Иов 33:1—33
33 Ныр дӕ, Иов, курын, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус,Цыдӕриддӕр зӕгъон, уымӕ дӕ хъус ӕрдар.
2 Хъуамӕ мӕ ныхас зӕгъон,Ме ’взаг+ хъуамӕ зӕгъа йӕ зӕгъинӕгтӕ.
3 Ӕз мӕ ныхӕстӕ кӕнын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+,Мӕ дзыхӕй цӕуы зонды ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ дзурын ӕнӕхинӕй+.
4 Мӕн скодта Хуыцауы тых*+,Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы улӕфт мӕ бауагъта цард+.
5 Кӕд дӕ бон у, уӕд мын дзуапп ратт,Дӕ ныхӕстӕ ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕрлӕуу мӕ разы.
6 Ӕцӕг Хуыцауы цӕсты ды цы дӕ, ӕз дӕр йӕ цӕсты уый дӕн+.Ӕз дӕр ӕлыгӕй конд дӕн+.
7 Ницӕмӕй дӕ бауадздзынӕн тасӔмӕ дыл уӕззау уаргъ нӕ сӕвӕрдзынӕн+.
8 Ды мӕ разы дзырдтай,Ӕз дын фехъуыстон дӕ ныхӕстӕ:
9 „Ӕз сыгъдӕг дӕн, ницы фыддзинад ракодтон+,Ницы аххос мыл ис, ницӕмӕй фӕрӕдыдтӕн+.
10 Уый ссары ӕфсӕнттӕ, цӕмӕй мӕ ныхмӕ рацӕуа,Нымайы мӕ йе знагыл+.
11 Мӕ къӕхтӕ мын хъадаманты бакодта+,Кӕсы мын мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр“+.
12 Фӕлӕ дын ӕз зӕгъын: ам ды раст нӕ дӕ+,Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕххон адӕймагӕй бирӕ уӕлдӕр у+.
13 Йемӕ цӕмӕн быцӕу кӕныс?+Мыййаг, уый тыххӕй, ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕй иуӕн дӕр дзуапп кӕй нӕ дӕтты?+
14 Хуыцау фӕзӕгъы иу хатт,Дыууӕ хатты+ – кӕд ӕй ничи ницӕмӕ ӕрдары, уӕддӕр –
15 Фыны+, ӕхсӕвы цӕстылуайӕны+,Адӕм тарф фынӕй куы бавӕййынц,Сӕ хуыссӕнтыл куы афынӕй вӕййынц, уӕд+.
16 Уӕд сын бакӕны сӕ хъустӕ+,Цы фӕдзӕхст сын ратты, ууыл йӕ мыхуыр ӕрӕвӕры,
17 Цӕмӕй адӕймаджы цавӕрдӕр хъуыддагӕй бахиза+,Цӕмӕй йӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй бахъахъхъӕна+.
18 Уый йын йӕ уд ингӕнӕй хъахъхъӕны+,Хъахъхъӕны йӕ, цӕмӕй йын фат йӕ цард ма аскъуына+.
19 Ӕмӕ йын йӕ хуыссӕныл йӕ рыстытӕ уайдзӕф кӕнынц,Йе стджыты рыст не ’нцайы.
20 Ахӕм цардӕй йын йӕ къӕбӕр дӕр сӕнад вӕййы+,Йӕ удӕн сӕнад вӕййы, кӕй уарзы, уыцы хӕринаг дӕр.
21 Йӕ буар батайы, ницыуал дзы баззайы,Йе стджытӕ разынынц.
22 Ӕмӕ йӕ уд ӕрлӕууы ингӕны был+,Йӕ цард бахӕстӕг вӕййы, тӕссаг ын кӕмӕй у, уыдонмӕ.
23 Кӕд ын ис минӕвар,Ӕхсӕны лӕг, минӕй иу,Адӕймагӕн, раст цы у, уый чи зӕгъа,
24 Уӕд ӕм Хуыцау хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн:„Фервӕзын ӕй кӕн, ма йӕ бауадз ингӕнмӕ ныххизын!+Ӕз ссардтон, цӕмӕй йӕ балхӕнон, уый*!+
25 Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд+,Уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд“+.
26 Уый Хуыцауӕн йӕ хорзӕхы тыххӕй балӕгъстӕ кӕндзӕн+,Ӕмӕ йын йӕ цӕсгом фендзӕн ӕмӕ фырцинӕй ныхъхъӕр кӕндзӕн,Ӕмӕ Уый йӕ рӕстдзинад зӕххон адӕймагмӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн.
27 Уый адӕмы раз зардзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн:„Ӕз тӕригъӕд ракодтон+ ӕмӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон,Фӕлӕ мын не ’мбӕлди афтӕ кӕнын.
28 Уый мын мӕ уд фервӕзын кодта, нӕ йӕ бауагъта ингӕнмӕ ныххизын+,Ӕмӕ мӕ цард фендзӕн рухс“.
29 Ӕппӕт адӕттӕ Хуыцау аразыАдӕймаджы тыххӕй, дыууӕ хатты дӕр ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр,
30 Цӕмӕй йын йӕ уд ингӕнӕй фервӕзын кӕна+Ӕмӕ йӕм царды рухс ракӕла+.
31 Дзӕбӕх мӕм байхъус, Иов!Ӕнцад байхъус, ӕз дарддӕр дзурдзынӕн.
32 Кӕд мын исты зӕгъинаг дӕ, уӕд ӕй зӕгъ,Дзур, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕстдзинадӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕны.
33 Кӕд нӕ, уӕд та мӕнмӕ байхъус+.Ӕнцад байхъус, ӕз дын бацамондзынӕн зонд».