Иов 37:1—24

37  Ӕмӕ уый фехъусгӕйӕ мӕ зӕрдӕ барызт+,Йӕ бынатӕй ӕддӕмӕ тоны.   Байхъусут-ма, йӕ хъӕлӕс куыд нӕры+,Йӕ хъӕлӕсы гыбар-гыбур куыд хъуысы, уымӕ.   Ӕгас арвы бын ӕй йӕхи бар ауадзы,Ӕмӕ йӕ арвӕрттывдӕй+ зӕхх суанг йӕ кӕрӕтты онг ныррухс вӕййы.   Уый фӕстӕ арв ныггыбар-гыбур кӕны.Йӕ кад+ арвау нӕры+,Ӕмӕ йӕ хъӕлӕс куы айзӕлы, уӕд арвӕрттывдтытӕ нӕ бауромы+.   Хуыцауы хъӕлӕс куы ныннӕры+, уӕд уый вӕййы диссаг.Уый аразы, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм диссаджы хъуыддӕгтӕ+.   Митӕн фӕзӕгъы, зӕхмӕ ӕруар+, зӕгъгӕ.Афтӕ фӕзӕгъы тӕрккъӕвдайӕн дӕр, йӕ тыхджын тӕрккъӕвдайӕн+.   Алы адӕймаджы къухыл дӕр сӕвӕры мыхуыр,Цӕмӕй йын алы зӕххон адӕймаг дӕр йӕ хъуыддӕгтӕ зона.   Хъӕддаг сырд йӕ бынаты ӕрӕмбӕхсы,Цӕры йе ’мбӕхсӕн бынӕтты+.   Мидӕггаг уатӕй рацӕуы тыхджын дымгӕ+,Цӕгатаг дымгӕтӕ уазал ӕрбахӕссынц+. 10  Хуыцауы улӕфтӕй райгуыры их+Ӕмӕ ӕнӕкӕрон дӕттӕ ныссӕлынц+. 11  Мигътӕ донӕй байдзаг кӕны ӕмӕ ӕруӕззау вӕййынц,Йӕ рухс+ алырдӕмты мигътӕ фӕсуры. 12  Уый сӕ здахы, ӕмӕ уыдон фӕзилынц, цӕмӕй сӕ куыст кӕной,Зӕххы сӕрмӕ сӕ кӕдӕмфӕнды ма арвита+, уым. 13  Мигъты руаджы уый ӕфхӕргӕ+ дӕр кӕны, зӕхх дӕр ӕфсады+Ӕмӕ йе ’нувыд уарзт+ дӕр ӕвдисы. 14  Иов, адӕттӕм дӕ хъус ӕрдар,Иу гыццыл ӕрлӕуу ӕмӕ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн+. 15  Зоныс ӕй, Хуыцау сын сӕ хӕстӕ сӕ бар кӕд бакодта+Ӕмӕ рухсӕн бардзырд кӕд радта, цӕмӕй йӕ мигъты ’хсӕнӕй ракӕла? 16  Зоныс ӕй, мигътӕ арвыл куыд фӕцӕйленк кӕнынц?+Зоныс, ӕппӕтдӕр чи зоны, Уымӕн йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ?+ 17  Хуссарӕй куы радымы ӕмӕ зӕхх куы ныссабыр вӕййы,Уӕд дӕ дарӕс цӕмӕй стӕвд вӕййы?+ 18  Уыйау дӕуӕн дӕр дӕ бон у арв нытътъӕпӕн кӕнын+,Згъӕр куыд нытътъӕпӕн кӕнынц ӕмӕ дзы кӕсӕн куыд скӕнынц, афтӕ? 19  Зӕгъ нын, цы йын хъуамӕ зӕгъӕм, уый,Талынджы тыххӕй нӕ бон ныхӕстӕ ссарын нӕу. 20  Цыдӕр зӕгъын мӕ кӕй фӕнды, уый йын дзурын хъӕуы?Исчи загъта, зӕгъгӕ йын уыдӕттӕ фӕхабар кӕндзысты?+ 21  Арв мигътӕй ӕхгӕд куы вӕййы, уӕд адӕм рухс нӕ фӕуынынц.Фӕлӕ дымгӕ рацӕуы ӕмӕ арв асыгъдӕг кӕны,Ӕмӕ ирд рухс ракӕлы. 22  Цӕгатӕй цы ’рбацӕуы, уый сызгъӕринау цӕхӕртӕ калы.Хуыцауы кад+ адӕймагыл ӕфтауы тас. 23  Мах Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы кӕронмӕ нӕ базыдтам+.Уымӕн йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй+,Уый раст тӕрхонмӕ+ ӕмӕ ӕнӕкӕрон рӕстдзинадмӕ+ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн+. 24  Уӕдӕ дзы адӕм иууылдӕр тӕрсӕнт+.Хуыцау нӕ уарзы, йӕхимӕ зондджын чи кӕсы, уыдоны»+.

Фиппаинӕгтӕ