Иов 38:1—41

38  Уӕд Йегъовӕ Иовмӕ тыхдымгӕйы+ астӕуӕй дзурын райдыдта ӕмӕ йын загъта:   «Уый мын чи зыгъуыммӕ кӕны мӕ фӕндӔнӕмбаргӕ ныхӕстӕй?+   Тыхджын лӕгау-ма дӕ астӕу ӕрбалвас,Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ды та мын дзуапп дӕтт+.   Зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд кӕм уыдтӕ?+Зӕгъ мын ӕй, кӕд ӕй зоныс, уӕд.   Цӕйас хъуамӕ уыдаид, уый чи сбӕрӕг кодта? Зоныс ӕй?Кӕнӕ йыл барӕн бӕндӕн чи айвӕзта?   Йӕ бындуртӕ цӕуыл фидаргонд сты+Ӕмӕ йын йӕ фисыны дур чи сӕвӕрдта,   Сӕууон стъалытӕ+ иумӕ фырцинӕй куы зарыдысты,Хуыцауы фырттӕ+ иууылдӕр фырцинӕй куы хъӕр кодтой, уӕд?   Денджызӕн йӕ фӕндагыл дуӕрттӕ чи сӕвӕрдта?+Уый ӕддӕмӕ бырста, сывӕллон мады хуылфӕй ӕддӕмӕ куыд бырса, афтӕ.   Ӕз ыл мигътӕ скодтон,Саудалынджы йӕ батыхтон. 10  Закъӕттӕ йын сфидар кодтон,Дуарӕхгӕнӕн ын скодтон ӕмӕ йын дуӕрттӕ сӕвӕрдтон+ 11  Ӕмӕ йын загътон: „Айонг дӕ бон у ӕрбацӕуын, фӕлӕ амӕй дарддӕр нӕ+.Ам ис арӕн дӕ хъал уылӕнтӕн“+. 12  Цӕрӕнбонты райсомы рухсӕн искуы бардзырд раттай?+Искуы сӕуӕхсидӕн йӕ бынат бацамыдтай, 13  Цӕмӕй зӕххӕн йӕ кӕрӕттыл схӕцаӔмӕ йыл цы фыдгӕнджытӕ ис, уыдоны ӕрцӕгъда?+ 14  Ӕлыг мыхуыры бын куыд фӕивы+, афтӕ зӕхх фӕивы,Ӕмӕ алцыдӕр йӕ бынаты слӕууы, раст цыма сӕхиуыл сӕ дарӕс ӕрбакӕнынц, афтӕ. 15  Фыдгӕнджыты рухс ист ӕрцӕуы+,Ӕмӕ бӕрзонд ист цонгӕн йӕ хъару асӕтты+. 16  Денджызтӕ кӕм сӕвзӕрынц, уым искуы уыдтӕ?Кӕнӕ арф дӕттӕ+ басгарынмӕ искуы ацыдтӕ?+ 17  Мыййаг, мӕлӕты дуӕрттӕ+ ссардтай,Дӕ бон у саудалынджы+ дуар фенын? 18  Зӕххы фӕтӕнтӕ кӕуылты сты, уый дӕ зонд ахсы?+Кӕд ӕппӕт адӕттӕ базыдтай, уӕд мын сӕ зӕгъ. 19  Кӕм ис, рухсы цӕрӕнбынатмӕ чи цӕуы, уыцы фӕндаг?+Кӕм ис йӕ бынат талынгӕн? 20  Дӕ бон сӕ у сӕ арӕнтӕм фӕхӕццӕ кӕнын,Дӕ бон у, сӕ хӕдзӕрттӕм цы фӕндаг цӕуы, уый базонын? 21  Мыййаг сӕ уый тыххӕй зоныс, ӕмӕ уӕд райгуырдтӕ+Ӕмӕ дӕ царды бонтӕ бирӕ сты? 22  Искуы бацыдтӕ, миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уырдӕм?+Дӕ бон у ихы ӕвӕрӕнтӕ фенын?+ 23  Уыдон ӕз дарын бӕллӕхы бонмӕ,Тох ӕмӕ хӕсты бонмӕ+. 