Иов 32:1—22
32 Ӕмӕ уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы Иовӕн дзуапп нал лӕвӕрдтой, уымӕн ӕмӕ Иов йӕхи цӕсты раст уыд+.
2 Фӕлӕ уӕд Елиуй, Арамы мыггагӕй Вузы+ байзӕддаг Варахиилы фырт, мӕстӕй рафыхт. Иовмӕ йӕ маст рафыхт, Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи кӕй хуыдта раст, уый тыххӕй+.
3 Йӕ маст рафыхт Иовы ӕртӕ ӕмбалмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ йын, цавӕр дзуапп хъуыди раттын, ахӕм дзуапп нӕ радтой, фӕлӕ Хуыцауы аххосджын кодтой+.
4 Елиуй ӕнхъӕлмӕ каст, Иовӕн йӕ ныхас кӕд зӕгъдзӕн, уымӕ, уымӕн ӕмӕ дзы уыдон хистӕр уыдысты+.
5 Ӕмӕ куы федта, уыцы ӕртӕ нӕлгоймагӕн сӕ бон дзуапп раттын кӕй нӕу+, уӕд йӕ маст ноджы тынгдӕр рафыхт.
6 Уӕд Вузы байзӕддаг Варахиилы фырт Елиуй дзурын райдыдта ӕмӕ загъта:«Ӕз ӕрыгон дӕн,Сымахыл та цӕуы бирӕ азтӕ+.Ӕмӕ уый тыххӕй лӕууыдтӕн ӕнцад, уый тыххӕй нӕ уӕндыдтӕн,Цӕмӕй, цы зонын, уый уын зӕгъон.
7 Ӕз загътон: „Уадз ӕмӕ бонтӕ дзурӕнтӔмӕ азтӕ раргом кӕнӕнт зонд“+.
8 Хуыцау зӕххон адӕмы кӕмӕй хайджын кӕны, уыцы тыхӔмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы улӕфт дӕттынц зӕххон адӕмӕн ӕмбарындзинад+.
9 Бирӕ кӕуыл цӕуы, зондджын ӕрмӕст уыдон не сты+,Кӕнӕ, раст тӕрхон кӕнын куыд хъӕуы, уый ӕрмӕст зӕрӕдтӕ нӕ зонынц+.
10 Ӕмӕ уый тыххӕй зӕгъын: „Байхъусут мӕм.Ӕз дӕр, цы зонын, уый зӕгъдзынӕн“.
11 Ӕз ӕнхъӕлмӕ кастӕн уӕ ныхӕстӕм,Лӕмбынӕг хъуыстон, цы дзырдтат, уымӕ+.Цалынмӕ, цы зӕгъат, ууыл хъуыды кодтат, уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн.
12 Мӕ хъус уӕм дардтон,Фӕлӕ уӕ иу дӕр Иовӕн нӕ бауайдзӕф кодта,Иу дӕр ын йӕ ныхӕстӕн дзуапп нӕ радта.
13 Уӕдӕ афтӕ ма зӕгъут: „Мах ссардтам зонд+.Уайдзӕф ын Хуыцау кӕны, адӕймаг нӕ, фӕлӕ“.
14 Уый мӕ ныхмӕ нӕ дзырдта,Ӕмӕ йын ӕз дзуапп сымах ныхӕстӕй нӕ дӕтдзынӕн.
15 Кӕс-ма, фӕтарстысты ӕмӕ ницыуал дзурынц,Сӕ ныхӕстӕ сӕ фӕлыгъдысты.
16 Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын, фӕлӕ ныхъхъус сты,Хъусӕй лӕууыдысты, ницыуал дзырдтой.
17 Уӕдӕ ӕз дӕр зӕгъдзынӕн мӕ ныхас,Зӕгъдзынӕн, цы зонын, уый,
18 Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕгъинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты,Хуыцауы тых* мын дзурын кӕны+, мӕ мидӕг цы ис, уый.
19 Мӕ хуылф у ӕхгӕд сӕны хуызӕн,Ног лалымау фӕйнӕрдӕм тоны+.
20 Хъуамӕ мӕ зӕгъинӕгтӕ зӕгъон, цӕмӕй мын фенцондӕр уа.Зӕгъдзынӕн мӕ ныхас, дзуапп ратдзынӕн+.
21 Ӕз хъулон цӕстӕй никӕмӕ кӕсдзынӕн+Ӕмӕ зӕххон адӕймагӕн зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ нӕ кӕндзынӕн*+.
22 Уӕвгӕ, куыд хъуамӕ кӕнон зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ?Ме Скӕнӕг+ мӕ уайтагъд фесафид.