Иов 36:1—33
36 Елиуй йӕ ныхас дарддӕр кодта:
2 «Иу гыццыл мын бабыхс, ӕмӕ дын ӕз раргом кӕндзынӕн,Нырма Хуыцауы сӕрыл бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис зӕгъӕн.
3 Цы зонын, уыдон лыстӕггай фӕдзурдзынӕн,Ӕмӕ ме Скӕнӕджы схондзынӕн рӕстгӕнӕг+.
4 Мӕ ныхӕстӕ мӕнг не сты –Ӕппӕт дӕр чи зоны+, Уый дӕ разы ис.
5 Хуыцау у хъомысджын+ ӕмӕ адӕймагыл йӕ къух нӕ сисдзӕн,Уый у стыр зонды хицау.
6 Уый фыдгӕнджытӕй иуы дӕр удӕгасӕй нӕ ныууадздзӕн+,Ӕфхӕрд чи у, уыдонӕн сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзардзӕн+.
7 Уый рӕстгӕнӕгӕй йӕ цӕст нӕ айсдзӕн+.Паддзӕхты сӕ паддзахбадӕнтыл+Ӕнустӕм сбадын кӕндзӕн, ӕмӕ сбӕрзонд уыдзысты.
8 Кӕд адӕмыл хъадамантӕ конд ис+Ӕмӕ баст сты хъизӕмӕртты бӕндӕнтӕй,
9 Уӕд сын зӕгъдзӕн сӕ хъуыддӕгты тыххӕйӔмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ схъал сты.
10 Уый сын сӕ хъус бакӕндзӕн+, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхст фехъусой,Ӕмӕ сын зӕгъдзӕн, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзой+.
11 Куы байхъусой ӕмӕ йын куы лӕггад кӕной,Уӕд сӕ царды бонты кӕрон уыдзӕн фӕрнджын,Сӕ азты кӕрон – зӕрдӕрухс+.
12 Фӕлӕ куы нӕ байхъусой, уӕд сын сӕ цард фат+ аскъуындзӕн+,Амӕлдзысты, ницы базондзысты, афтӕмӕй.
13 Хуыцауы чи ныууагъта, уыдоны йӕ фыдӕх баййафдзӕн+.Ӕмӕ сӕ куы сбӕтта, уӕд ӕххуысмӕ нӕ сиддзысты.
14 Уыдон* амӕлдзысты ӕрыгонӕй+,Сӕ цардӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн хӕтаг нӕлгоймӕгтимӕ*+.
15 Уый ӕфхӕрд адӕмы ӕфхӕрдӕй фервӕзын кӕндзӕн,Куы сӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ хъус бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фехъусой.
16 Уый дӕ фыдбылызы дзыхӕй фервӕзын кӕндзӕн!+Ӕмӕ уый бӕсты уыдзынӕ уӕрӕх+ бынаты, уынгӕг дын нал уыдзӕн,Зӕрдӕ цӕмӕй сабыр кӕны, уыдӕттӕ дӕ фынгыл сойджын хӕринӕгтау парахатӕй уыдзысты+.
17 Фыдгӕнӕгӕн цы тӕрхон ӕрцӕуа хаст+, уымӕй райгондӕй баззайдзынӕ,Тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинад фӕуӕлахиз уыдзысты.
18 Дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕ масты+ фӕдыл ма ацӕуай ӕмӕ мӕстӕймарӕн ӕмдзӕгъд ма кӕнай.Стыр гӕртам*+ дӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд.
19 Ӕххуысмӕ куы сидай, уӕд дӕ исчи фехъусдзӕн?+ Ничи, ӕмӕ тыхст уавӕры куы уай,Уӕд цыфӕнды ма кӕнай, уӕддӕр дын ницы баххуыс кӕндзӕн+.
20 Ма бӕлл ӕхсӕвмӕ,Адӕмтӕ, кӕм сты, уырдыгӕй фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхой, уыцы ’хсӕвмӕ.
21 Дӕхи хъахъхъӕн, фыддзинадыл ма бафт+,Уымӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынӕй уый фылдӕр цӕуы дӕ зӕрдӕмӕ+.
22 Хуыцау йӕ тыхӕй куыд архайы, уый диссаг у.Уый хуызӕн зондамонӕг ма искуы ис?
23 Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзы дзуапп чи ’рдомдта?+Чи йын загъта, раст нӕ бакодтай, зӕгъгӕ?+
24 Рох дӕ ма уӕд: хъуамӕ йӕ кадджын кӕнай йӕ хъуыддӕгты тыххӕй+,Адӕм сӕ зарджыты кӕуыл фӕзарынц, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй+.
25 Адӕм сӕм иууылдӕр фӕлгӕсынц,Зӕххон адӕймаг сӕм дардӕй кӕсы+.
26 Хуыцау куыд бӕрзонд у, ууыл зонд не ’ххӕссы+.Йӕ азтӕн нымӕц нӕй+.
27 Уый доны ӕртӕхтӕ хӕрдмӕ сисы+,Уыдон бынмӕ ӕрхъарынц ӕмӕ дзы рауайы къӕвда ӕмӕ мигъ.
28 Ӕмӕ мигътӕй фӕтӕдзы дон+,Адӕмыл парахатӕй къӕвда ныккалынц.
29 Кӕй бон у бамбарын, мигътӕ куыд ныххал вӕййынцӔмӕ йӕ цатырӕй цы гыбар-гыбур фӕцӕуы, уый?+
30 Уый йӕ сӕрмӕ айтыгъта йӕ рухс+,Денджызӕн йӕ бын бамбӕрзта.
31 Уыдоны фӕрцы адӕмы сӕрыл рахӕцы+,Хӕринаг сын парахатӕй ратты+.
32 Уый йӕ къухты ’хсӕн бамбӕхста арвӕрттывд,Бардзырд ын ратты, цӕмӕй знаджы ныццӕва+.
33 Хуыцауы нӕрын+ хъусын кӕны Хуыцауы тыххӕй,Ӕмӕ фос дӕр ӕргом кӕнынц, кӕй ӕрбацӕуы, уый.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Сӕ уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «нӕлгоймӕгтӕ кувӕндоны ӕмуат кӕимӕ ӕрцӕуынц, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ».
^ Кӕнӕ «ахӕсты аргъ».