24  Кӕм ис, рухс цы фӕндагыл кӕлыКӕнӕ скӕсӕйнаг дымгӕ+ зӕххыл цы фӕндагыл зилы, уый? 25  Донӕн фӕд чи акодта,Чи скодта фӕндаг тӕрккъӕвдайы мигътӕн ӕмӕ арвнӕрдӕн+, 26  Цӕмӕй къӕвда ныууара, адӕймагӕн йӕ кой дӕр кӕм нӕй, уыцы зӕххыл+,Зӕххон лӕг кӕм нӕ цӕры, уыцы ӕдзӕрӕг быдырыл, 27  Цӕмӕй донӕй бафсада, тыхдымгӕ кӕм рацыд ӕмӕ кӕм ницыуал баззад, уыцы бынӕттӕӔмӕ дзы кӕрдӕг сзайын кӕна?+ 28  Зӕгъ-ма, къӕвдайӕн фыд ис?+Кӕнӕ ӕртӕхӕн цард чи ратты?+ 29  Их кӕй хуылфӕй рацӕуыӔмӕ ӕрвон халасӕн+ чи ратты цард? 30  Дӕттӕ нал фӕзынынц, цыма дуры бын фӕвӕййынц, афтӕ,Арф дӕттӕн сӕ цъар ныхъхъӕбӕр вӕййы+. 31  Дӕ бон у Кимы стъалыгуппары* бӕттӕнтӕ бабӕттынКӕнӕ Кесилы стъалыгуппары* бостӕ райхалын?+ 32  Дӕ бон у Маззароты стъалыгуппар* йӕ афоныл ракӕнынӔмӕ Асы стъалыгуппар* йӕ фырттимӕ акӕнын? 33  Арвӕн йӕ закъӕттӕ базыдтай+,Науӕд дӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй зӕххыл дӕр сӕ бар цӕуа? 34  Дӕ бон у мигътӕм фӕхъӕр кӕнын,Цӕмӕй уыйбӕрц дон ныууара, ӕмӕ дӕ ивылд дӕттӕ сӕ быны фӕкӕной?+ 35  Дӕ бон у арвӕрттывдтытӕ искуыдӕм арвитын, цӕмӕй сӕ куыст бакӕнынмӕ ацӕуойӔмӕ дӕм уый фӕстӕ ӕрбаздӕхой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ стӕм, зӕгъгӕ? 36  Мигъты зонд+ чи бавӕрдтаКӕнӕ, арвыл цы диссӕгтӕ вӕййы, уыдонӕн ӕмбарындзинад+ чи радта? 37  Кӕмӕ ис уыйбӕрц зонд, цӕмӕй мигътӕ банымайа?Кӕнӕ кӕй бон у, арвыл цы доны дурынтӕ ис, уыдон ӕркъул кӕнын?+ 38  Уӕд рыг лӕхъир цъыф фестыӔмӕ сыджыты къуыбӕрттӕ кӕрӕдзийыл баныхӕсынц. 39  Дӕ бон у домбайӕн амӕттаг ӕрцахсынКӕнӕ ӕнӕфсис ӕвзонг домбӕйтты бафсадын+, 40  Се ’мбӕхсӕн бынӕтты куы ’рбадынц+,Сӕ бынӕтты куы ’рхуыссынц ӕмӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсынц, уӕд? 41  Халонӕн* хӕринаг чи ’рцӕттӕ кӕны+,Йӕ лӕппынтӕ Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ куы фӕдзыназынц,Хӕринагагурӕг куы фӕразил-базил кӕнынц, уӕд?

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Иов 9:9, фип.
Кӕс Иов 9:9, фип.
Кӕцы стъалыгуппар у, уый ныр бӕрӕг нӕу.
Кӕс Иов 9:9, фип.
Комк. «Сынтӕн». Сау маргъ, халӕтты мыггагӕй.