бирӕ цыдӕртӕ кӕй самал кодта, ууыл цин кодтон+,
26 Рухс куыд ӕрттивы, уымӕ-иу куы кастӕн,Кӕнӕ, диссаджы рӕсугъд мӕй куыд ленк кӕны, уымӕ+,
27 Уӕд-иу мын кӕд мӕ зӕрдӕ сӕхимӕ аскъӕфтой+Ӕмӕ-иу сын мӕ армытъӕпӕнӕй пъатӕ ӕрвыстон,
28 Уӕд уый дӕр уыдаид тӕрхонгӕнджытӕн ӕвзаринаг фыдракӕнд,Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕз мӕ къух систаин, уӕлейӕ чи ис, уыцы ӕцӕг Хуыцауыл.
29 Кӕд, йе сӕфт мӕ чи уыдта, уый сӕфтыл цин кодтон+Кӕнӕ йыл фыдбылыз кӕй ӕрцыд, ууыл цинӕй мардтӕн –
30 Фӕлӕ ӕз ме ’взагӕн уый бар нӕ лӕвӕрдтон, цӕмӕй тӕригъӕд ракодтаид,Никуы йӕ ралгъыстон+.
31 Кӕд мӕ цатыры нӕ дзырдтой:„Ахӕм адӕймаг ис, йӕ къӕбӕрӕй йын чи нӕ бахордта?“+ –
32 Фӕлӕ ӕрцӕуӕггаг ӕхсӕв уынджы никуы баззад+,Мӕ дуар фӕндаггонӕн алкӕддӕр уыди гом.
33 Кӕд ӕз, зӕххон адӕймаг, искуы мӕ фыдракӕндтӕ басусӕг кодтон+,Мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ роны* бамбӕхстон –
34 Адӕмӕй кӕй тӕрсынКӕнӕ мыл кӕй худдзысты, уый мыл тас кӕй ӕфтауы, уый тыххӕй,Уӕд хъусӕй лӕууыдаин, мӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ нӕ хызтаин.
35 Тӕхуды, ӕмӕ мӕм исчи куы байхъусид+,Мӕ къухфыстмӕ гӕсгӕ мын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау йӕхӕдӕг дзуапп куы раттид!+Кӕнӕ мыл чи бахъаст кодта, уый гӕххӕтт куы скӕнид!
36 Уӕд уыцы гӕххӕтт ме уӕхскыл хӕссин,Мӕ уӕлӕ-иу ӕй рӕсугъд кадыхудау ӕркӕнин.
37 Хуыцауӕн мӕ алы къахдзӕфы тыххӕй дӕр зӕгъин+,Хицауы цыд ӕм бакӕнин.
38 Кӕд мыл мӕ зӕхх хъаст кодта ӕмӕ ӕххуысмӕ дзынӕзта,Кӕд йӕ хӕххытӕ иууылдӕр ӕрдиаг кодтой,
39 Кӕд ын йӕ тыллӕг лӕвар хордтон+Ӕмӕ-иу ын йӕ хицӕуттӕн смаст кодтон+,
40 Уӕд мын мӕнӕуы бӕсты сзайӕд сындзытӕ+,Хъӕбӕрхоры бӕсты – смаггӕнаг хӕмпӕлгӕрдӕг».Ууыл Иовы ныхӕстӕ фесты.